ÆНЦОЙБОНЫ ФАРС

0
722

Уагъылы

Зайы сындзы къутæртыл хохæй быдырмæ, æмæ у æвдадзы хос сыфæй, дидинæгæй, гагадыргъæй афон æмæ бæрц зонгæйæ. Цы низтæ дзæбæх кæны йæ сыф, йæ дидинæг, йæ уидаг æмæ гагадыргъ, уыдон бирæ дзуринаг сты. Сындзыты цæстæй кæсын нæ хъæуы уагъылымæ. Йæ сæр у сындз, æмбисонды загъдау, йæ бын та — сой, йемæ хуыздæр чи арæхсы, уыдонæн. Уагъылыйыл мит æруарыд æмæ уазалæй йæ сыфтæртæ æрызгъæлдысты, уæд ныссæлгæйæ йæ æрдзон хъомысы тых сæтты, афтæмæй свæййы хæрзаддæр. Уазалæн у фидар, лæууы æнæ згъæлгæйæ уалдзæгмæ, фæлæ йæ хосы миниуджытæ пайдадæр вæййынц ныссæлыны размæ, æмæ йæ уæд æмбæлы тонын æмæ хус кæнын дæр.

АЙЛАРТЫ Измаилы чиныг «Ирон фарн»-æй

 

Хæдзары æфсинтæн зонинаг

Аджы былтæ сойхъæстæ куы фæкæнай, уæд фыцгæ-фыцын æхсыр не скæлдзæн.

***

Бæзджын томат цæмæй бирæ фæлæууа, æмæ йæ сæрыл хъуына ма сбада, уый тыххæй йыл банкæмæ акæнут æхсынæны зети (иу æнгуылдзы бæрц бæзджын йæ сæрыл куыд сбада, афтæ) æмæ лæудзæн афæдзæй-афæдзмæ.

***

Къофи рафыцынмæ куы фæхъавы, уæд йæ сæрыл сбады бæзджын фынкдон. Уый хъахъхъæны къофийы тæф æмæ йæ пайдайаг буаргъæдтæ. Уымæ гæсгæ къофи бирæ фыцын хорз нæу: йæ сæрыл фынчытæ куы сбада, уæд æй райсут уæлартæй.

***

Пырындз нæ ныппырх уыдзæн, цы доны фыца, ууыл иу цалдæр уидыджы дзаг уазал æхсыр куы акæнай, уæд.

 

Боныхъæдимæ баст бæрæггæнæнтæ

Хохы цæгатварс цъæх мигъ роны хуызæн куы бада, уæд уый у хорз рæстæджы бæрæггæнæн.

 

Хилджытæ фæззæджы сæ хуынчъыты арф куынæ бырой, уæд вæййы хъарм зымæг.

***

Фæззæг хърихъуппытæ раджы куы райдайынц тæхын хъарм бæстæм, уæд зымæг раджы ралæууы.

***

Райсомæй суадоны дон тынг уазал куы уа, уæд рæстæг хорз уыдзæн, хъармгомау куы уа — рæстæг хæлдзæн.

***

Арс фæззæджы йæ зымæгон бынатмæ раджы куы бацæуа, уæд зымæг раджы ралæудзæн.

 

 

Нанайы уырнæнтæ

Кусартгæнæг цалынмæ кусарты сæр ракæна, зынг ыл сдара, уæдмæ йын дзурæн нæй.

***

Арты æртхутæг къæрныхы сæрыл бады.

***

Мысайнаджы цур тæрк ныхас дæр нæ фæтчы — табуйаг у.

***

Кард фынгыл куы зилай, уæд хылмæ сайы.

***

Æхсæвыгон ног дарæсæн арфæ кæнын нæ фæтчы, зыгъуыммæ арфæ, дам, вæййы.

***

Уæлæкондæй дзаума æмпъузын, хуыйын нæ фæтчы, уæд, дам, йæ хицау царды къуылымпытæ фæкæны.

***

Саст кæсæн, дам, амонд къахыр кæны. Химæ кæсын дзы нæ фæтчы

 

Хæлæгдзинад

 

У æд Ныхасы хистæр смæсты, Йесо сабат боны уый (усы) кæй сдзæбæх кодта, уый тыххæй, æмæ загъта адæмæн: хъуыддаг кæнынæн ис æхсæз боны. Уыцы бонты цæут уæхи дзæбæх кæнынмæ, фæлæ сабат боны ма цæут. Лук. 13, 14.

Нæ хицау Йесо Чырысти иу сабат боны сдзæбæх кодта тынг уæззау рынчын усы, дзуттыты Ныхасы астæу. Ацы Ныхасы хистæр хицау хъуамæ Чырыстийæ бузныг фæцадаид, ахæм низджын усы кæй сдзæбæх кодта, уый тыххæй. Уый та мæсты сси æмæ загъта: «Хъуыддаг кæнынæн ис æхсæз боны, уыцы бонты цæут уæхи дзæбæх кæнынмæ, фæлæ сабат боны ма цæут». Цæмæн афтæ смæсты ис, ме ‘фсымæртæ, Ныхасы хицау? Куыд уыд уый, уыцы тæригъæддаг рынчын усы фенæг цин кæныны бæсты цæмæн смæсты ис, цæмæн йæ зæрдæ хæрамдзинадæй байдзаг?

Мæ уарзон æфсымæртæ, уый, афтæ, хæлæгдзинады тыххæй смæсты, хæлæгдзинад ын баталынг кодта йæ цæст, йæ зæрдæ æмæ йæ намыс, æмæ уарзон циндзинад æмæ уырнындзинады бæсты йæ зæрдæ масты цæхæртæ акалдта. Цы у хæлæгдзинад? Хæлæгдзинад у истæуыл искæмæ хæрам кæнын, мæсты кæнын; хæлæг адæймаг æндæры хорздзинад куы уыны, уæд мæстæй судзы, хъыг кæны. Афтæ уыцы Ныхасы хицау дæр, ирвæзынгæнæг Чырыстийы хорз хъуыддæгтæ уынгæйæ мæсты кодта, уымæн æмæ Чырыстийы адæм дзуттыты дин амонджытæй фылдæр бауарзтой, æмæ уый тыххæй уыцы Ныхасы хицауæн дæр йæ кой дæлдæр кодта.

Ныр ацы хъуыддагæй бæрæг у, хæлæгдзинад цас æвзæр тæригъæдтæ кæнын кæны адæймагæн, уый. Дæ хæстæджы хорздзинад уынгæйæ ууыл цин куы нæ кæнай, фæлæ ма йæм хæрам цæстæй дæр куы кæсай, ахæм адæймагмæ Чырыстийы ирвæзындзинады уд дард ис. Чи зоны, исчи иу иннæмæ хæлæгдзинадæй хæрам у, мæсты кæны æмæ йæ зæрдæйы хæрамдзинад фехалыны тыххæй хъуыды дæр нæ кæны, ахæм адæймаг фæстагмæ стыр зындзинады нæ бахаудзæн, цы!

Ирон адæммæ хæлæгдзинад ницы тæригъæдау кæсы, фæлæ уый ахæм фыдбылыз у, æмæ уый аххосæй лæг æндæр стыр тæригъæдтæ дæр ракæндзæн. Кæцæй æрцыди райдианы адæймагмæ тæригъæддзинад, кæд хæлæгдзинадæй нæ уыд, уæд. Хæйрæг бахæлæг кодта фыццаг лæг æмæ усы тæхудиаг цардмæ æмæ сæ фæрæдийын кодта. Хæлæгдзинад ныккалын кодта фыццаг адæймаджы туг зæххыл, дыууæ æфсымæры Каин æмæ Абел; Каин Абелы хæлæгдзинады тыххæй амардта. Хæлæгдзинады тыххæй æнæаххос Иосебы йе ‘фсымæртæ ауæй кодтой египетаг къупецтæн. Кæд хæлæгдзинад нæ уыди, уæд Саул паддзах цæй тыххæй ратæрбатæр кодта æмæ йæ марынмæ агуырдта Дауыт-пахуымпары? Æппæтыфæстаг, уыйбæрц цы баталынг кодта фарисейтæн æмæ дзуттыты чиныджы дæснытæн сæ зонд æмæ сæ намыс, кæд хæлæгдзинад нæ уыд, уæд; цæуылнæ сæ бауырныдта ирвæзынгæнæджы диссаг хъуыддæгтæ! Куыннæ дис фæкæндзæн адæймаг, куыннæ æрхъуыды кæндзæн лæг, хæлæгдзинадмæ цас тых æмæ хæрамдзинад ис, уый. Фарисейтæ æмæ дзуттытæ уыдтой сæхи цæстæй Чырыстийы диссаг хъуыддæгтæ, куырмыты кæсын кодта, сæ цæстытæ сын дзæбæх кодта, мард æгас кодта, фондз дзулæй фондз мин лæджы æфсæста, гобиты дзурын кодта, хъотырджынты дзæбæх кодта; ацы диссæгтæ фарисейтæ æмæ дзуттытæ сæ цæстæй уыдтой, уæддæр сæ хæлæгдзинад Чырыстимæ хæстæг нæ бауагътой æмæ талынджы баззадысты, сæ мыггаг дунейы кæрæтты ныххæлиу. Цы ма нæ хъæуы хуыздæр æвдисæн, хæлæгдзинад адæймаджы зæрдæйы тæригъæды мыггаг тауæг, хæрам цыдæр кæй у, уый тыххæй.

Мах, ирон адæм, бирæ зылын стæм Хуыцауæй, иу æгъдауæй дæр ын не ‘ххæст кæнæм йæ хорз амонындзинæдтæ; бирæ цæмæйдæрты мæсты кæнæм Хуыцауы зæрдæ. Фæлæ уыцы зылындзинæдтæй се ‘ппæтæй тынгдæр хъыгдары Хуыцауы нæ хæлæгдзинад; хæлæгдзинад адæймаджы зæрдæ йæхимæ магниты хуызæн ласы, æмæ йæ йе стыр æнамонддзинады хызы стыхсын кæны. О Хуыцау! Æрцæудзæн цымæ искуы уыцы рæстæг, æмæ Адæймаджы мыггаг йæхи базондзæн? Æрцæудзæн цымæ уыцы сахат, æмæ лæг базондзæн, йæ цард ын цы хъыгдары æмæ цы рæвдауы, царды хæрзæбонæй йæ фæсвæд цы здахы, йæ уд æмæ нын йæ буар цы мæллæг кæны, цы сафы, уый базондзæн искуы? Æрцæудзæн цымæ искуы уыцы рæстæг, Хуыцау æмæ дæ сыгъдæг уды хорз лæвардзинад срухс кæндзæн нæ зæрдæтæ æмæ уæд зæгъдзыстæм æмдзыхæй: мæнæ не знаг, мæнæ нæ марæг, мæнæ; чи нæ фыдæбонæй мардта, уый, мæнæ, Чырыстийæ нæ дардмæ чи ласта, уый. Бæлвырд, ме ‘фсымæртæ, хæлæгдзинад у тæригъæдтæ æппæтыл хæцæг, мах не ‘ппæт дæр уыцы сау калмы уацартæ стæм.

Кæй æвзаг бафæраздзæн хæлæгдзинады лæзгъæртæ зæгъын, кæй зонд равзардзæн уый талынг фæндæгтæ, нæ Ирыстоны зæрдиаг уарзон цæстæнгас чи халы. Гæдыдзырд нæ уыдзæн, ирон адæммæ хæлæгдзинад куы нæ уаид, уæд фондзыссæдз хатты хуыздæр цæриккой. Фыццаг заманы æрвад æрвады фосмæ хæлæггæнгæйæ йе ‘рвады марын кодта, æмæ йын-иу йæ бын байуæрстой. Ныр уырысы паддзахы руаджы уый нал ис, фæлæ æфсымæр æфсымæры нæ уарзы, фырт фыды коммæ нæ кæсы, ус йæ мойы дзырдæн аргъ нæ кæны. Хæлæгдзинад халы бирæ хорз цæрæг хæдзæртты.

Цæмæн афтæ здæхт сты хæлæгдзинады ‘рдæм ирон адæм иннæ хорз адæмты хъауджыдæр? Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ уый нæ зыд æмæ нæ магусадзинады аххос у, фыццаг райдианæй зыддзинад нæ туджы æмæ не стæджы ахъардта æмæ йын ратæрынæн ницыуал фæразæм, нæ зæрдæ не ‘лгъæд кæны, нæ цæст не ‘фсæды; дыккаг, иутæ хорз кусынц, архайынц алырдæм дæр æмæ хорз цæрынц, иннæтæ та бон-изæрмæ Ныхасы бадынц æмæ къæцæлтæ амайынц, кæрæдзи фыдгой кæнынц æмæ сæ хорз сыхаджы цард куы уынынц, уæд æм хæлæг кæнынц æмæ йын йæ хорз цард фехалыныл зилынц; ахæм хъуыддæгтæ бирæ æрцыд Ирыстоны. Кус ды дæр, магуса лæг, къæцæлтæ амайыны бæсты. Хуыцау загъта: «Кус æмæ схъæздыг уай».

Дыккаг нæм хæлæгдзинад тынгдæр уый тыххæй арæх кæны, æмæ ныронг дæр нæма бахъардта нæ зæрдæмæ чырыстон дины рухс æмæ уарзондзинад, Евангелийы хорз уацхъуыды ныхæстæ нæма фехæлдтой нæ зæрдæйы мидæг хæлæгдзинады ахстон. Тæригъæды бахауæг адæймаджы зæрдæ кæддæриддæр хæлæгдзинады ‘рдæм зилы, фæлæ йæ мах хъуамæ уромæм чырыстон дины уарзон æгъдæуттæй.

Хæлæгдзинад низ у нæ буар æмæ нæ удæн; æмæ алы низæн дæр хицæн хос ис: хæлæгдзинад фесафыны хос сты Чырыстийы дзырдтæ Евангелийæ. Уымæ зæрдиагæй куы хъусай, алы бон дæр æй куы кæсай, йæ дзырдты уидæгтæ йын хорз куы æвзарай, уæд дæ зæрдæ сæлгъæд уыдзæн, срухс уыдзæн, ацы дуне дæм æрдуйы хуызæн нал фæкæсдзæн, æмæ ферох кæндзынæ хæлæгдзинад.

Йесо Чырысти царддæттæг, уарзондзинады суадон, ахицæн кæн махæй хæлæгдзинад æмæ хæрамдзинад; нæ зæрдæ æмæ нын нæ уды чи судзы, уыцы хæлæгдзинады арт ахуыссын кæн æмæ уый бæсты нæ хуылфы æцæгдзинады æмæ уарзондзинады уд снæуæг кæн дæ сыгъдæг уды фæрцы. Амин.

Гæдиаты Секъа

 

 

Дзеуайы хъæлдзæг хабæрттæй

«…Уæд та уæм абаддзынæн»

Æвæццæгæн, хъæубæсты ахæм зиан, ахæм циндзинад нæ уыд, æмæ дзы Дзеуа дыууæ, кæнæ, гæнæн æмæ амалæй, суанг æртæ бадты ма æркæна. Йæ фыдгуыбыны тыххæй йæм мæсты кодтой, æргом дæр-иу ын бауайдзæф кодтой, уæддæр йæ ахуыр нæ хæлдта. Ныр дæр та дыккаг хатт рæбинаг бадт æркодта йæ сыхаджы хисты.

Дзеуайæн фыццаг бадты чи лæууыд уырдыг, уый та йын уыд ныр дæр, зиан кæуыл æрцыд, уыдоны æрвадæлтæй иу — къæйныхахаст æрыгон лæппу.

Рæгъ фæкæнынц æмæ Дзеуамæ куы ‘рхæццæ вæййы, уæд ын лæууæг йæ хъусы бадзуры: «Уыцы рæгъ фыццаг бадты банызтай». Уыйадыл ын нуазæн йæ сæрты ахæссы, æмæ йæ дæллаг фарс чи бады, уымæ йæ авæры. Афтæ алы рæгъæн дæр. Фæстагмæ йæ маст нал баурæдта Дзеуа, фæгæпп кодта йæ бынатæй æмæ уæртæ фæцæуы.

— Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй, кæдæм фестадтæ? — схор-хор кодтой адæм, хъуыддаг цæй мидæг уыд, уый нæ зонгæйæ.

— Дзеуа, раздæх, кæдæм тагъд кæныс? — худæнбылæй йæм дзуры уырдыгстæг дæр.

— Нæ, нæ! Фыццаг бадты ныры хыгъдæн дæр абадтæн. Мæнæ уыл ног зиан куы ‘рцæуа, уæд та уæм абаддзынæн, — сдзырдта йæм мæстыйæ Дзеуа.

 

 «…Маймулийы хуызæн мæм кæсыс»

— Мæ цæстытæй хорз нал уынын, уæлдайдæр хур куы акъул вæййы, кæнæ райсомæй цалхыдзагæй куы нæ ма скæсы, уæд, — йæ сыхаг Датуамæ дзырдта кауы сæрты Дзеуа, — фондз, дæс метрмæ лæджы нал февзарын.

— Ау æмæ дæм æз дæс æмæ ссæдз санчъехæй дарддæр куы дæн, уæд мæн куыд рахатыдтай? — Нæ та йыл баууæндыд ацы хатт дæр Датуа.

— Æмæ дæумæ дæр, афтæ, зæрдæаивæй дзурын, æндæр мæм маймулийы хуызæн кæсыс, — ацахста йæ Дзеуа дæр.

БЫРНАЦТЫ Барон

 

Бакæс, базон

Дыууиссæдз азы — хъæды Вьетнамаг провинци Куангнгайы цæрджытæ — фыд æмæ фырт — дыууиссæдз азæй фылдæр фæцардысты джунглийы. Тар хъæдмæ сæ лидзын бахъуыд хæстæй. Америкаг æфсæдтæ сæ бæстæмæ куы ‘рбабырстой, уæд сæ сæрæн ницыуал зыдтой æмæ сæхи хъæды уазæг бакодтой. Фыды дохтырты æххуыс куы бахъуыд, уæд сразы хæстæгдæр хъæуы æрцæрыныл.

Ван Тхань куыд радзырдта, афтæмæй 1972 азы йе ‘нахъом лæппуимæ цардысты, Америчы Иугонд Штатты хæстон-уæлдæфон тыхтæ бомбæтæ кæм калдтой, уыцы хъæуы. Сæ хъæу саубыны пырх ныккодтой. Йæ хæстæджытæй æгасæй, зæгъæн ис, æмæ ничиуал баззад. Уæд лæг сфæнд кодта адæмæй дард ран æрцæрын. Æрæджыйы онг дæр ма хæстæн цæуын æнхъæл уыди.

Фыд æмæ фырт иунæгæй цæрыныл фæцахуыр сты. Æмбырд кодтой кæрдæджытæ, уидæгтæ, дыргътæ. Хордтой маймулиты, уырыты, кæлмыты, хæлынбыттырты æмæ кæсæгты фыд.

Фыртыл 40 азæй фылдæр цæуы, фæлæ нæ зоны, электрон тых æмæ къæлиндар цы сты, уый. Ныртæккæ зилы, цы гыццыл зæххы гæппæл æм ис, уымæ. Суанг ма, йæ зæрды ус курын кæй ис, уый дæр фехъусын кодта.

 

А лæджы гороскоп

(29 октябрæй 4 ноябрьмæ)

Фыс (Овен) — уæхи хъахъхъæнут алцæмæй дæр. Гæнæн ис, æмæ райсай цардыуаджы æмæ куыстадон низтæ. Дæ уарзондзинады нау цæудзæн сабыр фурды уылæнтыл. Ницавæр ивддзинæдтæ дзы æрцæудзæн. Дæхи хъахъхъæн дæ алыварс уæвæг адæмимæ æнæхъуаджы быцæйуаг ныхасы бацæуынæй.

Гал (Телец) — фæстаг цалдæр боны ног къуырийы кæрон дæ æнкъарæнты фæдыл ма цу. Хъус дæ мидхъæлæсмæ, уый дын бацамондзæн, цы, кæд æмæ куыд аразын æмæ архайын æмбæлы, уый. Дæ размæвæрд хæстæ æххæст кæн зæрдиагæй. Уымæй æнцойдзинад æрхæсдзынæ канд дæ хæстæджытæн нæ, фæлæ ма де ‘мкусджытæн дæр.

Фаззæттæ (Близнецы) — ног къуыри ахсджиаг хъуыддæгтæ лыг кæнынмæ мама бавнал. Уый хыгъд дын æнтыстджын рауайдзæн ацы къуыри уарзондзинады æнкъарæнтæ сфидар кæнынæн. Иутæн хъысмæт балæвар кæндзæнис ног зонгæтимæ фембæлдтытæ, иннæтæ та бахаудзысты вазыгджын æнкъарæнты уацары. Афон æрцыд де ‘нæниздзинадмæ æркæсынæн дæр.

Мыдзбыр (Рак) — дæ мидхъуыдытæ æргом кæнынмæ мама тагъд кæн. Гæнæн ис, æмæ дæм цы дзуринаг ис, уый, дæу кæй фæнды, уыдонæй дарддæр ма йæ исчи куы базона. Æмæ уæд дæ фæндтæ, зæгъæн ис, æмæ нæ сæххæст уыдзысты. Дæ хъус æрдар дæ финансон уавæрмæ, æмæ дæ уарзон адæймагимæ дæ ахастдзинæдтæ фæфидардæр кæнынмæ.

Домбай (Лев) — кæд дæ зæрды исты ног хъуыддаг саразæн ис, уæд дын ныртæккæйæ хуыздæр фадат никуы уыдзæн. Ног къуыри де сфæлдыстадон гæнæнтæ æмæ удцырын зынгæ фæфылдæр уыдзысты. Фылдæр æргом здах, дæ цард кæимæ сбастай, уыцы адæймагмæ. Дæ размæ дын цы хæстæ æвæры, уыдон та æнæдызæрдыгæй æмæ æнæбыцæутæй æххæст кæн. Æххуыс дæ чи агуры, уыдонæн сæ фарсмæ балæуу.

Чызг (Дева) — де ‘нкъарæнтæ сæхи бар ма ауадз. Царды уылæн дæ кæдæм хæссы, уымæ лæмбынæг кæс. Йæ фæдыл лæмæгъæй кæй цæуыс, уый дæ хорзмæ не ‘ркæндзæн. Фæлæ дæ цард кæимæ сбастай, уыцы адæймаг дын алы хъуыддаджы дæр уыдзæн фидар ныфс æмæ æнцой. Уæдæ хорз рæстæг у, цæмæй, рагæй кæмæ бæллыдтæ, ахæм ног дзаума дæр балхæнай.

Тæрæзтæ (Весы) — ног къуыри дын уыдзæн бирæ гæнæнтæ, цæмæй дæ размæвæрд хæстæ сæххæст кæнай. Фæлæ сæ царды уадз æнæмæтæй æмæ сабырæй. Уæд дæм æнтыстыты хур йæ рахиз цæстæй ракæсдзæн. Базонгæ уыдзынæ, фидæны дæ цард кæимæ сбæтдзынæ, ахæм адæймагимæ. Дæ куыстуаты дæр дæ алыварс чи ис, уыцы адæм дын аргъ кæнын фылдæр райдайдзысты.

Къæдздым (Скорпион) — царды цы лыстæг хъуыддæгтæ ис, уыдонмæ де ‘ргом лæмбынæгæй ма здах. Кæннод ныссуйтæ уыдзынæ æмæ дæхицæн зындæр уыдзæн дарддæр цæрын. Цы фæндтæ дæм ис, уыдон дæр æххæстæй дæ къухы нæ бафтдзысты. Архай, рæстуд æнкъарæнтæ кæм исай, ахæм æхсæнады уæвынмæ æмæ дæ уæгъд рæстæг æрвитынмæ.

Фатæхсæг (Стрелец) — ног къуыри дæ тырнындзинад фæллоймæ уыдзæн æппæты ныллæгдæр уагыл. Фæлæ ууыл ма тыхс, кæд дæ кусын нæ фæнды, уæд де ‘ппæт рæстæг схардз кæн дæ фæлладуагъдыл. Уæддæр, цыфæндыйæ дæр бакæнинаг хъуыддæгты ‘рдыгæй дын цы нæ бантыст, уый раджы уа, æрæджы, сæххæст кæндзынæ.

Сæгъысыкъаджын (Козерог) — дæхи хъахъхъæн быцæутæ æмæ дызæрдыггаг хъуыддæгтæй. Ныртæккæ дын уыдон ницы пайда æрхæсдзысты. Æрмæстдæр зон, цавæр æхсæнады æмæ адæмы алыварс цæрыс, уый. Дæ тугхæстæджытæ дæр дæ, гæнæн ис, æмæ ма бамбарой. Фæлæ семæ быцæутыл ма схæц. Дæхицæн фæстæдæр зындæр уыдзæнис семæ нывыл ахастдзинæдтæ саразынмæ.

 Донкалæг (Водолей) — ног къуыри, гæнæн ис, æмæ дæ куысты æрцæуа ног ивддзинæдтæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ дын бантыст, дæ царды æмæ дæсныйады дæ размæ цы хæстæ сæвæрдтай, уыдон царды æнтыстджынæй рауадзын. Гæнæн ис, æмæ фембæлай ног зонгæтыл, сæ фæрцы та аивдзæн де ‘ппæт цард дæр.

Кæсаг, кæф (Рыбы) — ног бадзырдтæ аразынмæ æмæ проекттыл кусынмæ ма тагъд кæн. Гæнæн дын кæм уа, уым сæ сæххæст кæныны хæс бабар кæн де ‘мкусджытæн кæнæ хæстæджытæн. Дæумæ цы нæ хауы, уыцы фарстатæ ма лыг кæн, цæмæй дыл фæстæдæр макæй зæрдæ фæхуда. Архай дæ равджы хорздзинадыл. Арæхдæр цу театрмæ, киномæ, кæнæ ресторанмæ. Æнæхъуаджы сагъæстæй дæхи бахизын зон.

Фарс бацæттæ кодтой ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат æмæ ГАСАНТЫ Валерии

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here