Хæдтулгæтæ фылдæрæй- фылдæр кæнынц

0
619

 

Экологийы уавæр æрмæст мах республикæйы нæ, фæлæ æппæт дунейы дæр тыхсын кæны. Заводтæ, фабриктæ, хъармгæнæнтæ æмæ хæдтулгæтæ сæ фæздæгæй, алы хъылмайæ уæлдæф чъизи кæнынц. Алыхуызон низтæй адæм фылдæрæй-фылдæр рынчын кæнынц. Махмæ специалисттæ, ахуыргæндтæ æмæ иннæ адæм дæр тынгдæр фæдис хъæр кæнын райдыдтой, завод «Электроцинчы» авари куы уыди, уæдæй фæстæмæ

Фæдис чи хъæр кæны, уыдон хæрзæрæджы дзырдтой, зæгъгæ, уæлдæфмæ цы хъылма цæуы, уымæн йæ фылдæр у хæдтулгæтæй. Уыдон афтæ сбирæ сты, æмæ уынгты дыууæрдыгæй лæууынц æмæ цæуынц хæлттæ-хæлттæй.

Бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ æхсæвæй-бонæй машинæтæй се ‘дзаг сты. Суанг ма сæ тротуартыл дæр æвæрынц. Зæронд адæм æмæ сывæллæтты цæуын фæхъæуы машинæты фæндагыл, уым тынг тæссаг сси, исты фыдбылыз куы ‘рцæуа, уымæй. Сæ машинæтæ æвæрынц подъездты тæккæ бацæуæныл, бырæттæ кæдæм калынц, уыдоны дуæртты комкоммæ дæр. Бырæттæ иу бон куы нæ аласынц, уæд подъездмæ смагæй бацæуæн нал вæййы.

Хуыцау бахизæд, фæлæ зынгсирвæзт куы ‘рцæуа, уæд дзы дынджыр зынгхуыссынгæнæн машинæтæн æрбацæуæн дæр нал уаид. Уæдæ дзы тагъд медицинон æххуысы машинæ дæр зынтæй æрбацæудзæн.

Диссаг у, пъæлицæйы кусджытæ кæдæм кæсынц? Зын фенæн у пъæлицæйы кусæгæн уынджы кæнæ кæрты уыцы уавæр? Куыд зонæм, афтæмæй пъæлицæйы кусджытæн хорз мызд ис, дохтырæй кæнæ ахуыргæнæгæй дыууæ хатты фылдæр, æмæ сын æмбæлгæ дæр кæны — сæ куыст зын, тæссаг у, фæлæ участочы пъæлицæйаг æппынкъаддæр бон иу хатт уæддæр хъуамæ æрзила йæ участокыл. Адæмимæ æмбæла æмæ сæ фæрса, цæуыл тыхсынц, цы фæрстытæ сæм ис, уыдæттæй.

Пъæлицæйы зынаргъ кусджытæ, нæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, амондджын ут, æмæ уæ курæм: закъонхалджыты размæ карздæр домæнтæ æвæрын.

МАМСЫРАТЫ Ислам, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, отставкæйы булкъон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here