Исрафил дзы уӕлахизӕй ӕрцыд

0
533

1942 азы фӕззӕджы Елхоты сӕрмӕ ӕрджынарӕджы цыд стыр фыдбоны хӕсты тымыгъ немыцаг фашистты ныхмӕ. Уыцы тугкалӕн хӕстыты цауты тыххӕй бирӕ чингуытӕ ӕмӕ газетты фӕрстыл фыст ӕрцыд, фӕлӕ ма дзы, ӕвӕдза, цас ӕмӕ цас хабӕрттӕ баззад фыссинагӕй…

 

«1942 азы фӕззӕджы Кавказ бахъахъхъӕныныл Цӕгат Ирыстоны цы тугкалӕн хӕст бацайдагъ, уый хонынц Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ахъаззагдӕр цаутӕй иу. Гитлерон командӕкӕнынадӕн уӕлдай ахсджиагдӕр уыд, нӕ республикӕйы сӕйраг горӕт Дзӕуджыхъӕу бацахсын, цӕмӕй фӕндаг байгом уыдаид Грознамӕ, стӕй та — Фӕскавказмӕ Бакуйы нефты гуырӕнтӕм ӕмӕ ахызтаиккой дарддӕр Хӕстӕг Хурыскӕсӕны бӕстӕтӕм. Балбирӕгътау фашисттӕ лӕбурдтой… Тӕссаг хӕстон уавӕр кӕй сӕвзӕрд, уый тыххӕй не ‘фсӕддонты размӕ уыд стыр ӕмӕ уӕззау хӕс ӕвӕрд — знаджы ӕруромын, бахъахъхъӕнын Дзӕуджыхъӕу…» — фыста 2012 азы 20 декабры «Рӕстдзинад»-ы газеты историон наукӕты кандидат Тохсырты Валодя.

Уыцы рӕстӕг Елхоты ӕмӕ ӕввахс хъӕуты фӕсивӕд нал баззад. Уый размӕ, дам, Елхоты ӕфсӕнвӕндаджы станцӕйы, поездмӕ гуылф кодтой, ӕрцауындзӕг, дам-иу сты вагӕттыл, ӕз фӕраздӕрӕй бырстой фронтмӕ. Хистӕрӕй, кӕстӕрмӕ ӕрвыст ӕрцыдысты хӕстмӕ, бирӕтӕ бархийӕ дӕр цыдысты Райгуырӕн зӕхх бахъахъхъӕнынмӕ. Елхоты ма цы адӕм баззад, уыдон фӕлыгъдысты акъоппытӕм Елхоты ӕмӕ Змейкӕйы хъӕдтӕм. Уӕддӕр сӕ хӕдтӕхджытӕ (мессершмидтӕ), фӕздӕг цы акъоппытӕй цыд, уыцы акъоппытӕм калдтой бомбӕтӕ. Быдыры цы хоры, халсарты бирӕ бӕркад уыд, уыдон ныссӕстой, сыгътой хӕдзӕрттӕ, тардтой фос…

Хъӕуы фӕсивӕдӕй хӕстмӕ кӕй акодтой, уыдоны ‘хсӕн уыдысты Бызыккаты Раздены цыппар фырты: Гигла, Граф, Гудзи, Лентъо. Кӕстӕр Лентъо уӕд цыд ӕхсӕзӕм къласмӕ. Уыд бӕрзонд, фидар, йӕ азтӕй хистӕр зынд асмӕ гӕсгӕ. Скъоламӕ йӕм урокмӕ бацыд цавӕрдӕр лӕг хӕстон комиссарадӕй, сыстын ӕй кодта, хӕдзармӕ дӕр ӕй нал ауагътой… Уӕд йе ‘мкъласон чызджытӕ фӕхабар кодтой йӕ мад Икъианмӕ. Йӕ фӕдыл ӕфсӕнвӕндагыл Елхоты хъӕуы сӕрӕй йе ‘мкъласон чызджытимӕ кӕугӕйӕ фӕцыд ӕнӕбон ныййарӕг Нуца Кӕрдзыны хӕстон комиссарадмӕ. Фӕстӕдӕр ма Лентъо фыста хӕсты быдырӕй: «Мӕ зынаргъ ныййарджытӕ! Арты стӕм, арты, фӕлӕ мын судзынӕй ма фӕтӕрсут!» Уыцы ӕвзонг хӕстон Бызыккаты Лентъойы тыххӕй ма фыста Кировы районы газет «Размӕ»-йы хӕсты ветеран, елхотаг, Лентъоимӕ хӕсты быдыры чи уыд, уый — Габысиаты Ислам (Итта). ӕвзонг лӕппу Бызыккаты Раздены фырт Лентъо ӕбӕрӕгӕй фесӕфт хӕсты быдыры.

Уӕды хабӕрттӕ хъӕуы цӕрджыты тыххӕй бирӕ сты, сӕ алкӕй кой ракӕнынӕн фадат нӕй. Хъӕуӕй хӕсты быдырмӕ кӕй акодтой, уыдонимӕ уыд мӕ фыды, Бызыккаты Ладойы ӕрдхорд Магкӕты Исрафил дӕр. Фронтмӕ ацыд 18- аздзыдӕй. Цас диссаджы лӕгдзинӕдтӕ равдыста тугкалӕн хӕстыты, уый тыххӕй бирӕ ӕрмӕджытӕ фыст ӕрцыд нӕ республикон мыхуыры фӕрӕзты: газетты ӕмӕ журналты. Исрафилы тыххӕй ис ӕнӕхъӕн роман ныффыссӕн. «Алания-фильм» дӕр ыл систа цыбыр киноныв: «Героем себя не считаю. Великая Отечественная война в лицах. Исрафил Макеев»

Ныртӕккӕ Магкӕты Исрафилыл цӕуы 96 азы, фӕлӕ ма кусы республикон зайӕгойтӕ хъахъхъӕнӕн станцӕйы. Арӕх фӕзӕгъы: «Зӕронд кӕнынмӕ мын рӕстӕг нӕй…» Зивӕг цы у, уый нӕ зоны.

Уый у, тохы быдырӕй Уӕлахиз чи ӕрхаста, уыдонӕй иу, хъӕууонхӕдзарадон наукӕты кандидат, зындгонд ахуыргонд, Елхоты кадджын гражданин, фӕллойы ӕмӕ хӕсты ветеран, Сырхтырысаджын дивизийы 206-ӕм ӕхсӕг полчъы 1- ӕм ротӕйы гвардион взводы командир Магкӕты Муссӕйы фырт Исрафил.

Паддзахад стыр аргъ скодта хъӕбатыр хӕстонӕн, саккаг ын кодта «Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты 1-аг къӕпхӕны», «Сырх стъалыйы», Кады нысаны ӕмӕ «ӕвзист дзуары» ордентӕ, «Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты 70 азы», «Ирыстоны Намысӕн» ӕмӕ ма 20 ӕндӕр кадгӕнӕн майдантӕ. Уыдон алы аз Уӕлахизы боны бӕрӕгбоны хурмӕ цӕхӕртӕ фӕкалынц куырыхон, нӕртон, алцымбарӕг ӕмӕ сӕрбӕрзонд, фӕллойы ӕмӕ хӕсты ветеран, хъӕууон хӕдзарады хъазуатон кусӕг, сыгъзӕрин адӕймаг Магкӕты Исрафилы риуыл.

 

Уӕлахизы уалдзӕг

(Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг Магкӕты Исрафилы зарӕг)

 

Уӕлахизы уалдзӕгӕй Дуне ныррухс и,

Нӕ бӕстӕйыл Хурзӕрин дары йӕ арм…

Хӕстон лӕг фӕлладӕй йӕ хъӕубӕстӕм ‘рцыди,

Йӕ размӕ фӕтындзы йӕ ныййарӕг мад. —

 

О, мӕнӕ фырцинӕй мӕ зӕрдӕ фӕтоны, —

Ныддӕлгом и зӕххыл хъӕбатыр хӕстон…

Ныййарӕг йӕ цӕнгтӕй йӕ хъӕбулыл ‘ртыхсы:

«Мӕ зӕрдӕ, мӕ дуне, мӕ дарӕг, мӕ сом!»

 

Тыгъды быдыр, уастӕн, ӕгъатыр фыдбонтӕ,

Дзыллӕты тӕригъӕдӕй сӕфа дӕ ном…

Цӕнгтӕтыгъдӕй Нана цӕссыгкалгӕ згъордта,

Куы фехъуыста: «Ссыди сӕрӕгас — йӕ цот!»

 

Ирыстоны Зӕххыл йӕ хъӕубӕсты уындӕй

Фырцинӕй куы кафыд салдаты зӕрдӕ.

Хуымӕллӕгау бӕлццон йӕ мадыл ӕртыхсти,

Куы нал уыд фыруарзтӕй йӕ монцтӕн зӕгъӕн.

 

БЫЗЫККАТЫ Земфирӕ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here