“ТУРКÆЙ ТЕРКМÆ АЙВАД”

0
1577

Мах, Турчы цæрæг ирон нывгæнджытæ, къамисджытæ, сфæлдыстадон архайджытæ сæмбæлдзыстæм нæ фыдæлты зæхыл Цæгат Ирыстоны.

2018 азы Джеоргуыбайы мæйы 6 бон (6 ноябры), 16.00 сахатыл Цæгат Ирыстоны национ музейы залы (Проспект Мира 11) байгом кæндзыстæм не сфæлдыстадон куыстыты равдыст.

Нае зынаргь министр’тае, Цуциты Аслан, аемае Милзыхты Руслан’ы аеххусаей аразаем ацы равдысты.

Немæ рацæуыны фадат кæмæн нæ фæцис, уыдоны куыстытæ дæр архайдзысты равдысты.

Равдысты кæй куыстытæ архайынц, уыдон сты: Апышалты Кайа Арпат, Хошонты Сабахат Баркман, Хошонты Сайхан Алпай, Кинаты.Омар Чаевик, кундыхты хæрæфырт Элван Эрдин, Хошонты хæрæфырт Курсат Инан, Æлбегаты Фатих Алтынок, Хошиты.Мæхмæт Хоскан, Таутиаты.Осман Тавтай, Цæлыкаты Вæдат Сарыаслан, ШæбæткуатыЙалчын Айдын, Хосонты Юунус Огун , Хьусаты Ваедат кусхан,  Хосонты Гокхан Огун Цаехилты АЛан Алрай, Хьамырзаты Нилгун Гунгор.

Равдыстма хуынд цæуынц Респубдикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав Зелимханы фырт, Хицауады уæнгты, Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты профессортæ æмæ ахуыргæнджытæ, Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртæсæнты институты ахуыргæндтæ, Иры Стыр Ныхасы сæргълæууæг æмæ уæнгтæ.

Равдыстмæ хонæм нæ уарзон Ирыстоны æппæт адæмы дæр.

Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнадон змæлд «Алан»-ы

сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here