2019 аз — Театры аз Уӕрӕсейы 2019 аз Уӕрӕсейы Федерацийы нымад цӕудзӕн Театры азыл. Уый тыххӕй Указ бафыста нӕ бӕстӕйы Президент Владимир ПУТИН. Сӕйраг нысантӕ сты — Уӕрӕсейы ӕппӕты хуыздӕр театралон традицитӕ ӕмӕ ӕнтыстдзинӕдтӕ бахъахъхъӕнын, театралон аивады фарстатӕм биноныгдӕр цӕст дарын ӕмӕ йын йӕ арӕнтӕ ноджы уӕрӕхдӕр кӕнын. Театралон азы фӕлгӕты арӕзт цӕудзысты дунеон ӕмӕ ӕппӕтуӕрӕсеон мадзӕлттӕ. Мартъийӕ ноябрмӕ цӕудзӕн ӕппӕтуӕрӕсеон театралон марафон, XXV фестиваль «Золотая маска» ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Знон Театры аз байгом Уӕрӕсейы ӕппӕт субъектты дӕр. Ирыстоны Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл паддзахадон академион театры дӕр кадджын уавӕры ацыд Театры азы кадӕн мадзал концертон программӕимӕ. Мадзалмӕ ӕрбацыдысты РЦИАланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы культурӕйы министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Къубалты Эльбрус, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ӕмӕ нӕ республикӕйы театралон аивады кусджытӕ. Театры азы фӕдыл архайджытӕн арфӕ ракодта Тускъаты Таймураз. — Зынаргъ театры ветерантӕ ӕмӕ театрдзаутӕ, нӕ бӕстӕйы Президент цы уынаффӕ бафыста, 2019 аз — Театры азыл банымайын, уый не ‘ппӕтӕн дӕр ӕхсызгон хабар у. Мӕ зӕрдӕ дарын, Театры азы фӕлгӕты бирӕ ног проекттӕ кӕй фендзыстӕм, театры аивады бӕрзӕндыл ног стъалытӕ кӕй сӕрттивдзысты, ууыл. Театры аз канд ног проекттӕ ӕмӕ цаутӕй бӕрӕггонд нӕ цӕудзӕн, фӕлӕ нын фадат уыдзӕн нӕ бӕстӕйы хуыздӕр театралон архайджытимӕ ӕмныхас ӕмӕ ӕмгуыст кӕнынӕн. Нӕ размӕ ис вазыгджын хӕс — нӕ фидӕны фӕлтӕртӕн цавӕр бындурон хӕзнатӕ ныууадздзыстӕм, ууыл ахъуыды кӕнын. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы «Культурный документ», зӕгъгӕ, гӕххӕтт бацӕттӕ кӕнын, ахсджиаг нысантӕ амынд кӕм цӕудзысты, ахӕм мадзал саразын. Дзӕуджыхъӕу йӕ равзӕрдӕй абонмӕ кӕддӕриддӕр нымад уыдис Цӕгат Кавказы культурон центрыл. Нӕ Ирон театр дунейӕн балӕвар кодта, сӕ нӕмттӕ ӕнӕмӕлгӕ кӕмӕн систы, уыдоны: Тӕбӕхсӕуты Балойы, Саламты Къолайы, Хуыгаты Георы… Уыдон арӕзтой театр ӕмӕ куыстой йӕ рӕзтыл. Ирыстон курдиӕтты бӕстӕ у ӕмӕ нӕ уырны, ног нӕмттӕ та нӕм кӕй фӕзындзӕн, — загъта Хицауады Сӕрдар. УФ-йы сгуыхт ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист, Театралон архайджыты цӕгатирыстойнаг цӕдисы сӕрдар Гуыбиаты Хъазыбег дӕр арфӕ ракодта театры артисттӕн ӕмӕ загъта, ацы бонмӕ рагӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты. — Адӕм тагъд Ног азы бӕрӕгбон бӕрӕг кӕндзысты, мах, театрты артистты Ног аз та абон райдыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕрухсӕй сбӕрӕг кодтам. Бузныг зӕгъын нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн, нӕ уавӕртӕм нын йӕ цӕст кӕй дары ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ кӕй у, уый тыххӕй. Бузныг, нӕ театрты ветерантӕн, бирӕ азты дӕргъы сӕ арфӕйаг куыст сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ бӕрнонӕй кӕй кодтой, ӕрыгон артистты ног фӕлтӕры хъомылады аккаг бавӕрӕн кӕй бахастой, уый тыххӕй. Театры азы фӕлгӕты архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ къухты фылдӕр ӕнтыстытӕ бафта, — загъта Гуыбиаты Хъазыбег. Театры аз ӕхсызгон хабарӕй райдыдта. Театр «Саби»-йӕн лӕваргонд ӕрцыд ног автобус ӕмӕ сын уый чысыл ӕххуыс нӕу. САУТӕТЫ Тамилӕ Къамтӕ систа КЪӕБЫСТЫ Харитон

0
421

2019 аз — Театры аз Уӕрӕсейы

2019 аз Уӕрӕсейы Федерацийы нымад цӕудзӕн Театры азыл. Уый тыххӕй Указ бафыста нӕ бӕстӕйы Президент Владимир ПУТИН. Сӕйраг нысантӕ сты — Уӕрӕсейы ӕппӕты хуыздӕр театралон традицитӕ ӕмӕ ӕнтыстдзинӕдтӕ бахъахъхъӕнын, театралон аивады фарстатӕм биноныгдӕр цӕст дарын ӕмӕ йын йӕ арӕнтӕ ноджы уӕрӕхдӕр кӕнын.

Театралон азы фӕлгӕты арӕзт цӕудзысты дунеон ӕмӕ ӕппӕтуӕрӕсеон мадзӕлттӕ. Мартъийӕ ноябрмӕ цӕудзӕн ӕппӕтуӕрӕсеон театралон марафон, XXV фестиваль «Золотая маска» ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.

Знон Театры аз байгом Уӕрӕсейы ӕппӕт субъектты дӕр. Ирыстоны Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл паддзахадон академион театры дӕр кадджын уавӕры ацыд Театры азы кадӕн мадзал концертон программӕимӕ.

Мадзалмӕ ӕрбацыдысты РЦИАланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы культурӕйы министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Къубалты Эльбрус, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ӕмӕ нӕ республикӕйы театралон аивады кусджытӕ.

Театры азы фӕдыл архайджытӕн арфӕ ракодта Тускъаты Таймураз.

— Зынаргъ театры ветерантӕ ӕмӕ театрдзаутӕ, нӕ бӕстӕйы Президент цы уынаффӕ бафыста, 2019 аз — Театры азыл банымайын, уый не ‘ппӕтӕн дӕр ӕхсызгон хабар у. Мӕ зӕрдӕ дарын, Театры азы фӕлгӕты бирӕ ног проекттӕ кӕй фендзыстӕм, театры аивады бӕрзӕндыл ног стъалытӕ кӕй сӕрттивдзысты, ууыл. Театры аз канд ног проекттӕ ӕмӕ цаутӕй бӕрӕггонд нӕ цӕудзӕн, фӕлӕ нын фадат уыдзӕн нӕ бӕстӕйы хуыздӕр театралон архайджытимӕ ӕмныхас ӕмӕ ӕмгуыст кӕнынӕн. Нӕ размӕ ис вазыгджын хӕс — нӕ фидӕны фӕлтӕртӕн цавӕр бындурон хӕзнатӕ ныууадздзыстӕм, ууыл ахъуыды кӕнын. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы «Культурный документ», зӕгъгӕ, гӕххӕтт бацӕттӕ кӕнын, ахсджиаг нысантӕ амынд кӕм цӕудзысты, ахӕм мадзал саразын. Дзӕуджыхъӕу йӕ равзӕрдӕй абонмӕ кӕддӕриддӕр нымад уыдис Цӕгат Кавказы культурон центрыл. Нӕ Ирон театр дунейӕн балӕвар кодта, сӕ нӕмттӕ ӕнӕмӕлгӕ кӕмӕн систы, уыдоны: Тӕбӕхсӕуты Балойы, Саламты Къолайы, Хуыгаты Георы… Уыдон арӕзтой театр ӕмӕ куыстой йӕ рӕзтыл. Ирыстон курдиӕтты бӕстӕ у ӕмӕ нӕ уырны, ног нӕмттӕ та нӕм кӕй фӕзындзӕн, — загъта Хицауады Сӕрдар.

УФ-йы сгуыхт ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист, Театралон архайджыты цӕгатирыстойнаг цӕдисы сӕрдар Гуыбиаты Хъазыбег дӕр арфӕ ракодта театры артисттӕн ӕмӕ загъта, ацы бонмӕ рагӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты.

— Адӕм тагъд Ног азы бӕрӕгбон бӕрӕг кӕндзысты, мах, театрты артистты Ног аз та абон райдыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕрухсӕй сбӕрӕг кодтам. Бузныг зӕгъын нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн, нӕ уавӕртӕм нын йӕ цӕст кӕй дары ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ кӕй у, уый тыххӕй. Бузныг, нӕ театрты ветерантӕн, бирӕ азты дӕргъы сӕ арфӕйаг куыст сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ бӕрнонӕй кӕй кодтой, ӕрыгон артистты ног фӕлтӕры хъомылады аккаг бавӕрӕн кӕй бахастой, уый тыххӕй. Театры азы фӕлгӕты архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ къухты фылдӕр ӕнтыстытӕ бафта, — загъта Гуыбиаты Хъазыбег.

Театры аз ӕхсызгон хабарӕй райдыдта. Театр «Саби»-йӕн лӕваргонд ӕрцыд ног автобус ӕмӕ сын уый чысыл ӕххуыс нӕу.

САУТӔТЫ Тамилӕ Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here