Бирæ фæрстытæн — дзуаппытæ

0
478

 

Ног азы хæдразмæ ирон чиныгкæсджытæн хорз лæвар ракодта фыссæг, зындгонд журналист, ирон фæрнджын æгъдæуттыл æнувыд архайæг ЦГЪОЙТЫ Хазби. Цы чиныг рауагъта, уый хуыйны «Ирон æвзаг у нæ истори æвдисæг, нæ фидæн аразæг». Чиныг арæзт у публицистикон уацтæй. Ис дзы фондз хайы: «Иры фидæныл сагъæстæ», «Ирæттæ иу Хуыцаумæ кувæг сты», «Ирæн номгæнджытæ», «Нæ удыхъæды аиппытæ», «Уæлæмхасæн».

Йæ уац «Ирон кæй дæ, уымæй хъуамæ сæрыстыр уай», зæгъгæ, уым Цгъойты Хазби фыссы: «Ирæттæ кæй стæм, уымæй сæрыстыр уæвынæн нын бирæ æнцæйттæ ис, æмæ сæ зонын, æвдисын, аргъ кæнын сын хъæуы. Æмæ сæ æрмæст сæрыстыр хъуамæ ма уæм, фæлæ сæ фылдæр кæнæм. Кæд уый дæ хъару, дæ зонд нæ амонынц, уæд та сæ хъахъхъæн æмæ, нæ фыдæлты намысыл хъуыды кæнгæйæ, у æгъдауджын, парахатзæрдæ, хорзæй фæзминаг. Макуы сæ фæхудинаг кæн».

Ныртæккæ ирон æвзаг ис кæвдæсарды бынаты. Нæ кæстæртæ нæ бабатæ, нæ нанаты аргъæуттæ æмæ таурæгътыл нал хъомыл кæнынц, сæ фæрнджын, сатæг æхсæрау къæрцгæнаг, нывæфтыд ныхасмæ хъусгæйæ. Уыдон сæхæдæг дæр æрдæгцъæррæмыхстытæй байдыдтой иронау дзурын. Уæдæ нæм Ирон æвзаджы бон дæр ис, фæлæ, мæнæ куыд фæзæгъынц, иу боны хосдзауæй хосдзау нæй. Иронау хъуамæ дзурæм æрвылбон дæр, ирон иронимæ æмдзæхдон кæм кæны, уым. Сагъæссаг уавæры кæй стæм, уый хъуамæ кæрæдзи аххос ма кæнæм, иу аххосæй аххос нæй.

Гъе, уымæн зæгъы Цгъойты Хазби йæ уац «Не ‘взаг — нæ фидæн аразæг», зæгъгæ, уым: «Ацы æнахуыр диссаджы уавæр кæрæдзи аххос хъуамæ ма кæнæм. Алчидæр нæ йæхи аиппытæм æркæсæд, æмæ, чи кæм рæдийы, уый йæхæдæг бараст кæнæд. Мадæлон æвзаг зонынæн йæ рахæцæн ис бинонты æхсæн. Сывæллонмæ йæ мад æмæ фыд иронау куы нæ дзурой, уæд ын æй арф никæцы ахуыргæнæг, скъола банкъарын, бауарзын кæндзæн. Æмæ нæ алчидæр йæхиуыл æрхудæд. Кæннод та, ирон уæвын кæй нал фæнды, уый йæхи искæцы нацийыл ныффыссæд, Гуырдзыстоны ирæттæй бирæтæ куыд бакодтой, афтæ. Æмæ нæ мауал худинаг кæнæнт. Иронау дзурын дæр чи нæ зоны, уый ирон нал у. Кæйдæр фæсдуар цæрын æм хуыздæр кæсы æмæ йæ койы аргъ дæр нæу».

Ирон адæм муртакк диныл хæст кæй не сты (язычество), фæлæ Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ кувæг кæй сты, æмæ нæ чидæртæ зыгъуыммæ зондыл кæй æфтауынц, уый тыххæй Цгъойты Хазби йæ уац «Мах, ирæттæ, муртакк диныл хæст не стæм», зæгъгæ, уым фыссы:

«Уæлдæр æй загътон, динтæ равзæрдысты Стыр Хуыцауы аудындзинад æмæ адæмты зæрдæйы хорзæй, æмæ дзы иу дæр фауинаг нæу. Уыцы æууæл адæмæн рохгæнинаг нæу. Фæлæ уæддæр фæзыны зыгъуыммæ зондыл хæст адæймæгтæ, фауын йеддæмæ хорз зæгъын йæ цæст кæмæн нæ уарзы, ахæмтæ. Адæмы раст зондахаст змæнтынц, адæммæ кæрæдзимæ фыдæх æвзæрын кæнынц алы æфсæнттæ æмæ æрымысæггаг хъуыдытæй. Иуæйиу раст æмæ æргом хъуыддæгтыл дызæрдыг кæнын кæнынц ирæтты дæр.

Мах, стæй нæ фыдæлтæ дæр бæлæстæм, къæдзæхтæм, дуртæм, стæй цæрæгойты фæлгонцтæм куы нæ куывтой, уæд нæ сауджынтæ æмæ иуæй-иу ахуыргæндтæ муртакк адæм, язычниктæ цæмæн хонынц? Дунескæнæг Иунæг Хуыцаумæ куы куывтой нæ фыдæлтæ, стæй мах дæр нæ удæгасы, нæ марды ууыл куы фæдзæхстам», — мæстджынæй рауайы ирæтты ‘хсæн ахæм ныхас.

Цгъойты Хазбийы чиныг «Ирон æвзаг у нæ истори æвдисæг, нæ фидæн аразæг»-ы ирон чиныгкæсæг йæ бирæ фæрстытæн ссардзæн дзуаппытæ, æмæ йын æвдадзы хос фæуæд.

АБАЙТЫ Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here