Æрыдоны зарæггæнджыты къорды зарджытæ — дискыл

0
395

 

Æрыдоны Культурæйы хæдзары Дзугаты Бартуйы номыл героикон зарæггæнджыты къорд зынгæ бынат ахсы ирон хихъæппæрисадон аивады азфысты. Бындур ын æвæрд æрцыд 60 азы размæ. Йæ репертуары ис фыдæлтыккон ирон зарджытæ, семæ, нæ профессионалон композитортæ ирон фольклорон жанры цы уацмыстæ ныффыстой, уыдон. Бирæ азты дæргъы зарæггæнджыты къордæн разамынд лæвæрдта УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Дзугаты Барту. Ныр та йын йæ арфæйаг хъуыддæгтæ дарддæр царды хæццæ кæны зындгонд хормейстер, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг КАЛОТЫ Георги.

Æрæджы ацы сгуыхт аивадон къордæн йæ историйы фыццаг хатт рацыд, цы зарджытæ зарынц, уыдоны сиди-диск. Хаст æм æрцыд æдæппæт æвддæс зарæджы. Æрыдоны районы Советон Цæдисы адæмон артист Саламты Къолайы номыл Культурæйы хæдзары уыд ацы дискы презентаци. Архайдтой дзы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы бæрнон кусджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, аивадуарзджытæ.

Культурæйы хæдзары сценæйæ презентацийы бон арфæтæ æмæ зарæггæнджыты къордæн сæ архайды тыххæй бузныджы ныхæстæй уæлдай хъуысыдысты хоры репертуары ног зарджытæ, вокалон композицитæ. Дзугаты Бартуйы номыл зарæггæнджыты сгуыхт къордæн сæ арфæтæ, зарджытæ, хореографион композициты хуызы ракодтой районы хъæуты хихъæппæрисадон къордты архайджытæ.

ГАСАНТЫ Валери

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here