Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ, ирон оперон зарæггæнджыты хистæр фæлтæрæй иу — КОКАЙТЫ Надяйы райгуырдыл сæххæст 95 азы

0
398

Театр хуыдта йæ зæрдæ

 

Адæймаг цасфæнды куы фæцæра, уæддæр иу бон йæ царды кæрон æрцæуы, æмæ ма зæххон дунейы баззайы йæ ном, хорзæн та ма уæлæрвты, стъалыты ‘хсæн йæ фæд дæр

Кокайты Надяимæ бирæ азты размæ фембæлдтæн фыццаг æмæ фæстаг хатт… Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ мæм редакцимæ телефонæй йæхæдæг æрбадзырдта иу æрмæджы фæдыл. Бæлвырддæрæй та — барон Вольдемар фон Икскулы тыххæй мын цы æрмæг рацыд, уый фæдыл. Икскуль не ‘ппæтæн дæр зындгонд у, XIX æнусы Ирыстоны хæхтæм куы æрцыд æмæ уым бынæттон цæрджытæй цы фехъуыста æмæ федта, уыцы таурæгъты бындурыл кæй ныффыста, уыцы уацау «Святой Илья горы Тбау»-æй. Ацы æрмæг Кокайты Надяйы зæрдæмæ фæцыд æмæ мын бузныджы ныхæстæ загъта. Йæхи тыххæй цыбырæй куы радзырдта, куы базыдтон, оперон зарæггæнджыты хистæр фæлтæрæй у, уый, уæд мæ, æнæмæнг, йемæ фембæлын æрфæндыд.

Абоны хуызæн ма хъуыды кæнын, Дзæуджыхъæуы Терчы был бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы фатеры къæсæрæй куыд бахызтæн æмæ мæ размæ мидбылхудгæ куыд рауад зæронд сылгоймаг, уый. Йæ цæсгомыл кæддæры рæсугъддзинады фæд зындис, мæнæ хуры мигътæ сæ аууон куыд бакæнынц æмæ уæддæр йæ тын куыд сдары, афтæ. Бирæ чи фæцард, сфæлдыстады уæрæх фæндæгтыл чи фæцыд, уыцы адæймаг цы радзура æмæ æрымыса, уый та куыд нæ вæййы. Афтæ рауад Надяйы хъысмæт дæр. Йæ царды амондджындæр æмæ рæсугъддæр бонтæ снывонд кодта классикон музыкæйæн.

Кокайты Уасилы чызг Надя райгуырд Дзæуджыхъæуы 1923 азы. Чысылæй фæстæмæ уарзта музыкæ æмæ бæллыд зарæггæнæг суæвынмæ. Фынддæс азы йыл цыдис, Цæгат Ирыстонмæ Кокойты Тæтæрхъан куы ‘рцыд æмæ хъæуты курдиатджын фæсивæд куы агуырдта, уæд. Сарæзта кæфтытæ æмæ зарджыты ансамбль. Уырдыгæй райдыдта Надяйы аивадон фæндаг дæр. Райсомæй-иу скъоламæ уадис, сихорыл — ансамбльмæ, фæсахсæвæрты та-иу йæ уроктæ кодта… Дыууы азы йыл ансамблы куыд атахтысты, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Уыцы азтæ йын уыдысты аивады йæ хъару фæлварыны дуг. Скъола каст фæуыны фæстæ Надя бацыд Мæскуыйы консерваторийы ирон студийы хайадмæ, Кокайты чызг уыдис йæ фыццаг студентты къордæй. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, æмæ консерваторийы суинаг зарæггæнджыты къордæй: Мерденты Къоста, Кертанты Тамби æмæ Магкæты Барис, сæ директор Джиоты Георимæ ацыдысты хæстмæ. Иу дæр дзы нал сæмбæлд йæ фыдыуæзæгыл. Сæ хъуыры фæбадтысты сæ бæллицтæ æмæ сæ бирæ рæсугъд фæндтæ, сæ курдиат туджы аныгъуылд. Йе ‘мкурсонты мысгæйæ сылгоймаджы цæстытæ ауымæл сты.

— Хъыг мын у, сæ кой кæй никуы ничи скодта, рохуаты кæй баззадысты, уый. Фæлæ, фыдæлтæй ахæм ныхас баззад, адæймаджы ном цæры, цалынмæ ма йæ уæддæр иунæг адæймаг дæр хъуыды кæна, уæдмæ. Хæст нын нæ размæ бирæ цæлхдуртæ сæвзæрын кодта. Зарыныл нал уыдыстæм, канд нæ бæстæ нæ, фæлæ æнæхъæн дуне дæр гермайнаг фашизмы арты цæхæры сыгъдис. Æрыздæхтæн æз дæр Ирыстонмæ. Мæхицæн афтæ загътон, кæд мæм хъысмæтæй мæлæт æнхъæлмæ кæсы ацы æвирхъау рæстæг, уæд мæ мæ фыдыуæзæгыл баййафæд. Фæлæ мын Дунескæнæг амондджын хъысмæт бахай кодта, — дзырдта Надя.

Бацыд радиокомитеты аивадон къордмæ, фæстæдæр та сси симфонион оркестры солисткæ. Æрыгон хæрзконд æмæ курдиатджын чызджы хъæлæсмæ бирæ аивадон разамонджытæ æрдардтой сæ хъус. Зарыдис æппæт жанрты дæр: лирикон, хъайтарон, адæмон зарджытæ, йæ сæйрагдæр жанртæ та — романстæ æмæ оперæтæ. Йæ фыццаг оперон ари уыд спектакль «Евгений Онегин»-ы Ольгæйы ролы. Онегины хъазыд Гæцойты Алыксандр, Ларинайы ролы та — Тогъойты Таисæ.

Бирæ къамтæ, альбомтæ æрæвæрдта Надя мæ разы. Цымыдисаг уыдысты йæ театралон репертуары афишæтæ. Оперæты аритыл цæст не ‘ххæссыд: Чайковскийы «Евгений Онегин» æмæ «Пиковая дама», Даргомыжскийы «Русалка», РимскийКорсаковы «Царская невеста», Мусоргскийы «Хованщина», «Кармен», «Женитьба Фигаро», «Самсон и Далила» æмæ æндæр дзæвгар романстæ.

— Мæ концерттæ-иу алкæддæр стыр æнтыстытимæ ацыдысты. Тынг бирæ рæтты уыдтæн гастрольты, цалдæр азы та бакуыстон Брянскы æмæ Калугæйы. Уыдтæн Дзæуджыхъæуы скъолатæй иуы зарæггæнджыты разамонæг дæр, — зæгъы Надя.

Йемæ æнцон кусæн уыд режиссертæн, уымæн æмæ сæ канд ныхасæй нæ, фæлæ цæстæнгасæй дæр æмбæрста.

— Иу хатт концерты агъоммæ мæ хъуыртæ тынг рыстысты, дзурын дæр нæ фæрæзтон, фæлæ концертæн аргъæвæн нæ уыд. Иуæй мæ тæвд бæрзонд уыдис, иннæмæй та концерт фæкъуылымпы кæнын дæр уавæр нæ амыдта. Режиссер мын ныллæгъстæ кодта, Надя, исты амалæй азар, зæгъгæ. Тыхтæй æмæ амæлттæй ныхъхъæддых кодтон мæхи сценæйы, æрхауынмæ мæ бирæ нал хъуыд. Концерты фæстæ æруатон дæн, æмæ мæм сыстыны хъару дæр нал уыд. Театры баззадис мæ зæрдæ, æнæ зæрдæйæ та адæймагæн цæрæн нæй, — арф ныуулæфгæйæ сдзырдта Надя.

Куыд дзырдта, афтæмæй йæ цард йæхи фæндон рауад. Йæ сабибонтæй фæстæмæ цæмæ бæллыд, уый йæ къухы бафтыд, йæ цард классикон музыкæимæ сбаста æмæ адæмæн рухс, æхсызгондзинад хаста сæ зæрдæтæм. Сценæ та аив кодта йæ диссаджы уынд æмæ кондæй. Консерваторийы кæимæ ахуыр кодта, уыдонæй (Уырымты Софья, Суанты Федыр æмæ йæхæдæг) цардæгас ничиуал у, фæлæ уæлæуыл баззад сæ ном, сæ аивад æмæ нæ уыдзысты рох, цалынмæ театр цæра, уæдмæ.

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here