Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министрад кæй бацæттæ кодта æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды цæрæг адæмты æхсæн хæлар ахастдзинæдтæ фидар кæнынмæ арæзт чи у, Хуымæллæджы скъолайы ацыд мадæлон æвзæгты ахуыргæнджыты регионты ахæм иумæйаг конкурс «Мы разные, но равные». Амынд федералон зылды минæвæрттæй фæстæмæ ерысты архайдтой Хуссар Ирыстоны ахуыргæнджытæ дæр.
Конкурсы архайджытæ жюрийæн кæй бавдыстой, уыцы визитон карточкæ дзурæг уыд ахуыргæнджыты профессионалон æмæ сфæлдыстадон цæттæдзинадыл.
Дыккаг конкурсон хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæг педагогтæ кæрæдзийæн рахай кодтой сæ куысты фæлтæрддзинадæй, стæй равдыстой урочы цыды хæйттæ.
Сфæлдыстадон конкурсы рæстæг ахуыргæнджытæ ерыс кодтой литературон сфæлдыстадæй, кафынæй, зарын æмæ музыкалон инструменттæй цæгъдынæй.
Ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыццаг бынат байуæрстой Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæны Республикæйы минæвæрттæ — Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы æмæ Цæцæны Мескер-Юрты хъæуы Ш. Дудаговы номыл скъола «Терра-Нова»-йы ирон æмæ цæцæйнаг æвзæгты æмæ литературæты ахуыргæнджытæ Чехойты Светланæ æмæ Маликæ Алаудинова.
Дыккаг æмæ æртыккаг къæпхæнты дипломтæ райстой Беслæны 8-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Елойты Анжеликæ, Дербенты 15-æм скъолайы азербайджанаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Эльмирæ Мовланвердиева, Кæсæг-Балхъары Кенделены хъæуы А. Доттуевы номыл 1-æм скъолайы балхъайраг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Аслижан Газаева, стæй Мæхъæлы горæт Малгобекы 18-æм скъолайы мæхъæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Заремæ Джандигова.
Раззаг бынæттæ бацахсæг педагогты схорзæхджын кодтой дипломтæ æмæ номылдарæн призтæй.
Куыд зонæм, афтæмæй фарон Хъæрæсе-Черкесты ацæуæг амынд нывыл карст конкурсы фæуæлахиз Дзæуджыхъæуы 18-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Нæкуысаты Иринæ.














