РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн кусæг фембæлд уыдис Волжскаг энерги фæстауæрцгæнæн ифтонггæрзтæуадзæг завод «Луч»-ы бæрнон минæвар ХУЫБИАТЫ Тимуримæ. Ныхас сын рауад Цæгат Ирыстоны энерги фæстауæрцгæнæн техникон ифтонггæрзтæ уадзыны хъуыддагыл. Куыстытæ цæудзысты завод «Бином»-ы.
«Фыццагдæр уын бузныг зæгъын, нæ республикæйы уæм ахæм ифтонггæрзтæ уадзынвæнд кæй ис, уый тыххæй. Уый фæрцы нæм фæзындзæн кусæн бынæттæ, уый та у тынг ахсджиаг хъуыддаг. Зындгонд куыд у, афтæмæй æгуыстдзинад йæ фæстæ расайы бирæ æндæр зындзинæдтæ. Уымæ гæсгæ, нæ республикæйы фæрныгадыл чидæриддæр бацархайынмæ хъавы, уыдоныл мах æхсызгонæй æмбæлæм», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Хуыбиаты Тимур куыд бафиппайдта, афтæмæй Волжскаг завод «Луч» йæ хъус æрдардта, Цæгат Ирыстон цы стыр хъомысы хицау у, уымæ. Ныртæккæ энерги фæстауæрц кæнын у нæ бæстæйы ахсджиагдæр нысан. Хъуыддаг баст у сæйраг энергион фæрæзты кадавардзинадимæ, уыдон амал кæнын стыр хæрдзтæ кæй домы егъау экологион зындзинæдтимæ. Куыстуæтты хæдзарадон архайды энерги фæстауæрцгæнæн технологитæй пайда кæнын куы райдайой, уæд бирæ экологион фарстатæ лыггонд æрцæудзысты. Суанг хицæн адæймæгты бон дæр у уыцы технологитæм æргом аздахын.
Волжскаг завод «Луч» уадзы иумæйаг æмæ сæрмагонд нысаниуæджы 2000 алыхуызон продукцийы хуызы. Æппæт продукцийы ныхмæ дæр сæм ис æмбæлгæ патенттæ æмæ сертификаттæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ














