РЦИ-Аланийы премьер-министры фыццаг хæдивæг СÆБÆТХЪУАТЫ Æхсарбег дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй Хицауады хæдзары арæзт æрцыд министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ æмæ районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджыты кусæг æмбырд.
Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Сæгълæууæджы æмæ Цæгат Ирыстоны Хицауады пресс-службæ.
Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой ацы азы архайды пълантыл, стæй æркастысты ахсджиаг социалон объекттæ аразын æмæ цалцæг кæныны фарстамæ.
Сæбæтхъуаты Æхсарбег йæ раныхасы министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæм фæсидт, цæмæй ахадгæ мадзæлттæ арæзт æрцæуа РЦИАланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы амынддзинæдтæ æххæст кæнынæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй æрæджы республикæйы разамонæг Хицауады уæнгты размæ сæвæрдта бæлвырд нысан — ацы азы арæзтæдты æмæ цалцæджы программæтæм кæй бахастой, уыцы объекттыл подрядон организацитæ хъуамæ кусын райдайой 1 апрелы онг.
Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæджы ныхасмæ гæсгæ, цæмæй уыцы нысан къухы бафта, цæмæй æппæт тендертæ æмæ æндæр организацион фарстатæ афойнадыл лыггонд æрцæуой, уый тыххæй æппæт хъæугæ проектон-сметон документаци хæстæгдæр рæстæг хъуамæ лæвæрд æрцæуа Паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæныны республикон управленимæ.
Сæрмагондæй æркастæуыд бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбонад цалцæг æмæ горæтты фæлгонцад аивдæр кæныны программæтæ æххæст кæныны фарстамæ.
Æмбырды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй пъланмæ гæсгæ куыст цæуы Æрыдон æмæ Алагиры канализационсыгъдæггæнæн системæты рацарæзты проекттыл.
Министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ се ‘ргом аздæхтой, Уæрæсейы Федерацийы Президенты амынддзинæдтæ фæндаггон фæткы æдасдзинад бæрзонддæр кæныны фæдыл куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ дæр. Зæгъæм, Æрыдоны, Кировы æмæ Æрæфы районты ныридæгæн цæттæгонд цæуынц фæндаггон змæлды фæтк фæбæстондæр кæныны комплексон схемæтæ. Уыцы вазыгджын документтæ хъуамæ сцæттæ уой 2019 азы 1 майы онг.
Кусæг фембæлды архайджытæ æрдзырдтой æндæр хъуыддæгтыл дæр.
Нæ уацхæссæг














