Хицауады кабинеты ивддзинæдты тыххæй

0
450

 

Знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытимæ æмæ сын бæстон радзырдта, Хицауады кабинеты цы ивддзинæдтæ æрцыд, уый тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй йын гыццыл раздæр уыдис фембæлд, 2016 азæй фæстæмæ кусын кæимæ райдыдтой, уыцы бæрнон адæймæгтимæ. «Уæд фидаргонд æрцыдис Хицауады ног кабинет, нæ размæ лæууыд тынг вазыгджын фарстатæ, æппындæр сын аргъæвæн нæ уыдис, уымæн æмæ æвзæрын кодтой стыр зындзинæдтæ. Бюджет социалон зæрдæдарæнтыл не ‘ххæссыд, уæдæ нæм бирæ уыд æрдæгарæзт бæстыхæйттæ, сæ ахадындзинад социалон кæй уыдис, республикæйы цæрджытæ сæм тынг кæй æнхъæлмæ кастысты, уый ныл æвæрдта уæлдай хæстæ. Цы ‘хца сын лæвæрд æрцыд федералон центрæй, уыдон куыстгонд кæй не ‘рцыдысты, уымæ гæсгæ сæ фæстæмæ здахын хъуыдис центрмæ. Проектон-сметон документаци дæр сын цæттæ нæ уыд, уымæ гæсгæ фарстатæ куырмæлхынцъау æрæмбырд сты», — загъта Битарты Вячеслав.

Республикæйы Сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй министртæ, æхсæв-бон не ‘взаргæйæ, бавнæлдтой уыцы вазыгджын хъуыддæгтæм. Ахсджиаг уыдис федералон нысанмæарæзт программæты архайын, уый дæр домдта æвæллайгæ, æнæрынцой архайд. Абоны онг Хицауады чи бакуыста, уыдоны архайды фæрцы бирæ зындзинæдты сæрты ахизын бантыстис. «Кæд æмæ нæ 2016 аз фылдæр архайд бадомдта, уæд 2017 азы нæ къухы бафтыд социалон зæрдæдарæнтæ, мызд афойнадыл фидын. Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин 2012 азы майы ист Указтæй нæ размæ сæвæрдта ноджы вазыгджындæр хæстæ, нæ бон у зæгъын, кæй сæ сæххæст кодтам, уый. Æрдæбон мын цы фембæлд уыдис, уым æз арфæ ракодтон, йæ куыстæй чи ацыд, уыцы министртæн. Рæстæг згъоры, домы ахъаззагдæр хъуыддæгтæ æмæ нысантæ, æмæ мах хъуамæ уыдонæн дзуапп раттынхъом уом», — бацамыдта республикæйы Сæргълæууæг. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæйы Хицауады Сæрдаримæ иумæ цасдæр рæстæг кастысты ведомствоты разамонджыты бынæттæм ног кандидатурæтæм. «Мах сæ нымайæм дæсны разамонджытыл, уæдæ ма уымæй уæлдай хъуамæ уой патриоттæ дæр, уымæн æмæ министры мызд у ныллæг, йæ размæ цы хъуыддæгтæ æмæ цы домæнтæ лæууы, уыдон та сты егъау æмæ бирæвæрсыг. Уыцы барæнтæм гæсгæ сæ снысан кодтам бæрнон бынæттæм, уырны мæ, адæм дæр сын аккаг аргъ кæй скæндзысты, уый. Абон ма мын фембæлд уыдис Хицауады кабинеты ног кусджытимæ дæр, ныхасы рæстæг фæбæрæг кодтон, цы ахсджиаг хæстæ сæм хауы, куыд сыл хъуамæ архайой, уыдæттæ. Куыд зонут, афтæмæй нæ къухы бафтыд республикæйы социалон-экономикон рæзты сæйраг документ бацæттæ кæнын, уый фæлгæты ис тынг бирæ хицæн программæтæ. Уыдон домынц бæрнондзинад, рæстæгæй хъæуы пайда кæнын, хъуамæ Хицауады кабинет æмхуызонæй бавналой уыцы стратегион нысантæ æххæст кæнынмæ. Ныртæккæ федералон æмвæзады ерысы бындурыл æвзарынц программæтæ, цæмæй сæ национ проекттæм бахæссой. Мах хъуамæ уыцы хъуыддæгты ахъаззагæй бацархайæм», — фæнысан кодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Уый фæстæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджыты фæрстытæн дзуаппытæ радтой ног нысангонд министртæ. Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис куыд бамбарын кодта, афтæмæй йæ куысты сæйраг æргом аздахдзæнис национ проекттæм, цæмæй сæ республикæ æххæстæй архайа, уый тыххæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, социалон къабазы фарстатæ сты ахсджиаг, хъуамæ фæхуыздæр кæнæм демографион уавæр. Ныртæккæ федералон æмвæзады цæттæ кæнынц ахадгæ социалон программæ, уый фæрцы бирæ хъуыддæгтæ уыдзæн саразæн.

Ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Людмилæ Башаринайы ныхасмæ гæсгæ йын ведомствойы фарстатæ сты зындгонд, дыууæ азы æппæт хъуыддæгтыл министрады коллективимæ куыста иумæ. «Нæ министрады сæйраг хæс у, цыдæриддæр национ проекттæ ис, уыдоны архайын. Ахуырад, демографи сты кæцыфæнды регионы сæйрагдæр фарстатæ, цы хъуыддæгтыл кусæм, уый фæрцы зынгæ фæфидардæр уыдзæн ахуыргæнæн кусæндæтты материалон-техникон бындур. Ахуырады хъуыддаг банывыл кæнынæн цыдæриддæр ногдзинæдтæ, ивддзинæдтæ æмбæлы, уыдон конд цæудзысты, цы мадзæлттæ нæм ис, уыдоны фæрцы», — зæрдæ бавæрдта Людмилæ Башарина.

Республикæйы Культурæйы хæзнатæ хъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныны комитеты сæрдар Æгайты Эмилия ацы ведомствойы кусы 10 азы, цы хæстæ æмæ сæм цы бартæ ис, уыдон зоны бындуронæй. Куыд бафиппайдта, афтæмæй закъоны фæрцы, уымæй дарддæр сæм цы авналæнтæ ис, уымæй архайынц историон, культурон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныныл. Комитет кæддæриддæр хъæугæ документтæ бацæттæ кæны федералон программæты бацархайынмæ, ныртæккæ дæр сын цалдæр программæйы фæрцы фадат фæзынд историон-архитектурон ахадындзинадимæ объекттæм базилынæн. Комитеты кусджытæ æхсызгонæй сæмбæлынц, хи фæрæзты фæрцы историон-культурон-архитектурон объекттæм чи базилы, уыцы адæймæгтыл. Уый сын дæтты ныфс, ирон адæм сæ культурон хæзнатæм уазал цæстæй кæй нæ кæсдзысты, уымæй.

Цæрæнуæтты- коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæны ныхасмæ гæсгæ, ацы къабаз у тынг вазыгджын, йемæ баст у нæ республикæйы цæрджытæй алчидæр. «Цас хуыздæр æмæ ахадгæдæр уа йæ уавæр, уыйас фæзындзæн нæ адæмы царды хæрзхъæддзинадыл. Фыццагдæр уал бацархайдзыстæм, цæмæй нæ граждæнтæ зымæгон уавæры зындзинæдтæ ма бавзарой, ууыл. Нырмæ уал къуылымпыдзинæдтæ нæй, цы кусæндæттæ архайынц ацы фарстайыл, уыдонæй домдзыстæм, цæмæй сæ хæстæ хуызæнæн æххæст кæной. Сусæггаг нæу, ацы къабазы инфраструктурон арæзт кæй баихсыд, йæ раивынæн бирæ фæрæзтæ кæй хъæуы, уый. Уымæ гæсгæ цæттæ кæндзыстæм документтæ, цæмæй федералон программæты фæрцы уыцы фарстатæ алыг кæнæм. Нæ хæсыл нымайæм, республикæйы æппæт техникон ифтонгады уавæр раиртасын, цы хуызы æмæ йæ цавæр фæрæзты фæрцы раивæн уыдзæн, уыдæттæ», — загъта министр.

Физикон культурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир куыд бамбарын кодта, афтæмæй йæ куыст араздзæн рæстæджы домæнтæм гæсгæ. Ныридæгæн республикæйы цы спорты хуызтæ уыд, уыдон нæ фæкъаддæр уыдзысты, се ‘ппæтмæ дæр лæвæрд æрцæудзæн æмхуызон цæстæнгас. Æппынæдзух йæ хъус дардта, Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорт цы уавæры сты, уыдæттæм. Цыбыр рæстæгмæ хъавы уавæртæ равзарын, семæ хæстæгдæр базонгæ уæвын. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, æргом аздахын хъæуы рæзгæ фæлтæры ‘хсæн спорты дæснытæ хъомыл кæнынмæ, уый тыххæй уавæртæ аразынмæ.

Финансты министр Бутаты Хъасболаты хъуыдымæ гæсгæ, финансон къабаз у бындурон, йемæ баст сты республикæйы рæзты ахсджиагдæр фарстатæ. Социалон, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, ахуырад, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад æмæ иннæты цардхъомад баст у, республикæйы финансон системæ куыд арæзт у, уыимæ. «Нæ республикæйы Сæргълæууæг мæм цы æууæнк равдыста, уый нæ фæсайдзынæн, цы бæрнон хæстæ мыл сæвæрдта, уыдон æххæст кæндзынæн зæрдиагæй. Финансон ведомствомæ цыдæриддæр хъуыддæгтæ хауы, уыдон конд цæудзысты Цæгат Ирыстоны æмæ йæ цæрджыты сæраппонд», — загъта Бутайы-фырт.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Касаты Таймураз куыд бацамыдта, афтæмæй йæ куысты сæйраг æргом аздахдзæн арæзтады къабаз фæхъомысджындæр кæнынмæ. Рохуаты дзы нæ баззайдзысты нæ горæтты архитектурон фæлгонцады фарстатæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, лæмбынæг æркæсын хъæуы, республикæ цы арæзтадон хомагæй хъæздыг у, уыцы фæрæзтæм, цæмæй сæ пайда кæнын райдайæм, уый тыххæй. Ныртæккæ республикæйы цы бирæ объекттæ арæзт цæуы, уыдоны хæрзхъæддзинадмæ цæстдарын дæр у æнæмæнг æххæстгæнинаг хъуыддаг.

Ног бæрнон адæймæгтæй алчидæр уацхæсджытæн зæрдæ бавæрдта, кæддæриддæр ныхасмæ цæттæ кæй у, уымæй.

БУТАТЫ Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here