Дугътӕ — Уӕрӕсейы Адӕмты иудзинады боны кадӕн

0
403

 

Хуыцаубоны, 4 ноябры Беслӕны ипподромы Уӕрӕсейы Федерацийы Адӕмты иудзинады бӕрӕгбоны кадӕн цыдысты дугътӕ. Ипподроммӕ цы бирӕ спортуарзджытӕ ӕрбацыд, уыдон ӕвдисӕн уыдысты бӕхылбадыны спорты ӕцӕг бӕрӕгбонӕн

Ерыстӕ гом кӕнгӕйӕ РЦИ — Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав йӕ арфӕйы ныхасы загъта:

— Бӕхылбадыны дӕсныйад рагӕй дӕр ирон адӕмы культурӕйы ахста стыр бынат. ӕгас дунейы дӕр хъуыстгонд уыдысты Хъантемыраты, Тугъанаты, Кочынаты барджыты ӕмбисонды арӕхстдзинад ӕмӕ лӕгдзинад. Ирон фӕсивӕд бӕхджын ӕфсады архайгӕйӕ сӕхи ӕхсарджынӕй равдыстой бирӕ тугкалӕн хӕстыты. Ирон адӕмы уарзон фырт, нӕ таурӕгъон инӕлар Плиты Иссӕ йӕ бӕхджын ӕфсӕддонтимӕ цы тохты фесгуыхт, уыдон сыгъзӕрин дамгъӕтӕй фыст ӕрцыдысты нӕ бӕстӕйы хӕстон историйы. Беслӕны ипподром ногӕй райгуырд дыууӕ азы размӕ ӕмӕ ныртӕккӕ у Уӕрӕсейы ӕмӕ Европӕйы хуыздӕр ипподромтӕй иу. Абон дугъты чи архайдзӕн, уыцы барджытӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъы царды хорздзинӕдтӕй хайджын уӕвын, ерыстӕм кӕсынмӕ чи ӕрбацыд, уыцы спортуарзджытӕ та абоны дугътӕй райгондӕй куыд баззайой! Уырны мӕ, абоны дугътӕ раздӕрау цымыдисаг ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕй уыдзысты, уый!

Ӕмӕ, ӕцӕгӕйдӕр, дугътӕ рауадысты тынг цымыдисаг. Ӕдӕппӕтӕй дзы архайдтой 27 барӕджы. Куыд Ирыстоны, афтӕ нӕ сыхаг республикӕты минӕвӕрттӕ дӕр. Дугътӕ цыдысты 1200 ӕмӕ 2000 метры дӕрддзӕгмӕ.

Фыццаг дугъы барджытӕ ерыс кодтой Беслӕны бӕхты заводы приз рамбулыныл. Ацы дугъы фӕразӕй барӕг Анзор Альбердиев йӕ бӕх «Кадалего»-имӕ. Бӕхы хицау та у дигорайаг Толасты Руслан. «Адӕмты иудзинады бон»-ы кадӕн призыл дугъы фыццаг бынат бацахста Адам Шогенов йӕ бӕх «Тамирис»-имӕ. Бӕхы хицау у елхотаг Гӕбӕраты Артур.

Рахизфарсы районы приз дӕр рамбылдта Адам Шогенов. Гуытъиаты Азӕмӕты бӕх «Сахиб»-ыл бадгӕйӕ. Адам Шогенов ма рамбылдта, уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй дунейы ацы азы чемпион Сидахъаты Зауырбег ӕмӕ Европӕйы чемпион Найфонты Артуры Кубок. Ацы приз Адам Шогеновӕн лӕвӕрд ӕрцыд, йӕ бӕх «Ветер-Южный»-имӕ цы дугъ рамбылдта, уый тыххӕй. Бӕхы хицау та у налцыккаг Гид Балкаров.

Цӕлхдурты сӕрты гӕпп кӕнынӕй ерысты фӕуӕлахиз Гатеты Аланӕ йӕ бӕх «Понтий Пилат»-имӕ.

Фӕуӕлахизуӕвджытӕ ӕмӕ призертӕн саккаг кодтой ӕхцайы премитӕ. Ерыстӕ сӕ аивадӕй сбӕрӕгбонхуыз кодтой Беслӕны Культурӕйы галуаны хӕдахуыр артисттӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here