Нæ зæрдæтæ нын рухс кæны йе сфæлдыстадæй

0
538

 

Дзæуджыхъæуы Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон библиотекæйы кусджытæ æмæ ирон чиныгуарзджытæ сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, прозаик, тæлмацгæнæг æмæ критик ХУЫГАТЫ Сергейы 85 азы юбилей. Фыссæг йæ алыварс æрбамбырд кодта йе ‘мсис фысджыты, поэтты, ирон интеллигенцийы минæвæртты, ахуыргæнджыты, студентты æмæ йын йæ бæрæгбоныл иумæ бацин кодтой.

Фембæлдмæ æрбацыдысты нæ хуссайраг æфсымæртæ — Ирыстоны Фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитон æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат, дзыллон информацийы комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы указæй Хæлардзинады орден сæрттывта Хъазиты Мелитоны къухтæй фыссæджы риуыл. Уыдон ма Бибылты Анатолийы номæй æрбаластой Арфæйы гæххæтт дæр.

Цард зæрдæйы фæндиаг никæд вæййы, фæлæ нын, куыд зонæм, афтæмæй дзæвгар рæстæг фыссæг Хуыгаты Сергей нæ зæрдæтæ рухс кæны йæ бирæвæрсыг æмæ нуарджын сфæлдыстадæй. Адæм æй зонынц, кæсынц ын йæ уацмыстæ, зонгæ сты сæ ирд сурæттимæ.

Хуыгаты Сергей йæ фыццаг къахдзæфтæ мыхуыры райдыдта иумæйаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Бонвæрнон»-æй. Куыста журнал «Мах дуджы» критикæйы хайады, ахуыргæнæгæй Дагестаны, стæй та — Цæгат Ирыстоны скъолаты. Фæстæдæр та уыд Цæгат Ирыстоны телеуынынады редактор. Ныртæккæ æмæ дзæвгар азты Сергей кусы чиныгуадзæн «Ир»-ы хистæр редакторæй.

Фыссæг хъуамæ цæстуарзон уа, адæмы раз — барджын æмæ фидар, домаг удыхъæды хицау. Ахæм у, бинонты рæбинаг цæджындз, фыссæг Хуыгаты Сергей дæр. Схъомыл кодтой йæ бинойнаг Наташæимæ хорз кæстæртæ — Зæлинæ æмæ Ирланы. Сæ дыууæ дæр сты ахуыргонд æмæ хорз специалисттæ.

Сергей ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл университеты ирон филологийы факультеты. Йæ бæрæгбонмæ æрбацыдысты факультеты студенттæ æмæ рæсугъдæй аивæй бакастысты Сергейы æмдзæвгæтæ. Зæрдæмæхъаргæ дзырдбæстытæ, рæнхъытæ, рæсугъд æнкъарæнтæй баззадысты залы уæвджыты зæрдæты: «Мæ уд фæцагътон фæндырты дыууæрдæм», «Ныр дæр мæ удрæбын лæууыс рæстуд æмæ рæсугъдæй», «Рæсугъд кæй дæ, уый иумæйаг у махæн, æмæ дзы ды дæхи уæлдай хъал ма кæн», «Сусæг уарзтæй адджындæр уарзт нæй». Ацы ныхæстæ бæрæг кæнынц фыссæджы стыр курдиат, хæдхуыз æмæ бæлвырд хъуыдыкæнынады авналæнтæ, сæ ивылæн æмæ поэты дæсны æрмдзæф. Бæрæг у, фыссæг æгæрон уарзтæй кæй уарзы йæ ирон æвзаг, «Й ‘алы зæлæй хурварс бады зæрдæ», æгъдæуттæ, йæ адæмы æмæ сыл дзуры æргомæй.

Фембæлды раныхас кодта Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лаурет. Дасохты Музафер. Уый загъта, Сергейæн йæ хуыздæр уацмыс кæй у йæ фырт — Ирлан, наукон кусæг, иттæг хорз специалист. Уый тыххæй ма загъта йæ раныхасы Цыбырты Людвиг дæр.

Фыссæджы сфæлдыстад: йæ æмдзæвгæтæ, йæ радзырдтæ куыд ахадынц адæймаджы дунембарынады, цардарæзты, уый тыххæй бæлвырд радзырдта ирон филологийы факультеты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент Безаты Фаризæт. Фыссæгæн газет «Рæстдзинад»-ы кусджыты номæй зæрдиаг арфæ ракодта хайады сæргълæууæг Цгъойты Хазби.

Изæры ма архайдтой аивæдты колледжы студенттæ дæр. Уыдон азарыдысты генион фыссæг Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ «А-лол-лай», «Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай» æмæ «Я смерти не боюсь», ацагътой фæндырæй, акафыдысты. Мыггаджы номæй фембæлды архайджытæн арфæ ракодта Хуыгаты Æхсар. Хуыгаты Сергей изæры кæронбæттæны арфæ ракодта æппæт уазджытæн дæр.

Бæрæгбон адæмæн сæ иумæйаг циндзинад Сергейы номимæ бирæ рæстæг сæ зæрдæты рæсугъд мысинагæй баззайдзæн.

БЫЗЫККАТЫ Земфирæ Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here