Киноныв «Фатимӕ»-йыл — 60 азы

0
697

 

Хетӕгкаты Къостайы ӕнӕмӕлгӕ поэмӕ «Фатимӕ»-йы бындурыл 1958 азы Гуырдзыстоны киностудийы фӕрцы киноныв ист куы ӕрцыд, уӕд уый ӕгас Ирыстонӕн дӕр уыд стыр бӕрӕгбонау
Киноныв арӕзт ӕрцыд Къостайы райгуырдыл 100 азы бонмӕ ӕмӕ йыл тынг зӕрдиагӕй бакуыстой режиссертӕ Уалыты Владимир ӕмӕ Сико Долидзе, оператор Мӕргъиты Дудар, композитор Галаты Барис, нывгӕнӕг Дзанайты Азамбег ӕмӕ иннӕтӕ.

Сӕйраг рольты хъазӕг артисттӕ: Тамарӕ Кокова (Фатимӕ), Гиули Чохонелидзе (Ибрагим), Тӕбӕхсӕуты Бало (Наиб), Отар Мегвинетухуцесси (Джамбулат) ӕмӕ иннӕты нӕмттӕ адӕм дзыхӕй-дзыхмӕ истой ӕмӕ сӕ уыдысты тынг разы. Киноныв рауад зӕрдӕмӕхъаргӕ, профессионалон ӕгъдауӕй бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ абон дӕр йе стыр тых нӕ къаддӕр кӕны.

Киноныв «Фатимӕ»-йы рацыдыл ацы аз 60 азы кӕй сӕххӕст, уый кадӕн 12 декабры Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл Ирон паддзахадон академион театры уыд стыр бӕрӕгбон. Нӕ республикӕйы Культурӕйы министрад, паддзахадон Ирон академион театр ӕмӕ сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууӕг ӕххуысгӕнджытӕ бацархайдтой бӕрӕгбон зӕрдӕмӕдзӕугӕ скӕныныл ӕмӕ сын уый бынтыст. Театры фойейы уыди спектакль «Фатимӕ» ӕмӕ йе ‘мном кинонывы историйыл дзурӕг стыр равдыст. Театрмӕ ӕрбацӕуджытӕ цымыдисӕй кастысты сӕ уарзон артистты стыр хуызистытӕм.

Театры сценӕйыл арӕзт ӕрцыд зӕрдӕмӕдзӕугӕ концертон программӕ. Театрдзаутӕ федтой скъуыддзӕгтӕ спектакль «Фатимӕ»-йӕ, байхъуыстой Ирыстоны паддзахадон хор (йӕ разамонӕг Кокойты Агуындӕ), фольклорон ансамбль «Хъуыбады» ӕмӕ Ирон театры артисттӕ цы зарджытӕ акодтой, уыдонмӕ.

Театрмӕ ӕрбацӕуджытӕ тыхджын къухӕмдзӕгъдӕй сӕмбӕлдысты, Ирыстоны аивадуарзджытӕн рагӕй дӕр уарзон чи у, уыцы артисткӕ Тамарӕ Коковайыл. Уый ацы бӕрӕгбонмӕ ссыди Мӕскуыйӕ ӕмӕ загъта: «Мӕнӕн Ирыстон ӕмӕ Хетӕгкаты Къоста мӕ зӕрдӕйы ахсынц стыр ӕмӕ уарзон бынат. Кинонывты цы 22 сурӕты сарӕзтон, уыдоны ‘хсӕн Фатимӕ у ӕппӕты ахъаззагдӕр. Абон дӕр стыр ӕхсызгонӕй фӕмысын, киноныв исгӕйӕ цы адӕмимӕ куыстон, уыдоны. Ӕз стыр бузныг зӕгъын сымахӕн, уал азы дӕргъы мыл уӕ зӕрдӕ кӕй нӕ аивтат, уый тыххӕй».

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова зӕрдиаг арфӕ ракодта Тамарӕ Коковайӕн ӕмӕ бакаст нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы указ «Уӕрӕсейы сгуыхт артисткӕ Тамарӕ Коковайӕн Цӕгат Ирыстоны Адӕмон артисткӕйы ном саккаг кӕныны тыххӕй”.

Ацы хабарӕн залы бадӕг адӕм сарӕзтой тыхджын къухӕмдзӕгъд сӕ бынӕттӕй сыстгӕйӕ. Ӕнӕмӕнг, Тамарӕ Кокова ацы кадджын номы аккаг раджы уыд. Номдзыд артисткӕ зӕрдиаг арфӕ ракодта нӕ республикӕйы разамонджытӕ ӕмӕ залы бадӕг адӕмӕн.

Уый фӕстӕ аивадуарзджытӕн ӕвдыст ӕрцыди 1958 азы ист киноныв «Фатимӕ». Залы бадджытӕ ӕнӕ иу сыбырттӕй фӕкастысты кинонывмӕ йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ. Уый фӕстӕ дӕргъвӕтин къухӕмдзӕгъдӕй арфӕ ракодтой, ацы зӕрдылдаргӕ бӕрӕгбон чи сарӕзта, уыдонӕн.

БАСКАТЫ Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here