Ног хъазæн фæзтæ

0
513

 

Сабитæ — царды дидинджытæ, нæ рæсугъд фидæн сты. Æмæ уымæн сæ рæзгæ бонтæ хъуамæ хъæлдзæгæй æрвитой. Фæд-фæдыл, дыууæ боны, Ирыстоны дыууæ цæрæн бынатыл æрцыд æхсызгон цау — Елхоты хъæуы æмæ Æрхонкæйы станицæйы байгом сты сывæллæтты хъазæн фæзтæ. Ацы аз дыууæ хъæубæстæйы дæр бæрæг кодтой сæ равзæрды кадджын юбилейтæ: сæххæст сыл 180-гай азы.

Нæ Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав ацы хъæуты цæрджытæн, бæрæгбоны арфæтимæ балæвар кодта сертификаттæ сывæллæтты хъазæн фæзтæ саразынæн.

 

Елхоты

Æппæт домæнтæн дæр дзуапп чи дæтты, ахæм ран æрбынæттон ис ног хъазæн фæз. Ис дзы херытæ, чысыл скалодром, æндæр хиирхæфсæнтæ. Фидæны ма йæм бафтаудзысты тренажерты æмæ волейболæй хъазæн фæзтæ, базилдзысты паркмæ.

— Елхот стыр хъæу у, бирæ нæм ис сывæллæттæ, уымæ гæсгæ тынг бузныг стæм нæ республикæйы разамындæй. Нырæй фæстæмæ сабитæ, сæ ныййарджытæ пайдаджынæй ам æрвитдзысты сæ уæгъд рæстæг, — загъта Елхоты бынæттон хиуынаффæйады администрацийы хицау Гуытъиаты Эльбрус.

Елхотæгты циныл бацин кæнынмæ æрбацыдысты районы администрацийы æмæ Æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ.

 

Æрхонкæйы

Горæтгæрон районы Æрхонкæ у æппæты стырдæр цæрæнбынат. Ис дзы цыппар рæвдауæндоны, алкæцыйы дæр — 150 сабийы бæрц æмæ дыууæ астæуккаг скъолайы. Ныридæгæн сæм нæма уыдис ахæм хæрзаив хъазæн фæз. Æрбынат кодта Остапенкоты æфсымæрты парчы. Алы ирд хуызтæй ахуырст ифтонггæрзтæ æхсызгондзинад хæсдзысты алы кары сывæллæттæн, стæй хистæртæн дæр.

Рæвдауæндæтты сывæллæттæ æппæты тынгдæр цин кодтой ацы арæзтадыл, æнхъæлмæ йæм кастысты. Кадджын уавæры сырх лент алыг кодтой районы сæргълæууæг Гаглойты Алан æмæ станицæйы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæг Сергей Черницкий. Арфæйы ныхас сын загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æххæстбарджын минæвар муниципалон арæзтты советы Геннадий Родионов.

Æмхъæлæсæй «бузныг» æмæ «ура» хъæргæнгæйæ сывæллæттæ цъæх арвмæ ауагътой уæлдæфон шартæ. Сабиты хъæлдзæг ныхас æмæ худынæй алфамбылай байдзаг ис!

ГУГКАТЫ Жаннæ Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here