Нывыл арæзт фæндæгтæн æмæ хидтæн канд вазыгджын экономикон æмæ стратегион нысан нæй, фæлæ ма сæ фæрцы æнцонвадатдæр кæны адæмы цард, сæ куыст. Иу сæ кæнынц сæ хæстæджытимæ, зонгæтимæ æмæ хæлæрттимæ. Фæндæгты уавæр ахады адæмы æдас цардыл æмæ, машинæтæй чи пайда кæны, уыдоны æнæниздзинадыл.
Сихъоты Цæрай Хæзныдоны хъæуы цæрæг у, йæ хæдтулгæйы иу æмæ дыууæ километры нæ ацыд, фæндаджы хæрзхъæддзинадæн аргъ кæнын зоны.
— Нæ хъæумæ бацæуæны цы зæронд хид ис Æрæфы доны сæрты, уый тынг рагон у, йæ сæрты цæуын тæссаг у, донивылдтытæ æмæ сахакъæвдатæ йæ уавæр ноджы æвзæрдæр кодтой. Пайда дзы кæнынц Æрæфы районы иннæ хъæутæ æмæ Кæсæг-Балхъары республикæмæ цæуджытæ дæр. Мæхи кæдæй хъуыды кæнын, уæдæй нырмæ лæууы ацы хид, æрцыд-иу дзы фæндаггон фыдбылызтæ дæр, — зæгъы 60- аздзыд нæлгоймаг, — æмæ æхсызгон у, ацы фарстамæ Хицауад кæй æркастысты æмæ нын ног хид аразын кæй райдыдтой, уый.
Æцæгæйдæр, автомобилон фæндаг «Дзæуджыхъæу-Æрыдон-ЦыколаЛескен»-ы 77-æм километры, Хæзныдонмæ хæстæг, райдыдта ног хиды арæзтады фыццаг хай.
Нæ республикæйы Сæргълæууæджы, Хицауады æмæ РЦИ-Аланийы фæндæгты хæдзарады комитеты архайдæй федералон æмæ республикон бюджетæй радих кодтой æхца. Проектон документаци куы бацæттæ, уæд бадзырд бафыстой арæзтадон организаци «Дагспецстройсервис»-имæ æмæ хидаразджытæ декабры райдайæны сæ куыстмæ бавнæлдтой. Фыццаджыдæр, донвæд аиуварс кодтой. Хиды арæзтады пайдагонд цæуы нырыккондæр фидаргæнæн арæзтадон æрмæджытæй, æфсæнбетон конструкцитæй. Аразгæ та сæ кæнынц дæсны специалисттæ. Æндадзджытæ, бетонгæнджытæ, быраузилджытæ, бульдозерты, эскаваторты, уæзласæн машинæты шофыртæ, хуымæтæг кусджытæ. Æдæппæт 50 адæймаджы бæрц, алы адæмыхæттыты минæвæрттæ æнæрлæугæйæ кусынц æхсæвæйбонæй.
— Фыццаджыдæр куысты хæрзхъæддзинад æмæ нын нæ размæ республикæ цы æмгъуыдтæ сæвæрдта, уыдон сæххæст кæндзыстæм, — зæгъы арæзтады сæйраг инженер Абдула Магдиев.
— Хид хъуамæ уæрæх æмæ æдас уа.
Кæд зæронд фæндагыл цæугæйæ фæзилæнтæ 11 сты, уæд ног хиды арæзтадимæ уыдзæн æрмæст иунæг фæзилæн æмæ комкоммæ фæндагыл, Æрæфы доны сæрты бахизгæйæ, бахæццæ уыдзынæ бынатмæ. Ныридæгæн уал бантыст зæххы бынмæ арф 45 æфсæн-бетон цæджындзы скæнын, уыдон сты фидæны хидæн йæ бындур. Æдæппæт, проектмæ гæсгæ, уыдзысты 64. Уыцы-иу рæстæг, ног фæндаг кæм цæудзæн, уыцы фæзуат сыгъдæг кæнынц зæронд бæлæстæй æмæ къудзитæй, æдæппæт дыууæ гектары бæрц. Дзæуджыхъæуæй ласынц æфсæйнаг конструкцитæ, Алагиры заводæй та — цæттæ бетон. Змис, хуыр, цемент, æндæр арæзтадон æрмæджытæ æмæ бетоны хæрзхъæддзинад æрвылбон бæрæг кæнынц сæрмагонд лабораториты. Куыстытæ куыд цæуынц, уымæ иудадзыг сæ цæст дарынц республикæйы Фæндæгты хæдзарады комитеты специалисттæ. Бригæдты уæнгтæ сты дæсны æмæ фæлтæрдджын кусджытæ, ис сæм æппæт хъæугæ техникæ.
— Ныфс нæ ис, афæдзы кæронмæ арæзтады фыццаг хай кæй фæуыдзыстæм, уымæй. 2019 азы, декабры та ног хид хъуамæ уа алцæмæй цæттæ, — зæгъы Абдула Магдиев.
Хидаразджыты ныхасмæ гæсгæ, фæндаг реконструкцигонд æрцæудзæн 1120 метры бæрц, ног хиды фæтæн уыдзæн 12 метры, йæ дæргъ та — 113,5 метры. Аив æмæ фидар хидмæ уыдзæн бацæуæнтæ, йæ кæрæттæ æхгæд уыдзысты гæрæнæй, уыдзæн дзы рухсытæ конд æмæ фистæгæй цæуджытæн фæндаг дæр, сараздзысты фыдбылызтæй бахизыны мадзæлттæ, цæмæй бæлццæттæн мацы къуылымпытæ æвзарын кæна, ууыл биноныгæй архайдзысты.
ГУГКАТЫ Жаннæ














