Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады æмбырдтæгæнæн залы республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн уыд радон æмбырд Цæгат Ирыстон-Аланийы бынæттон хиуынаффæйады разамонджытимæ. Ныхас дзы цыд РЦИ-Аланийы Хицауады æххæстгæнæг оргæнтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты æмархайды фарстаты фæдыл.
Дзæуджыхъæу æмæ хъæуты районты разамонджытæй уæлдай æмбырды архайдтой: РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег, республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Анатолий Поляков, республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ.
Æмбырды архайджытæ байхъуыстой акционерон æхсæнадтæ «Цæгкавказэнерго»-йы директоры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Андрей Ерешкин æмæ «Газпроммежрегионгаз Владикавказ»-ы генералон директор Геннадий Саркисовы информацитæм. Уыдон бæстон радзырдтой схардзгонд энергофæрæзты тыххæй республикæ æмæ бынæттон финансон фæрæзтæй фыст цы фиддонтæ цæуынц, уыдонæй хæсджын цы фæлхасгæнджытæ баззадысты æмæ афойнадыл фиддонтæ цы районты не ‘мбырд кæнынц, уыдоны тыххæй.
Докладгæнджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй æппæты æвзæрдæр фиддонтæ æмбырдгонд цæуынц Æрæфы æмæ Алагиры районты. Битарты Вячеслав æрдомдта дзуапп Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Елойты Аслан æмæ Æрæфы муниципалон сконды сæргълæууæг Хидирты Батрадзæй, бауайдзæф сын кодта, районты цæрджытимæ фаг æмбарæн куыст кæй нæ кæнынц, уый тыххæй.
Æмбырды рахастой уынаффæ, цæмæй ацы аз 31 декабрьмæ Дзæуджыхъæуы æмæ муниципалон районты бынæттон хиуынаффæйады админстрацийы сæргълæуджытæ саразой мадзæлттæ газ æмæ электрон тыхы фиддонтæ фæлхасгæнджытæй æрæмбырд кæнынæн. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æрдзон фæрæзты æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен æмбырды раныхас кодта бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ уæлæнгай цæстæй кæй кæсынц хъæууонхæдзарадон быдырты тыллæг бафснайыны фæстæ цы æртытæ бандзарынц æмæ хъæдтæм хæстæг цы зынгсирвæзтытæ фæзыны, уыдон хуыссын кæнынмæ.
Республикæйы Сæргълæууæг куыд бацамыдта, афтæмæй алы районы, алы хъæуыхицау дæр хъуамæ дзуапп дæтта, фыццаджыдæр, йе ‘взарджыты раз æмæ къæрцхъус уа, разамынд цы адæмæн дæтты, уыдоны цыфæнды æвирхъау хъуыддæгтæм дæр. Йæ хæстæ æххæст кæнын кæй нæ фæнды, уый та хъуамæ уæгъд æрцæуа йæ бынатæй æмæ дзы æвæрд æрцæуа, кусын чи зоны, йæ куыстмæ чи арæхсы, ахæм адæймаг. Алы районы дæр лæмбынæг æркæсын хъæуы, зынгсирвæзты ныхмæ архайды тыххæй Уæрæсейы Федерацийы уынаффæ æххæст кæнынмæ куыд цæттæ сты, уыцы хъуыддæгтæм.
Уæрæсейы Федерацийы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийæн амынддзинады хуызы бахæс кодтой, цæмæй республикæйы хуымзæххыты тыллæг æфснайыны фæстæ арт чи æндзары, уыцы зæххыты хицæуттæй карздæрæй домой æмæ сæ æфхæрой закъонхæлды тыххæй.
Фæндæгтæ цалцæггæнæн куыстыты программæ 2018 азы куыд æххæстгонд цæуы æмæ сæм 2019 азмæ цы пълантæ ис, уый тыххæй æмбырды доклад скодта республикæйы фæндæгты хæдзарады комитеты разамонæг Солиты Тариэл. Комитетæн хæсгонд æрцыд, цæмæй 2019 азы фæндæгтæ цалцæггæнæн куыстыты программæйыл бæстон æмæ бæлвырд куыст æрцæуа æмæ йæ рагацау сфидар кæной. Районты разамонджытæй республикæйы Сæргълæууæг æрдомдта, цæмæй афойнадыл бацæттæ кæной проектонсметон гæххæттытæ, æнæ уыдонæй федералон фæрæзтæ никæмæн ратдзысты.
Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы районты санитарон уавæры фæдыл. Уый тыххæй видеороликтимæ раныхас кодта Майрæнсауты Зураб, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй, цы бынæттæ равдыстой, уыдон æфснайд æрцыдысты æмæ дарддæр дæр архайдзысты горæт сыгъдæг дарыныл.
Битарты Вячеслав бауайдзæф кодта Мæздæджы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Гугиты Геннадийæн, стæй æрдомдта æппæт районты сæргълæуджытæй дæр, цæмæй фылдæр æргом здахой, разамынд цы районтæн дæттынц, уыдоны сыгъдæгдзинадмæ.
Кæронбæттæны РЦИАланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бафæдзæхста республикæйы культурæйы министр Милдзыхты Русланæн, цæмæй, культурæйы къабазы мызд цы кусджытæ исынц, уыдон се ‘ппæт дæр арæхдæр цæуой æмæ сæ арæхстдзинад æвдисой хъæуты.
Æмбырды районты разамонджытæ дæр райстой бæлвырд амынддзинæдтæ æмæ бæлвырд хæстæ. Республикæйы Сæргълæууæг фæсидт æмбырды æппæт архайджытæм дæр, цæмæй фылдæр æргом здахой адæмы хъæстытæ æмæ курдиæттæм.
КАСАТЫ Батрадз














