“Уæ райсом хорз! Дзуры Ирон театр!”

0
842

 

Тагъд Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры фæзындзæн, адæм æхсызгонæй кæуыл сæмбæлдзысты, ахæм ногдзинад. Театры аивадон разамонæг КОЛЫТЫ Владиславы хъæппæрисæй театры фæзы арæзт æрцæудзæн, бынæттон радио æмæ театры алыварс цы культурон парк ис, уым чи тезгъо кæна, уыдон-иу хъусдзысты театры раздæры æмæ ныры артистты монологтæм, спектакльтæй скъуыддзæгтæ æмæ зарджытæм, хъусынгæнинæгтæм.

— Раст зæгъгæйæ, ацы хъуыды мæ зæрды рагæй уыд. Мæнмæ гæсгæ, у тынг хорз фæрæз, абон не ‘хсæн чи нал ис, нæ уыцы зындгонд артистты нæмттæ сæнусон кæнынæн, нæ республикæйы цæрджыты ‘хсæн ирон театралон аивад рапарахат кæнынæн æмæ, цы хъайтарты сурæттæ сарæзтой, уыдоны фæлгонцтыл æмæ дæнцæгыл кæстæрты хъомыл кæнынæн. Байхъусыны фадат уыдзæн, абон Ирон театры сценæйы йæ курдиат тæмæнтæ кæмæн калы, уыцы артистты сфæлдыстадмæ дæр. Иннæ ахæм, адæм ирон æвзаг Ирон театрæн канд йæ сценæйы нæ, фæлæ йæ алыварс цы фæз ис, уым дæр куы хъусой, уæд уый уыдзæн ахъаззаг куыст. Уымæн æмæ театры кæрт цух никуы вæййы скъоладзаутæй, уым тезгъо фæкæнынц сæ сывæллæттимæ ныййарджытæ, бандæттыл фæуадзынц сæ фæллад нæ горæты хистæр кары цæрджытæ, — загъта Колыты Владислав.

Ацы фæндон царды рауадзынмæ се ‘ххуысы хай бахастой Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»- йы звукорежиссер Газайты Зоя æмæ Ирон театры звукорежиссер Дауыраты Руслан.

Ныртæккæ та уал куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц, æмæ уæд театры кæртæй рог дымгæ дардмæ хæсдзæн Тæбæхсæуты Балойы, Хъæрджынты Варварæйы, Сланты Къостайы, Уататы Бибойы, Хуырымты Уырызмæджы, Беккуызарты Орзетæйы, Икъаты Серафины, Саламты Къолайы, Годжыцаты Исахъы æмæ нæ иннæ уарзон артистты зонгæ æмæ зæрдæйæн адджын хъæлæстæ, хъуысдзысты, рагæй кæй нал фехъуыстам, уыцы ирон зарджытæ.

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here