БИАЗЫРТЫ Лексо æмæ йæ цардæмбал Оля (Оленц) …1942 аз. Октябры фæстаг бонтæй иу. Фæззыгон къæвдайы фæстæ хуры цæст разынд. Йæ фæлмæн тынтæй æртавта фæллад хæстонты зæрдæтæ. Акъоппы йæ хæстон æмбæлттимæ сихор кæны фæтæнуæхск, фидæрттæарæзт лæппу Биазырты Лексо дæр. Сихоры фæстæ йæхи цинелыл æруагъта æмæ йæ цæстæнгас сарæзта, бæрзонд арвыл цы цæргæс зилдух кодта, уымæ. Йæ хъуыдытæ йæ балæууын кодтой йæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны, Котантойы хъæуы
Æрымысыд, йæ мад Багиан æмæ фыд Арзи йæ хæстмæ куыд фæндараст кодтой, æмæ йын уыдон кæй фæдзæхстой, уыцы ныхæстæ: «Лæппу, æгаддзинад дæ сæрмæ макуы ‘рхæсс!»
Æмæ сын Лексо дæр æххæст кодта сæ фæдзæхст. Æгаддзинад йæ сæрмæ не ‘рхаста. Хъырымы æрдæгсакъадахыл Керчы цы карз тохты бахауд, уым дæр йе ‘мбæлттимæ равдыстой стыр æхсар æмæ лæгдзинад.
Ныр та сæ раппæрстой Гудаутмæ. Фашисттæй уæгъд кæнынц Абхазы зæхх, цалдæр боны тох кæнынц иу бæрзонд фидар райсыныл, фæлæ гитлеронтæ къæрттæй цъула не ‘ппарынц. Хæстæг æм нæ уадзынц махонты.
Уалынмæ Лексойы хъуыдыты хал фескъуыдта йе ‘мбал хæстонтæй иуы ныхас:
— Æмбал кæстæр сержант, командир дæм йæхимæ дзуры!
Лексо уайтагъд алæууыд йæ командиры уæлхъус. Уый Лексо æмæ йæ дыууæ ‘мбалæн бахæс кодта, цæмæй, ныр цалдæр боны цы фидар исынц немыцы къухтæй, уымæ фæстæты бахъуызой æмæ сын гранаттæй срæмудзой сæ амбразурæтæ.
Лексо йе ‘мбæлттимæ фæраст бардзырд æххæст кæнынмæ. Йæ фазыл разæй быры æмæ арæхстгай сгары минæтæ. Кæм сæ бафиппайы, уым сæ сæдас кæны, æмæ та йæ къухæй йе ‘мбæлттæм ацамоны, мæ фæстæ, зæгъгæ.
Бирæ сæ нал хъæуы знæгты амбразурæтæм. Нымадæй ма — фæндзай метры бæрц. Фæлæ уый та циу? Лексойы къах бандзæвыд иу къалиуыл, æмæ… Цæмæй тарст, уый æрцыд. Æнхъæл кæм нæ уыд, уым фашисттæ баныгæдтой минæ, æмæ ныр æваст зæхх йæ разы фæйнæрдæм фæркгай фæхауди. Биазыры-фырт ницыуал бамбæрста. Хъустæ ахгæдтой. Атар ыл йæ рухс дуне. Дыууæ къухæй ма цæстытæм фæлæбурдта, фæлæ сæ ракæсын йæ бон нал уыд. Бамбæрста, рахиз цæстæй пайда кæй нал ис. Ныппырх йæ рахиз къах дæр.
Уалынмæ нæхионтæ дæр абырстой размæ. Фехæлдтой знæгты амбразурæтæ æмæ бæрзонд фидар байстой.
Лексойæн йе ‘мбæлттæ удæгас æнхъæл нал уыдысты, æмæ йæ бинонтæм ссыд сау хабар.
Фæлæ Уастырджи баххуыс кодта ирон сахъгуырдæн. Санинструктортæ йæ сæмбæлын кодтой госпитæлыл. Уым æрцыд йæхимæ. Гъе ‘рмæст дохтырты бон нал бацис Лексойæн боны рухс фенын кæнын. Рахиз цæстæй бынтондæр бакуырм, галиу цæсты гагуыйы бын та минæйы схъисы мур ныссагъд, æмæ уымæй дæр нал уыдта. Рахиз къах дæр ын лыг кæнынмæ хъавыдысты, фæлæ дохтыртæн Лексо ныллæгъстæ кодта, бынтон къодахæй, дам, мæ ма ныууадзут… Æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ байгас сты йæ къахы арф хъæдгæмттæ. Гъе ‘рмæст ыл йæ рухс дуне кæй баталынг, уымæн бафæразын йæ бон нæ уыд.
Госпитæлы адаргъ сты бонтæ Лексойыл. Æхсæв æм хуыссæг æмгæрон нал цыд. Тыхст. Иуахæмы та йæм йæхимæ къух сисыны хъуыды дæр фæзынд. Фæлæ уалынмæ йæ хъустыл ауадысты, операци йын цы булкъон кодта, уый ныхæстæ: «Химæ къух сисын æнцон у. Ахæм хъуыдыйыл хæст чи вæййы, уыдоны æз тæппудтæ фæхонын. Зындзинæдтыл чи фæуæлахиз вæййы, уыдоны та хъæбатыртыл нымайын».
Лексойы нæ бафæндыд тæппуд уæвын æмæ хъæддых фæлæууыд карз низы ныхмæ. Йе ‘рмæст ын иу хъуыды нæ лæвæрдта æнцой: «Кæй ма хъæуы мæ хуызæн къодах?»
Уыимæ йæм æрцыд ахæм фæнд: «Цæй, афтæ бакæнон, æмæ искуы мæ сæр бафснайон. Мæ фæстаг бонтæ арвитон æнæхъæр, æнæхъинцæй… Бинонтæн дæр ма уæлдай рис цы кæнон…»
Ныхас дугъон бæхæй уæлдай нæу, фæзæгъынц. Котантойы хъæумæ, Лексойы бинонтæм дæр сыхъуыст, сæ хæстон æгас у, зæгъгæ, ахæм хабар, уæззау цæфтæй, дам, хуыссы Батумы госпитæлы.
Мад Багиан сæ сиахс Джиоты Пишкомæ æрхатыд, цæмæй уый бабæрæг кодтаид Батумы госпитæль. Пишко кæд карджын лæг уыд, уæддæр нæ фæзивæг кодта. Йæ фыстæй цалдæры ауæй кодта æмæ араст Лексойы агурæг. Фæрсгæфæрсгæ йæ ссардта.
Лексо уайтæккæ дæр йæ ныхасæй базыдта Пишкойы. Дыууæ лæджы кæрæдзийæн ныхъхъæбыс кодтой. Пишкойы цинæн кæрон нал уыд, æгайтма йæ хорз каисы удæгасæй федта.
Гъе ‘рмæст Пишко Лексойæн хæдзармæ цæуыны кой куы скодта, уæд æфхæрд хæстоны зæрдæ ныккæрзыдта. Йæ мæллæг, фæлурс рустыл хъарм цæссыгтæ æрызгъордтой, æмæ ризгæ хъæлæсæй загъта: «Ныууадз мæ ам. Кæй ма хъæуы мæн хуызæн къодах…»
Пишко йын уайтæккæ февнæлдта йæ дзаумæттæ æмбырд кæнынмæ æмæ фидарæй загъта: «Ныууадз дæ ныхæстæ… Ныртæккæ скæн дæ дзаумæттæ, æмæ дыууæйæ дæр фæцæуæм хъæмæ. Уым дæм æнхъæлмæ кæсынц дæ уарзон бинонтæ». …Лексо æмæ Пишко бахызтысты Биазырты хæдзары къæсæрæй. Бинонтæ цингæнгæ разгъордтой сæ размæ. Багиан йæ хъæбулы йæ хъæбысы ныккодта æмæ, йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ, арфæтæ кодта Пишкойæн, æгайтма йын йæ хæстон хъæбулы йæ къонайыл сæмбæлын кодта.
Лексо æнхъæл куыд нæ уыд, ахæм уарзæгой цæстæй йæм ракаст йæ бинойнаг Битеты Оля дæр. Уый нæ, фæлæ ма йын балæвар кодта дыууæ цæхæрцæст лæппуйы — Левæ æмæ Зелимы æмæ сæ иунæг хо Люсяйы.
Оля иу схуыст ныхас дæр никуы скодта Лексомæ. Зæрдæтæ йын æвæрдта, хуыдта йæ адæмы ‘хсæнмæ. Цот дæр бахъомыл сты коммæгæсæй. Алчидæр сæ царды ссардта йæ бынат. Гъе ‘рмæст-иу Лексо хатгай иунæгæй куы аззад, уæд-иу ын æрхæндæг хъуыдытæ нал æмæ нал лæвæрдтой æнцойдзинад, æмæ-иу йæ тæригъæдтæ Хуыцаумæ схъардта: «О, не Скæнæг Иунæг Кадджын Хуыцау! Табу дæхицæн! Курын дæ, æмæ мын иу хорздзинад ракæн — æрмæстдæр мæ дыууæ — æртæ секунды ракæсын кæн мæ цæстæй, цæмæй мæ хъæбулты цæсгæмттæ фенон, уый фæстæ разы дæн мæлыныл дæр».
Фæстæдæр Лексойы бинонтæ æрцардысты Тарскæйы. Ам дæр сын стыр аргъ кодтой хъæубæстæ.
Лексойы куывдтытæ фехъуыстысты Хуыцаумæ. Йæ лæппу Зелим (бирæ азты кад æмæ радимæ фæкуыста Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы Хицауады лицензитæ дæттæн палатæйы хайады хицауæй), куыддæр Дзæуджыхъæуы Степан Разины уынджы фатер райста, афтæ уым, фыццаджыдæр, æртæ чъирийы скувын кодта йæ фыд Лексойæн.
Сыхы цæрджытæ бирæ бауарзтой, ирон æгъдæуттæ хорз чи зыдта æмæ сæ кæронмæ кад æмæ радимæ чи хаста, уыцы куырыхон хистæры. Цин æмæ зианы алы хъуыддаджы дæр æй сыхбæстæ бадын кодтой фынджы хистæрæн.
Лексо йæ ног сыхбæсты лæгты кæд цæстæй нæ уыдта, уæддæр сæ алкæй дæр йæ номæй зыдта йæ ныхасы уагмæ гæсгæ.
Рæстуд лæджы куывдтытæ кæддæриддæр фехъуысынц Хуыцаумæ. Фехъуыстысты йæм Лексойы куывдтытæ дæр, æмæ дæс æмæ дыууиссæдз азмæ ‘ввахсы фæстæ, 1989 азы, дыккаг хатт федта боны рухс. Ацы хабар та рауад афтæ. Лексойы уымæй размæ йæ цот цынæ дохтыртæн фенын кодтой, ахæм нал баззад. Фондз хатты йын йæ галиу цæстæн скæнын кодтой операци. Фæлæ, цæсты гагуыйы бын цы лыстæг минæйы схъис ныффидар, уый сисынмæ иу хирург дæр йæ ныфс нæ хаста.
1989 азы дæр та Лексойы йæ цот йæ фæллад уадзынмæ акодтой санатори «Ирыстон»-мæ. Йемæ уыд йæ бинойнаг Оля дæр.
Иу райсом Лексойæн дохтыртæй иу сбарста йæ цæсты æлхъывдад æмæ йæм тынг бæрзонд фæкаст. Уымæ гæсгæ, цæсты æлхъывдад цæмæй бынмæ æрхаудтаид, уый тыххæй йын дохтыр йæ сæрыл æркодта иу ног аппарат. Скусын кодта аппарат токæй, æмæ Лексойы цæсты æлхъывдад æрхауд, цас æмбæлд, уый бæрцмæ. Уыимæ æрцыд, чи никуыма уыд, ахæм диссаг дæр. Лæг ракаст йæ цæстæй!
Лексо фыццагдæр цæстæй куы ракаст, уæд йæ лæппу Зелимæн худгæйæ афтæ бакодта: «Гъеныр мæнæн дæр ахæм рихитæ куы уаид…»
Зелимитæ уайтагъд Лексойы хæдзармæ æрластой. Сæ фыд йæ цæстæй кæй ракаст, уый тыххæй йын нæртон куывд скодтой. Сыхы лæгтæ, мыггаджы хистæртæ, хиуæттæ, зонгæтæ бирæ арфæтæ фæкодтой Лексойы кæстæртæн, уæлдайдæр та йæ дыууæ чындзæн — Плиты Лизæ æмæ Берозты Фатимæйæн, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ бинойнаг Оляйæн, сæ хæдзары хицауæн йæ зын рæстæджы ахæм арфæйаг лæггæдтæ кæй фæкодтой, уый тыххæй.
Лексо дыккаг хатт цæстæй куы ракаст, уæд ма йæ уарзон сыхбæсты ‘хсæн кад æмæ радимæ фæцард авд азы бæрц. Йæ мæлæт та базыдта рагагъоммæ. Уыцы бон ма йæ уарзон сыхæгтимæ фæстаг хатт адджынæн фæбадт дзаг фынджы уæлхъус хистæрæн. Сидтытæ кæронмæ куы ахæццæ сты, уæд йæ дыккаг хистæр, сыхы уæздандæр лæгтæй иу Хъæстуаты Зауырбеджы (рухсаг уæд) хъусы аивæй бадзырдта, æз, дам, ныр «фалæмæ» цæуын, æмæ нырæй фæстæмæ хистæры бынат дæумæ хауы, зæгъгæ. Зауырбег ын йæ ныхæстæ хъазынæрдæм аздæхта, фæлæ æцæгдæр, цалдæр боны фæстæ, 1996 азы 22 июны, хæсты райдайæны бон, Лексойыл æнустæм баталынг йæ хуры рухс.
Биазырты Лексо йæ фæстæ ныууагъта хорз кæстæртæ, фæзминаг хъæбулты хъæбултæ, хорз сыхбæстæ, æмæ йын уыдон йæ фарн дарддæр дæр сæрыстырæй хæссынц.
ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат














