Сӕйраг ӕргом — Ирыстоны царды ӕхсӕнадон ӕмӕ политикон нывылдзинадмӕ

0
305

 

Цӕгат Ирыстоны нациты ‘хсӕн ӕхсӕнадон регионалон змӕлд «Наша Осетия»-йӕн уыд дзуаппон-ӕвзарӕн конференци. Йӕ куыст баст уыд Уӕрӕсейы Федерацийы Конституцийыл 25 азы сӕххӕсты кадджын бонимӕ.

Конференцийы сӕйраг раныхасгӕнӕг, нӕ республикӕйы нациты ‘хсӕн ӕхсӕнадон регионалон змӕлд «Наша Осетия»-йы сӕрдар Лагкуты Вячеслав йӕ дзуаппон доклады куыд радзырдта, афтӕмӕй фӕстаг дыууӕ азы дӕргъы змӕлд «Наша Осетия» зӕрдиагӕй архайдта республикӕйы ӕхсӕнадон, национ ӕмӕ алыхуызон динты ‘хсӕн `ӕнгом бастдзинӕдтӕ ноджы фидардӕр кӕныныл; нӕ республикӕйы, стӕй ӕппӕт Уӕрӕсейы дӕр фӕстаг дыууӕ азы ӕрцыд бирӕ ивддзинӕдтӕ, ӕмӕ цыдӕриддӕр политикон цаутӕ уыд, уыдоны змӕлды советы уӕнгтӕ ӕмӕ республикӕйы национ-культурон ӕхсӕнадтӕ разӕнгардӕй архайдтой ӕмӕ афтӕмӕй цӕсгомджынӕй ӕххӕст кодтой сӕ граждайнаг хӕс. Уӕлдай стырдӕр ӕргом змӕлд «Наша Осетия» здахы дины фарстатӕм. Алыхуызон адӕмыхӕттыты, динтӕ ӕмӕ конфесситы минӕвӕрттӕ Цӕгат Ирыстоны хӕларӕй ӕмӕ кӕрӕдзи нымайгӕйӕ кӕй цӕрынц, сӕ ахастытӕ нывыл кӕй сты, уым, Лагкуты Вячеславы ныхасмӕ гӕсгӕ, стыр бавӕрӕн хӕссы змӕлд «Наша Осетия».

Конференцийы куысты архайдта республикӕйы нациты ‘хсӕн ахастдзинӕдты министр Цуциты Аслан. Министрад ӕмӕ ӕхсӕнадон змӕлд «Наша Осетия» кӕнынц ӕнгом ӕмгуыстад. ӕмӕ Лагкуты Вячеслав арфӕ ракодта Цуциты Асланӕн, республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон царды сӕвзӕрӕг фарстатӕ лыг кӕнгӕйӕ, министрад сӕ фарсмӕ алкӕддӕр кӕй балӕууы ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй баххуыс кӕны, уый фӕдыл.

Конференцийы архайджытӕ дзуаппон доклад банымадтой хорзыл. Уый фӕстӕ ма байхъуыстой змӕлды цӕстдарӕн-ревизион къамисы куысты тыххӕй дзуаппон докладмӕ. Ивддзинӕдтӕ ӕмӕ уӕлӕфтуантӕ бахастой Уставмӕ ӕмӕ хӕстӕгдӕр фондз азы ӕмгъуыдмӕ равзӕрстой цӕгатирыстойнаг регионалон ӕхсӕнадон змӕлд «Наша Осетия»-йы сӕрдары, советы, стӕй цӕстдарӕн-ревизион къамисы уӕнгты. Змӕлд «Наша Осетия»-йы сӕрдарӕй хӕстӕгдӕр фондз азмӕ ногӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Лагкуты Вячеслав.

З.АГЕЕВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here