Ирондзинад, зонд, адæмы хорзæх. Ацы æртæ миниуæгæй адæймаг куы фæхайджын вæййы, уæд уый у æцæг амонд. Ахæм у Ирыстоны фæрнджын сылгоймæгтæй иу, йæ цардæй, рухстауæн æмæ æхсæнадон архайдæй зындгонд, Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм астæуккаг скъолайы директор, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг, УФ-йы ахуырады кадджын кусæг, Колыты Аксойы номыл премийы лауреат СÆЛБИТЫ-КОЛЫТЫ Иринæ
Иринæ райгуырд Мæздæджы районы Веселæйы хъæуы. Йæ фыд Колыты Сахман уыд хъæуы сæрæндæр фæсивæдæй. Кусынмæ йын, куыд фæзæгъынц, дыууæ къухы дæр фаг нæ кодта. Фæлæ йын хъысмæты бардуаг бирæ цæрæнбон нæ радта. Æнæнхъæлæджы цардхъуагæй ацыд йе ‘нусон дунемæ. Йæ бинойнаг Тамарæ (хуымæллæггаг Гугкаты Гадæццойы чызг) баззад йæ чызг Иринæимæ.
Фæстæдæр Тамарæ æрцард Хуымæллæджы, йæ цæгаты. Йæ иунæг чызг Иринæ рæзт бонзонгæ æмæ æгъдауджынæй. Сыхы йын скъоладзау æмбæлттæ бирæ уыд, æмæ сæм тынг хæлæг кодта. Иу бон сæ бæрæгбонарæзтæй скъоламæ цæугæ федта æмæ семæ фæраст ис. Къласмæ куы бахызт, уæд ыл ахуыргæнæг тынг бацин кодта. Йæ рæвдаугæ хъæлæс абон дæр ма йæ хъусты зæлы Иринæйæн. Уый уыд Хуымæллæджы скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнæг Уыртаты Риммæ. Фыццагдæр уый ссыгъта чиныгмæ æмæ зонындзинæдтæм уарзт йæ чысыл æнкъараг зæрдæйы. Фæсурокты-иу Иринæ йæ хæдзармæ хæслæвæрд куы сæххæст кодта, уæд та-иу сыхы сывæллæттæн ахуыргæнæг йæхæдæг басгуыхт. Хистæр кълæсты ахуыр кæнгæйæ, Иринæ фидарæй зыдта, йæ цард рæзгæ фæлтæры хъомыладимæ баст кæй уыдзæн, уый.
Иуахæмы сæм Хуымæллæгмæ ныццыд Цæгат Ирыстоны педагогон училищейы фæлтæрдджындæр ахуыргæнæг Махъоты Замирæт. Скъолайы ахуырдзаутæй агуырдта, училищемæ бацæуын кæй фæндид, ахæм фæсивæды. Замирæты курдиатæн æхсызгон дзуапп раттыны тыххæй Иринæйы къласы разамонæг Басаты Минтæ афтæ зæгъы: «Мæнæ уын Колыты Иринæ — цæттæ ахуыргæнæг». Афтæмæй Иринæ скъола каст куы фæци, уæд æй йæ царды фæндаг акодта педагогон училищемæ. Уыцы ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ йæ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ акодта Хуымæллæджы астæуккаг скъолайы. Тынг бирæ йæ уарзтой йæ ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ.
Хуымæллæджы сæрæндæр лæппутæй иу, Гояны номыл Сæлбиты хæдзармæ куы æркуывта, уæд бинонтæн йе ‘рбакъахдзæф фæци дыккаг хурыскастау, цыбыр рæстæгмæ йæм хи чызджы зæрдæ дарын райдыдтой. Гоян хъæууонхæдзарадон институт каст куы фæци, уæд æй кусынмæ арвыстой Тамбовы облæсты чысыл хъæутæй иуы колхозмæ. Иринæ куыста хъæуы скъолайы. Суанг дард æцæгæлон хъæуы дæр Гоян æмæ Иринæ сæ ирондзинадæй, æгъдауæй бæрæг дардтой. Скъолайы-иу исты бæрæгбон куы уыд, уæд-иу Колион йæ ахуырдзаутимæ уырыссаг зарджытæ æмæ кæфтыты æмрæнхъ бацæттæ кодта ирон национ æгъдау æмæ удыхъæд æвдисæг аивадон равдыстытæ.
Рæстæг куыд цыд, афтæ Иринæ йæ райгуырæн хъæу, ирон адæмы тынгдæр мысыд. Æнкъард æмæ æрхæндæгдзинады равджы тынгæйтынгдæр куы хауд, уæд ын йæ уыцы уавæр хатын райдыдта йæ цардæмбал Гоян дæр. Æмæ кæддæр-уæддæр сыздæхтысты Ирыстонмæ. Иринæ кусын райдыдта Цæлыччы хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Йæ цардæмбал та куыста совхозы сæйраг экономистæй, фæстæдæр та уыд директоры хæдивæг. Иринæ Цæлыччы астæуккаг скъоламæ кусынмæ куы æрбацыд, уæд йæ зæрдæйы цæхæр æмæ куыстуарзондзинад цыбыр рæстæгмæ фæбæрæг ахуырдзауты зонындзинæдтыл, ахуыргæнджыты куыстхъомдзинадыл. Адæймаг йæ дæсныйад куы уарза, уæд, йæ алыварс чи ис, уыцы адæмыл дæр разæнгардгæнæн базыртæ ма басадза, уымæн уæвæн нæй. Уымæ гæсгæ Иринæйы снысан кодтой ацы скъолайы ахуыры хайады сæргълæууæгæй. Цыбыр рæстæгмæ ам дæр йæ хорз архайдæй, методикон куысты ног гæнæнтæ кæй агуырдта, скъоладзауты фæсурокты хъомыладон куыстмæ стыр æргом кæй здæхта, уымæй йæхи хорзæй базонын кодта хъæуы цæрджытæн, районы рухсады хайады разамындæн æмæ партион оргæнтæн. Æмæ йæ фæстæдæр скъолайæ раивтой хъæуы рæвдауæндоны сæргълæууæджы бынатмæ. Ам дæр Иринæ бавнæлдта ноджы зæрдиагдæр архайдмæ, æмæ рæвдауæндоны коллектив дæр йæ разамындæй хызт иу æнтыстæй иннæмæ. Рахизфарсы районы сси фæзминагдæр хъомыладон артдзæстытæн сæ хуыздæртæй иу.
Уыциу рæстæг ма Иринæ кодта æхсæнадон куыст дæр. Уыд районы æмæ хъæуы æхсæнадон царды разæнгарддæр архайæг. Иннæмæй та хъæуы сæ хæдзары бæркад дæр уыд уæлейæ исгæ, бынæй ахадгæ. Сæ хæдзармæ-иу уазæг æрбацыд, зæгъгæ, уæд-иу æй Гоян æмæ Иринæ цыфæнды фæлладæй дæр сæ цæххкæрдзынæй æнæ саходгæ никуы ауагътой. Хъæубæсты, хæстæджыты, зонгæты, мыггаджы æхсæн сын кæддæриддæр уыдис кад æмæ рад. Уыцы фарн сын сæфт нæу абон дæр.
Иринæ кæддæриддæр цæуы зонды, намыс æмæ фарны, зæрдиаг куысты фæндагыл. Уый афтæ кæй, у, уымæн хорз æвдисæн, Цæлыччы скъолайы кусгæйæ кæй райста уæлдæр ахуырад. Æнтыстджынæй каст фæци ЦИПУ-йы историон факультет.
Цалдæр азы уыд Рахизфарсы районы Коммунистон партийы райкомы бæрнон кусæг. Ацы бынæтты кусгæйæ, йæхи равдыста канд зондджын æмæ фендджын разамонæгæй нæ, фæлæ хъæппæрисджын, домаг, куыстуарзаг организаторæй. Йæ рухстауæн æмæ æхсæнадон архайды йæм цы фæлтæрддзинад æрбамбырд, уый тыххæй-иу арæх фыста æмæ ныр дæр фыссы Рахизфарсы районы газет «Рахизфарсы цард»-мæ, газеттæ «Рæстдзинад», «Слово», «Стыр Ныхас»-мæ.
Иринæйæн йæ зæрдæйы æмæ йæ зонды аккаг бынат ахсынц нæ бæстæйы ивгъуыд царды историйæн, фыдæлты æнусон хæзнатæн, æвзаг, æгъдæуттæ, культурæйæн стыр æмæ аккаг аргъ кæныны миниуджытæ. Уыдон ын фадат радтой царды дарддæр æнтыстджын къахдзæфтæ кæнынæн.
Йæ царды æмæ куысты уавæртæм гæсгæ йæ бинонтимæ Дзæуджыхъæуы куы æрцард Иринæ, уæд æй кусынмæ æрбахуыдтой Дзæуджыхъæуы Цæгат-Ныгуылæйнаг зылды адæмон рухсады хайадмæ. Ахуырады æмæ хъомылады йæм цы стыр фæлтæрддзинад уыд, уый, ацы бæрнон бынаты кусгæйæ дæр иттæг хорз æвдыста, фæлæ ма йæ уды арфы ирондзинадмæ, фыдæлты культурæмæ æгæрон уарзт кæй ис, уый йын уæлдай тынгдæр рабæрæг Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны ирон æвзагзонынады кабинеты сæргъы куы æрлæууыд, уæд.
Ам кусгæйæ дæр Иринæ йæхи равдыста æцæг хъæппæрисджын хъомылгæнæгæй æмæ, кæстæрты зæрдæтæ ирон фарны табуйаг рухсæй хайджын чи кæны, ахæм адæймагæй. Иринæ Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны цы литературон клуб «Малусæджы» сæргъы лæууыд, уый архайджытæ уыдысты нæ республикæйы æмæ Дзæуджыхъæуы скъолаты зæрдæргъæвддæр, курдиатджындæр фæсивæд. Галуаны уа, горæты, кæнæ республикæйы ахæм сфæлдыстадон изæр, бæрæгбон нæ уыд, литературон клуб «Малусæджы» уæнгтæ-иу кæм нæ архайдтой. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу се ‘мдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацхъуыдтæ мыхуыры рацыдысты республикон газеттæ «Рæстдзинад»-ы, «Слово» æмæ «Стыр Ныхас»-ы, журнал «Ногдзау»-ы.
Иринæ, Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны кусгæйæ, ныффыста сæрмагонд программæтæ «Скъоладзауты аив ныхасы рæзтыл куыст», «Интеллектуалон-аивадон хъазт «Азарæм иронау, фæсивæд». Ацы бæрæгбон-иу æрвылаз дæр арæзт цыд республикæйы скъолаты ахуырдзауты æхсæн. Уæдæ Галуан алы аз дæр кæй арæзта æмæ ныр дæр аразы, уыцы бæрæгбæттæ «Ног бон» æмæ «Фæндыры зæлтæ»-йы уыдис Иринæйы зæрдиаг куысты бæркад. Йæ хъæппæрисæй литературон клуб «Малусæджы» уæнгтæм цыдысты Ирыстоны аивады, литературæйы, культурæйы архайджытæ. Уыцы фембæлдтытæ хорзæй диссагæн дзуринаг сты ныр дæр! Литературон клубы ахуыртæм чи цыд, уыцы фæсивæды Иринæ кæддæриддæр рæвдыдта хи ныййарæгау, æмæ дзы абон йæ раздæры хъомылгæнинæгтæ сты бузныг æмæ сæрыстыр!
Сæлбиты-Колыты Иринæ ныр фынддæс азы бæрц у Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл 13- æм астæуккаг скъолайы директор. Уыцы рæстæгмæ ацы скъола сси нæ республикæйы астæуккаг ахуырады артдзæстытæн сæ раззагдæртæй иу. Ам кусы ахуыргæнджыты æнгом коллектив. Бæрзонд æмæ æмбæлгæ æмвæзадыл дзы æвæрд у ахуырадон-методикон, патриотон, эстетикон, хъомыладон куыст. Скъолайы ахуыргæнджытæ сты, йæ куыст зæрдæйæ чи уарзы, скъоладзауты хæрзæбонæн йæ уд нывондæн чи хæссы, ахæм зондамонджытæ. Уыдонæй бирæтæ сты регионалон æмæ Æппæтуæрæсеон профессионалон конкурсты уæлахиздзаутæ. Уыцы хъуыддаджы дзыхъхъы лæуд не сты ахуыргæнинæгтæ дæр. Иудадзыгдæр фæархайынц алыхуызон предметон олимпиадæты, конкурсты, интеллектуалон æмæ спортивон ерысты.
2006 азæй ацы скъолайы æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы ахуырады управленийы хъæппæрисæй арæзт æрцæуы наукон-практикон конференци «Хетæгкаты Къостайы бакастытæ». Æрвылаз дæр дзы фæархайынц республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ, фæкæсынц докладтæ зонады алы къабæзты. Сæ хуыздæртæн лæвæрд æрцæуы майдантæ, дипломтæ æмæ Кады гæххæттытæ. 2008 азы та скъола рамбылдта УФ-йы Президенты грант. Дыууæ хатты Сæлбиты Иринæйæн лæвæрд æрцыд «Азы хуыздæр директор»-ы кадджын ном. Скъолайы æнтыстджынæй кусынц зарæггæнджыты, фæндырдзæгъдджыты, театралон къордтæ, сфæлдыстадон иугонд «Талатæ», спортивон секцитæ, ис дзы бæстæзонæн музей. Иудадзыгдæр дзы арæзт æрцæуынц республикон семинартæ, педагогон дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, конференцитæ, цæлхæмбырдтæ.
Дзæуджыхъæуы 13-æм астæуккаг скъолайæн ис хъæздыг истори. Алы азты йæ сæргъы цы разамонджытæ лæууыд, уыдоны кадыл Сæлбиты-Колыты Иринæ йæ зонды æмæ уды фарнæй æртывæр хорзæхтæ кæй æфтауы, уый дызæрдыггаг нæу! Иринæйы педагогон архайды тыххæй мидисджын уацтæ ис чингуытæ «Женшины Осетии» æмæ «Учитель, перед именем твоим»-ы. Иринæ канд хорз ахуыргæнæг, хъомылгæнæг, рухстауæг нæу, фæлæ ма зæрдиагæй архайы республикæйы æхсæнадон царды. У Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы координацион æмæ Сылгоймæгты советты уæнг. Ам дæр йæ царды æмæ куысты фæлтæрддзинад, архайд сты фæзминаг.
Иринæ æмæ Гоян царды уæрæх фæндагмæ ракодтой фæзминаг, æгъдауджын кæстæрты. Сæ фырт Ибрагим мыггагæн, бинонтæн сæ ныфсы мæсыг бæргæ уыд, фæлæ фæндаггон фыдбылызы аххосæй цардхъуагæй ацыд уыцы бæстæм. Баззад ын хорз цот, чызджытæ — Аидæ æмæ Аминæ, бинойнаг Анжелæ. Сæ чызджытæ Зæлинæ æмæ Мæдинæйæн дæр ис, Иринæ æмæ Гоянæн царды æмæ сæ ахуыры æнтыстытæй цин æмæ амонд чи хæссы, ахæм кæстæртæ: Агуындæ, Ацæмæз (ахуыр кæны Мæскуыйы Сеченовы номыл медицинон иституты), Замирæ (у ЦИПУ-йы юридикон факультеты магистрант), Сабинæ æмæ Таймураз.
Уæдæ куыд нæ зæгъæм Иринæ æмæ Гоянæн сæ сиæхстæ Дулаты Хъайсын æмæ Царахаты Артуры тыххæй. Сæ зынаргъ æмæ уарзон хæстæджытæн се ‘гъдау сæ разæй кæй цæуы, адæмы ‘хсæн сын кад æмæ рад кæй ис, уый хорз æмбарынц. Сæ уд сæ цæст у сæ каистæн балæггад кæнын, кæм сæм хъуыддагæй фæкæсын, кæм сын фæлмæн дзырдæй ныфсытæ авæрын.
— Адæймаджы цард цыбыр у. Фæлæ дзы алчидæр хъуамæ хорздзинад кæна кæрæдзийæн, зона барын æмæ хатыр кæнын. Æз мæ царды æмæ мæ куысты бирæ хорз адæмыл сæмбæлдтæн. Æмæ кæддæриддæр архайын, мæ алыварс чи ис, уыцы зонгæтæн, æмбæлттæн æмæ хæстæджытæн хорзы цæуыныл. Уымæй уæлдай зонын æмæ уарзын барын. Уымæн æмæ, дæ хъыджы чи бацæуа, уый раз ды азымджын нæ уыдзынæ, йæ рæдыд æмæ йын йæ уды аипп куы ныббарай, уæд. Дæ разы чи фæкъæмдзæстыг, уый та раджы уа, æрæджы, уæддæр дæ разы йæ аипп æмæ къæмдзæстыгдзинад бамбардзæн, — дзырдта нын нæ фембæлды рæстæг Иринæ.
Ахæм у йæ хъуыды, азты бæрзæндæй кæсгæйæ, адæмы æхсæн кад æмæ радыл цæргæйæ, нæ Ирыстоны намысджын сылгоймæгтæй иу Сæлбиты Иринæйæн!
ГАСАНТЫ Валери












