Цæгат Ирыстоны сæйраг спортивон галуан «Манеж»-ы 23-24 октябры 40-æм хатт цыдысты нæ номдзыд богал, Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты уæлахиздзау, дунейы цыппар хатты чемпион АНДИАТЫ Сосланы номыл турниры ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй.
41 азы размæ ацы турнир арæзт æрцыд уæды Цæгат Ирыстоны хъæбысхæсты федерацийы сæргълæууæг Дойаты Хъазыбег æмæ йæ фарсмæ æрбалæуджыты фæндонæй. Турнир уæды рæстæгмæ гæсгæ ссис Æп- пæтцæдисон. Абон та кæд Æппæтуæрæсеон турнирыл нымад цæуы, уæддæр дзы æрвылаз фæархайынц æн- дæр бæстæты богæлттæ дæр. Афтæ рауад ацы аз дæр. Турниры цы 290 бога- лы ерыс кодтой, уыдон уы- дысты Уæрæсейы алы рæтты богæлттæй уæлдай Казахстаны, Азербайджаны, Абхазийы, Сомихы, Словакийы минæвæрттæ.
Турнир бæрæгбонхуызы гом кæнгæйæ, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз зæрдиаг арфæ ракодта турнирмæ æрбацæуæг уазджытæн, спортсментæн æмæ спортуарзджытæн. «Сослан йæ рæстæджы Ирыстоны богæлттæн фæндаг акъæртт кодта Олимпаг хъæзтыты æппæты бæрзонддæр уæлахизтæм. Уыди фыццаг ирон олимпаг чемпион. Уый ныфсы хос рауад нæ иннæ фæсивæдæн, æмæ абон Ирыстон сæрыстыр у нæ фæсивæды бирæ сгуыхтдзинæдтæй, куыд Олимпаг хъæзтыты, афтæ Европæйы æмæ дунеон чемпионатты дæр. Мæнæ та ныр дæр нæ сахъ лæппу Сидахъаты Зауырбег æмæ Уæрæсейы богæлттæ фесгуыхтысты дунеон чемпионаты Будапешты. Уый ууыл дзурæг у, æмæ Сослан æмæ нæ иннæ номдзыд богæлтты кад дарддæр чи хæсса, ахæм фæсивæдæй хъæздыг кæй стæм. Нæ арфæтæ нæ абоны уазджытæн се ‘ппæтæн дæр!» — загъта Тускъаты Таймураз.
Куыд алы аз, афтæ та ацы аз дæр турниры уазджытæ уыдысты Ирыстоны æмæ Уæрæсейы алы рæттæй æрцæуæг спорты номдзыд ветерантæ. Уыдонæн зæрдиаг арфæтæ ракодта Сосланы фырт Георги: «Абон мæ фыд кæд йæхæдæг Мæскуыйы ис йе ‘нæниздзинад кæй фæцудыдта, уый тыххæй, уæддæр йæ иузæрдион æмбæлттæ иууылдæр сты ам æмæ сын æз нæ бинонты номæй зæгъын стыр бузныг. Стыр бузныг зæгъын нæ республикæйы Физикон культурæ æмæ спорты министрады кусджытæн, сæ сæргъы Бæройты Хасан, афтæмæй, тренертæн, богæлттæн, республикæйы Хицауадæн. Уæлдай арфæйы аккаг у РЦИ-Аланийы алфамбылайы æрдз æмæ æрдзон фæрæзтæ хъахъхъæнынады министр Мами- аты Чермен. Уый ныр цалдæр азы йæхи хардзæй саразы турниры сæйраг лæвар — автомобиль уæззау уæзы фæуæлахизуæвæгæн».
Ерыстæ алы уæзы дæр рауадысты тынг цымыдисаг. Тыхджын богæлттæ æрбацыд Дзæуджыхъæумæ Дагестанæй, Саха-Якутийæ, Цæцæны Республикæйæ, Адыгейæ, Казахстанæй. Уыдон уæлдай æнтыстджынæй хæцыдысты 57,61,70,74,86,97 кг онг уæзты. Афтæ рауад æмæ 57 кг онг уæзы фыццаг цыппар бынаты дæр бацахстой нæ уазджытæ: 1 — Петр Константинов (Саха-Якутия), 2 — Рахим Гурдалиев (Адыгей), 3 — Ибрагим Хасиев (Цæцæны Республикæ) æмæ Шамиль Исаев (Дагестан). 61 кг онг уæзы 1-аг бынат бацахста Абасгаджи Магомедов (Дагестан), 2-аг бынатмæ рацыд Сабанты Алыксандр, 3-аг бынæттæ та бацахстой Ислам Базарганов (Дагестан) æмæ Ислам Межидов (Цæцæны Республикæ).
Ирыстойнаг богæлттæй фыццаг фесгуыхæг уыди Токаты Зауыр (65 кг), йæ фæстæ 2-аг бынат бацахста Сечъынаты Георги, 3-аг бынæттæм та рацыдысты Тауытты Чермен æмæ Майрбек Саидов (Цæцæны Республикæ).
70 кг онг уæзы дагестайнаг богæлттæ Гатимагомед Гаджиев, Абдул-Гаджи Магомедов æмæ Малик Хожиков бацахстой фыццаг æртæ бынаты. Ноджыдæр ма иу дагестайнаг богал Расул Арслан Алиев фæуæлахиз 74 кг онг уæзы. Йæ фæстæ 2-аг æмæ 3-аг бынæттæм рацыдысты ирыстойнаг бо- гæлттæ: Кудзойты Алан, Джиоты Дмитри æмæ Борыхъуаты Аслæнбег.
79 кг онг уæзы Уалыты Радик кæронбæттæны хъазуатон фембæлды фæуæлахиз дагестайнаг богал Аманула Гаджимагомедовыл æмæ бацахста 1-аг бынат. 3-аг бынæттæм та рацыдысты Зассеты Алан æмæ Ренат Апшев (Адыгей).
Дагестайнаг богал Ахмед Магомаев 86 кг онг уæзы кæронбæттæны фембæлды фæуæлахиз Наниты Славикыл æмæ бацахста фыццаг бынат, Хуыбаты Арсен æмæ Адам Анзоров (Цæцæны Республикæ) та рацыдысты 3-аг бынæттæм.
Къаддæр хъазуатон нæ рауадысты 92,97 æмæ 125 кг онг уæзы ерыстæ дæр.
92 кг онг уæзы фыццаг бынат æнæгуырысхойæ бацахста Гæззаты Батрадз, 2-аг бынатмæ рацыд Муслим Магомедов (Дагестан), 3-аг бынæттæ та бацахстой Чертыхъоты Давид æмæ Магомедхаджи Хатиев (Дагестан).
97 кг онг уæзы Коцты Знауыр кæронбæттæны хъазуатон тохы фæуæлахиз казахстайнаг тыхджын богал Омар Жуматыл æмæ бацахста фыццаг бынат, Джыккайты Таймураз æмæ Мæргъиты Рустем та рацыдысты 3-аг бынæттæм.
Тынг хъазуатон рауадысты 125 кг онг уæзы ерыстæ дæр. Ацы уæзы богæлттæ тох кодтой Андиаты Сосланы номыл сæйраг приз автомобиль «Лада-Приора» рамбулыныл дæр.
Æппынфæстаг кæронбæттæнмæ рацыдысты нæ фæлтæрдджын богал Байцаты Владислав æмæ æрыгон курдиатджын уæззаууæзон богал Теблойты Ацæмæз. Сæ фембæлд ахицæн Байцайы-фырты пайдайæн æмæ йын сыгъзæрин майданæй уæлдай Андиаты Сосланы фырт Георги саккаг кодта автомобилы дæгъæлтæ. Уæззау уæзы æртыккаг бынæттæ бацахстой Голоты Витали æмæ Думан Бультрикин (Казахстан).
БАСКАТЫ Уырызмæг














