Ирон уæливыхтæ — Монакойы

0
1431

 

Æрвылаз «Гастрономические сезоны», зæгъгæ, ахæм дунеон фестиваль вæййы куыд Францы, афтæ Мæскуыйы дæр. Уый стыр ахъаз кæны дыууæ бæстæйы хæлар ахастдзинæдтæ фидар кæнынæн. Ацы аз 18-20 октябры та ахæм фестиваль арæзт æрцыд Монакойы. Уæрæсейы, Испанийы, Тайланды, Монакойы æмæ Францы æмбисонды дæсны хæринаггæнджытæ гастрономион фестивальмæ чи ‘рцыд, уыдоны зонгæ кодтой сæ конд сихортæ æмæ æхсæвæртимæ. Уымæй уæлдай, арæзтой мастер-класстæ, æвзæрстой кæрæдзи хæринæгты ад. Æппæт ацы архайд та цыдис денджызы былыл, историон наулæууæн Эркюлы аив фæлгонцгонд фæзы

 

Хуыздæр хæринаггæнджытимæ архайдта Дзæуджыхъæуы ресторан «Мангал»-ы сæйраг хæринаггæнæг Кокуаты Сослан дæр. Уый æрцæттæ кодта ирон чъиритæ: уæливыхтæ æмæ картофджынтæ. Ахæм хæринæгтæ фыццаг хатт уыдис гастрономион фестивалы.

— Мæскуы, Санкт-Петербург, Новосибирск æмæ æндæр горæттæй хæринаггæнджытæн æнæзонгæ нæ уыдысты ирон чъиритæ, фæлæ фарстой, хыссæ æмæ чъирийы мидæг цы вæййы, уыдон куыд æрцæттæ кæнын хъæуы, уыдæттæй. Фæсарæйнаг хæринаггæнджытæм та нæ чъиритæ диссаг куыд нæ фæкастысты. Уыдон мæ фарстой сæ историйы æмæ сæ цæттæ кæныны технологийæ, — загъта Кокуаты Сослан.

Сослан куыд загъта, афтæмæй ирон чъириты хæрзаддзинад сæйрагдæр цыхтæй аразгæ у. Куыстуат «Молоко Осетии»-йы разамонæг Абайты Алан куы базыдта, ирон хæринæгтæ дунеон гастрономион фестивалы æвдыст цæудзысты, уый, уæд сын 15 килограммы цыхт зæрдæхæларæй радта. Дзæуджыхъæуæй йæ фыццаг ласын бахъуыд Мæскуымæ, уый фæстæ та — Монакомæ. Уымæ гæсгæ бæлццæттæ чысыл нæ батыхстысты. Цыхт ласгæйæ, пайда кæнын бахъуыд термопакеттæй, гæнæн-иу куы фæцис, уæд та-иу æй уазалгæнæны бавæрдтой. Фæлæ æппæт тыхстдзинæдтæ дæр фæстейы аззадысты, фыццаг чъири куы афыхти, уæд. Бафиппайын ма хъæуы уый дæр, æмæ цыхтæй уæлдай Кокуаты Сослан Монакомæ аласта ирон хæдзары æнæмæнгхъæугæ дзаумæттæ — тебæ æмæ тебæисæн дæр. «Æхсызгон та куыд нæ уыдис, иуæйиу уазджытæ мæ-иу уæлæмхасæн куы бацагуырдтой, уæд, æмæ хæдзармæ хæйттæ æнæ ратгæ куыд фæлæууыдаиккам мах дæр», — бафиппайдта Сослан.

Ирон чъиритæй уæлдай фестивалы менюйы уыдысты ахæм хæринæгтæ куыд «Сугудай» алтайаг кæрдæджытимæ, тайскаг хъæрмхуыпп, хек астрахайнаг еугæфимæ æмæ алы бæстæты æндæр хæринæгтæ. Цы æхсæвæр арæзт æрцыд фестивалы, уырдæм æрцыдысты Монакойы премьер-министр Серж Тель, Уæрæсейы Федерацийы кадджын консул Монакойы Екатеринæ Семенихина, Италийы минæвар Монакойы Кристиано Галло, Монакойы минæвар Уæрæсейы Федерацийы Мирей Петити, хицауады æмæ бизнесы минæвæрттæ. Монакойы премьерминистр стыр аргъ скодта, фестивалы цы продукци æрæвæрдæуыд, уымæн, стæй бафиппайдта, ацы мадзал дарддæр дунеон æмвæзады рæзын кæнын кæй хъæуы, уый.

Гастрономион фестивалы бындурæвæрæг Мæрзойты Наталья фæбæрæг кодта: «Ирон чъиритæ дисы бафтыдтой æппæт уазджыты. Æхсызгон у, нæ чысыл Райгуырæн бæстæйы фынджы фидауц дунеон æмвæзадмæ кæй рахызт, уый. Фестивалы хæстæй та иу уыд гастрономион культурæйы руаджы æндæр паддзахæдты адæмтæн нæ регион æвдисын. Æнæдызæрдыгæй зæгъын, ацы аз дæр Ирыстон, гæнæн цас уыд, афтæ æвдыст кæй æрцыд Монакойы æмæ йæ бахъуыды кæндзысты, йæ чъириты ад ын чи бавзæрста, уыдон. Радон ахæм фестиваль фидаргонд фæткмæ гæсгæ иннæ аз уыдзæн Монакойы, Францы æмæ Уæрæсейы зымæгон æмæ сæрдыгон.

ТАХЪАЗТЫ Алинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here