Республикӕйы рӕзты стратеги 2030 азмӕ

0
370

 

Фидӕны нысантӕй разы сты ФИДАРАТЫ Фидар, Дзӕуджыхъӕуы Дзанайты Азанбеджы номыл Нывкӕнынады училищейы директор:

— Нӕ республикӕйы социалон-экономикон рӕзты стратегийы культурӕйы къабазмӕ хъусдард бӕстонӕй кӕй ӕрцыд, ӕмӕ зӕгъӕн ис, культурӕйы фарстатӕм се ‘ппӕтмӕ дӕр сӕрмагондӕй кӕй ӕркӕсдзысты, уый стыр ӕмӕ ахсджиаг хъуыддаг у. Дзӕуджыхъӕуы Нывкӕнынады училище куы фӕзынд, уӕдӕй абонмӕ йӕ бынат нӕма схъарм кодта, иу зӕронд бӕстыхайӕ иннӕмӕ йӕ бынат раивы хуыздӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ. Ныр стратегийы фӕрцы фадат фӕзынд, нӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕ рагӕй цӕмӕ бӕллыдысты, уыцы бӕллиц сӕххӕст кӕнынӕн. Ныфс нын бавӕрдтой, сӕрмагонд бӕстыхай нын кӕй сараздзысты, бӕстыхайы дӕлбар та кӕй байгом кӕндзысты нывкӕнынады скъола сывӕллӕттӕн. Иннӕ хорз хъуыддаг та ма стратегийы уый ис, ӕмӕ нӕ училищейӕн Фыййагдоны цы базӕ уыд, студенттӕ практикӕйы рӕстӕг сӕрдыгон пленэрмӕ кӕдӕм цыдысты, уый дӕр ногӕй кӕй сараздзысты. Уыцы хъуыддаг нын нӕ куысты авналӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕндзӕн. Нӕ бон уыдзӕн Ирыстонмӕ Уӕрӕсейы нывкӕнынады уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты студентты фӕхонын дӕр пленэртӕм. Уый, фыццаджыдӕр, ахъаз уыдзӕн нӕхи студенттӕн, фӕлтӕрдзысты сӕхи ӕмӕ фидардӕр кӕндзысты ахуыргӕнӕндӕттимӕ бастдзинӕдтӕ, кӕстӕрты хӕлардзинады ахастдзинӕдтӕ.

Бӕргӕ, ӕмдзӕрӕн дӕр нӕ куы фӕуаид. Уый аххосӕй фӕкъаддӕр сты, нӕ сыхаг регионтӕй нӕм ахуырад райсынмӕ цы студенттӕ цыд, уыдоны нымӕц. Фӕсхъӕуты цӕрджыты дӕр тыхсын кӕны ацы фарста ӕмдзӕрӕнимӕ. Стратегийы программӕйы руаджы нӕ училищейы ногтӕй раивдзысты не сфӕлдыстадон кусӕнгӕрзтӕ, нӕ кабинеттӕ ифтонггонд ӕрцӕудзысты нырыккон домӕнтӕм гӕсгӕ. ӕмӕ уый у, мах ӕрмӕст бӕлгӕ кӕмӕ кодтам, ахӕм хъуыддаг. Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, культурӕйы иннӕ къабӕзтӕм дӕр сӕрмагонд программӕты руаджы лӕмбынӕг хъусдард кӕй ӕрцӕудзӕн, уый.

 

Дзанайты Аллӕ, Тугъанты Махарбеджы номыл нывкӕнынады музейы директор:

— Музей у адӕмы истори, культурӕ ӕвдисӕг айдӕн, республикӕйы рӕзты стратегийы нӕм фынфенӕгау факастысты, раздӕр ӕрмӕст бӕллӕн кӕмӕ уыд, музейтӕм ахӕм хъусдард кӕй ӕрцӕудзӕн, уыцы хъуыддаг. Сӕ цӕрӕнбон бирӕ, чи сыл бакуыста, уыдонӕн. Куыд музейы разамонӕг, афтӕ мӕ зӕрдӕ риссы, ныр ӕртын азӕй фылдӕр нӕ музейы ӕвӕрӕнтӕ нывгӕнджыты сфӕлдыстадон куыстытӕй кӕй нӕ хъӕздыгдӕр кӕнынц, уыцы уавӕр.

Цас хорз нывгӕнджытӕ нӕм ис, ӕмӕ сӕ куыстытӕй ӕвӕрӕнты нӕй. Раздӕр-иу сӕрмагонд къамис ӕрзылд ӕрмадзтыл, ӕмӕ-иу цы куыстытӕ равзӕрстой, уыдон балхӕдтой музейӕн. Уӕрӕсейы стырдӕр музейтимӕ ӕмгуыст кӕнгӕйӕ, арӕх бацагурынц нӕ ӕвӕрӕнтӕй нӕ нывгӕнджыты куыстытӕ, ӕмӕ афтӕ рауайы, ӕмӕ кӕцыдӕр азты нывгӕнджытӕй цы куыстытӕ равдисӕм, уый нӕй. Уый хорз уавӕры бӕрӕггӕнӕн нӕу.

Ирыстон кадджын уыд иннӕ адӕмыхӕттыты ‘хсӕн йӕ бӕрзонд аивадӕй ӕмӕ йын ныллӕгдӕр кӕнӕн нӕй. Мӕ зӕрдӕмӕ стратегийы фӕцыд виртуалон музейтӕ саразыны хъуыды дӕр. Рӕстӕг куыд ивы, афтӕ рахизын хъӕуы нымӕцон фӕрӕзтӕм дӕр. Уымӕн ӕмӕ фӕсивӕд уарзынц аивад, фӕнды сӕ фылдӕр базонын нывгӕнджыты сфӕлдыстады тыххӕй ӕмӕ сын хъӕугӕ уавӕртӕ саразын махӕн нӕ хӕс у. Музейы хъӕуы бабӕстон кӕнын, нывтӕ кӕм дарӕм, уыцы ӕвӕрӕнтӕ дӕр. Уыцы ӕппӕт хорз хъуыддӕгтӕн хъӕуы ӕхцайы фӕрӕзтӕ, паддзахады ӕххуыс ӕмӕ хъӕппӕристӕ. Мӕн уырны, культурӕйы къабазы программӕтыл цы специалисттӕ бакуыстой, уыдоны фӕндтӕ царды уагъд кӕй ӕрцӕудзысты.

Æхсӕнадон байхъуыстыты архайджытӕм цы фӕрстытӕ уыд, уыдон уыдысты хъуыдыйаг. Зӕгъӕм РЦИ-Аланийы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты ӕмӕ коммуникациты комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гӕбӕлаты Мӕдинӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, раст нӕу, республикӕйы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты фарстатӕй иу дӕр стратегимӕ хаст кӕй не ‘рцыд. Ома, иппӕрд ӕрцыдысты стратегийы алы къабазӕй дӕр. Йӕ курдиат уыд, цӕмӕй нӕ республикӕйы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты рӕзты фарстатӕ хаст ӕрцӕуой ацы къабазмӕ, кӕннауӕд та хаст ӕрцӕуой, куыд сӕрмагонд къабаз, афтӕ.

 

ХЕТÆГКАТЫ Оксанӕ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here