Патриотон хъомылады фæрæзтæ

0
621

 

Уæрæсейы цæрджытæ 9 декабры сбæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Хъæбатырты бон. Цæгат Ирыстоны дæр уыцы бон конд æрцыд бирæ алыхуызон хъуыддæгтæ. Уыдонимæ — Дзæуджыхъæуы «Юнармия»-йы Хæдзар кæй байгом, иумæйаг ахуырадон кусæндæтты ахуырдзаутæ фæсивæдон хæстон-патриотон змæлд «Юнармия»-йы рæнхъытæм кæй бацыдысты æмæ 58-æм æфсады мотоæхсджыты иугонды фæзуаты парк «Патриот»-ы филиал кæй байгом, уый.

Ацы дыууæ ахсджиаг бæрæгбоны цауы архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Хуссайраг хæстон зылды æфсæдты командæгæнæг, Уæрæсейы Хъæбатыр Александр Дворников, Уæрæсейы Хъæбатыртæ дæлбулкъон Гасан Раджаб-оглы Наджафов, Евгений Никифоров, инæлар-майор Владимир Жаров, нæ республикæйы Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан, федералон инспектор Челæхсаты Владимир, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, тыхы структурæты разамонджытæ, æфсады æвзонг архайджытæ æппæт Цæгат Кавказæй.

Республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз æвзонг патриоттæн куыд загъта, афтæмæй хæстонпатриотон хъомылад фидар кæны хæрзæгъдаудзинады бындуртæ, уыдон та стыр ахъаз фæвæййынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ. Инæлар-булкъон Александр Дворников «Юнармия»-йы цæгатирыстойнаг уæнгтæн арфæ ракодта, сæрмагонд æвдисæндартæ кæй райстой, Фыдыбæстæйы сæраппонд ард кæй бахордтой, уый тыххæй. «Юнармия»-йы Хæдзар Цæгат Ирыстоны кæй байгом, уый Уæрæсейы у фыццаг цау, ныхасгæнæг фæсидтис Цæгат Кавказы федералон зылды республикæты разамонджытæм, цæмæй уыцы хорз хъæппæрисæй спайда кæной.

Ардыгæй фæстæмæ рæзгæ фæсивæдæн ацы Хæдзары фæзындзæн алыхуызон ахуырадон, наукон, сфæлдыстадон, техникон, спортивон къордты архайынæн фадæттæ.

Хуссайраг æфсæддон зылды — 58-æм æфсады мотоæхсæг иугонд фæзуаты парк «Патриот»-ы филиал дæр байгом кодтой кадджын уавæрты. Хæстон зылды командæгæнæг Александр Дворников куыд бафиппайдта, афтæмæй Фыдыбæстæйы Хъæбатырты бон æрымысыдысты, бæстæйы сæраппонд сæ цард чи радта, æппæт уыцы æвзыгъд хæстонты. Хорзыл банымадта, паркæн бындур æвæрд кæй æрцыд, уый. Дарддæр-иу дзы конд цæудзæн алыхуызон хæстонпатриотон, культурон, спортивон хъуыддæгтæ, ерыстæ. Уый тыххæй дзы æппæт фадæттæ дæр ис.

Кæронбæттæн парк «Патриот»-ы байгом кодтой бюстытæ Советон Цæдисы зындгонд маршæлтæ Александр Василевский æмæ Василий Чуйковæн. Ацы кадджын хъуыддаджы бацархайдтой маршæлы кæстæр — Николай Чуйков æмæ проект «Аллея Российской Славы»-йы автор, архитектор Александр Сердюков.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here