“Электроцинк”: къамис кусын райдыдта

0
668

 

27 октябры Хицауады хæдзары сæрмагонд къамисæн уыдис «Электроцинчы» дарддæры архайдимæ баст æмбырд. Амыдта йæ республикæйы æрдзон фæрæзты æмæ экологийы министр МАМИАТЫ Чермен. Æмбырды архайджытæ уал фæбæрæг кодтой ног сарæзт къамисы хæстæ, республикæйы цæрджытæн ахсджиагдæр экологион фарста алыг кæныны тыххæй дарддæры къахдзæфтæ.

Къамисы уæнгтæ куыд бафиппайдтой, афтæй сæ куысты сæйрагдæр нысан у «Электроцинчы» архайд Цæгат Ирыстоны бауромын. Уый фарс рахæцыдысты æмбырды æппæт архайджытæ дæр. Завод Дзæуджыхъæуы цæрджыты æнæниздзинадæн æмæ экологийæн хæссы стыр зин, æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ æхгæд æрцæуа. Уымæй дарддæр ма æмбырды райхъуыстис, ацы фарстамæ алывæрсыгæй æмæ æрмæстдæр барадон тыгъдады æркæсын кæй æмбæлы, уый. Уымæ гæсгæ къамис йæ хæсыл нымайы, хæстæгдæр рæстæг экологийы, медицинæйы, юриспруденцийы цыдæриддæр зындгонддæр специалисттæ ис Уæрæсейы, суанг дунейы мидæг, уыдон æрхонын æмæ сын æппæт анализтæ, иртасæнтæ бахæс кæнын. Уыцы æрмæджы бындурыл бадæттæн уыдзæн тæрхондонмæ.

Æрмæстдæр «Электроцинчы» куыстады тæссагдзинæдты тыххæй æххæст хатдзæгты фæрцы ис завод сæхгæнæн, уый та у нæ адæмы фæндон. Цæмæй ацы фарстатæ лыггонд æрцæуой, уый тыххæй бахъæудзæн дзæвгар æхцайы хæрдзтæ. Уымæ гæсгæ æмбырды сфидар кодтой сæрмагонд æнæпаддзахадон фонд байгом кæныны уынаффæ, разамынд та йын дæтдзысты Калоты Витали æмæ Парламенты депутат Уататы Зелим. Калойыфырт у æхсæнадон хъæппæрисджын къорды раздзог. Фонды фæрцы фиддзысты, заводы тыххæй бындурон хатдзæгтæ æмæ иртасæнтæ чи кæна, уыцы специалисттæн.

Хæстæгдæр рæстæг сфидар кæндзысты хицæн кусæг къордтæ, уыдон архайдзысты алыхуызон фарстатыл. Сæ куыст цæудзæн æрвылбон дæр, радих сын кодтой бынат дæр, уырдæм алкæй бон дæр уыдзæн æрбацæуын.

«Электроцинчы» дарддæры архайды фарстаты тыххæй къамис арæзт æрцыд нæ республикæйы Хицауады уынаффæйæ. Разамынд ын дæтты Хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Къамисы уæнгтæ сты Хицауады, Парламенты, цæстдарæг оргæнты минæвæрттæ, ахуыргæндтæ, æхсæны лæгтæ, журналисттæ æмæ, 22 октябры митингмæ чи рацыд, уыцы хъæппæрисджын къорды уæнгтæ, Урайлаг холдинджы кусджытæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй æхсæвы, 20 октябрæй 21октябрьмæ, «Электроцинчы» электролизы цехы æрцыдис егъау зынгсирвæзт. Дыккаг бон сæдæгай адæймæгтæ рацыдысты Сæрибары фæзмæ æмæ сæвæрдтой куыстуат сæхгæныны домæн. Уыцы домæны фарс рахæцыд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр, уый фæсидт, цæмæй ацы фарста лыггонд æрцæуа барадон мадзæлтты фæрцы. Республикæйы Парламенты депутаттæ 25 октябры схъæлæс кодтой «Электроцинк» сæхгæныныл.

 

«Фарстамæ кæсдзыстæм æппæт æууæлтæ хынцгæйæ»

«Электроцинчы» фарста алыг кæныны уынаффæтæй иу у куыстад рацаразын, баи- вын, уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, сæрмагонд къамисы фыццаг æмбырды хатдзæгтимæ базонгæ уæвыны фæстæ.

«Заводы дарддæры архайды фарстамæ мах кæсдзыстæм æппæт æууæлтæ хынцгæйæ, къахдзæфгай. Цы къамис скодтам, уырдæм хуынд æрцыдысты бæрнон, дзуапджын адæймæгтæ, заводы кусджытæ. Ныридæгæн уал къамисы уæнгтæ фæнысан кодтой сæ архайды рахæцæнтæ. Мæхæдæг æппынæдзух кусын заводы разамындимæ, «Электро- цинчы» фарста алыг кæнын бæттын куыстад рацаразынимæ, баивынимæ. Афтæмæй коллективы кæцыдæр хай кусгæйæ баззайдзæн», — загъта Битары- фырт. Куыд ма фæбæрæг кодта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг фембæлдзæн заводы кусджытимæ. Ныридæгæн æм æрхатыдтой бирæсывæллонджын бинонтæ, сæ хæдзары хицау æнæ куыстæй баззад. Тынг тыхсынц, нæ зонынц, дарддæр куыд цæрдзысты, сæ хъысмæт цавæр уыдзæн, уый. Æмæ ахæм бинонтæ гыццыл не сты. Заводы разамынд æмæ кусджытимæ фембæлгæйæ, равзарын хъæудзæн, ацы фарста куыд алыг кæнгæ у, уый.

Республикæйы Сæргълæууæг ма æрдзырдта уæлдæфы сыгъдæгдзинады бæрæггæнæнты тыххæй дæр. «Мæхæдæг æркастæн бæрæггæнæнтæм, ныртæккæ завод æмæ, йæ алыварс цы иртасæнтæ скодтой, уыдонмæ гæсгæ зианхæссæг æппарæццæгтæ, цас æмбæлы, уымæй фылдæр не сты уæлдæфы. Ныртæккæ завод нæ кусы», — загъта Битарты Вячеслав.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here