Скъолатæ. Рæвдауæндæттæ. Рынчындæттæ

0
449

 

Фæсте аззадысты бæрæгбæттæ, ныр та хъуамæ æппæт тыхтæй бавналæм хъуыддæгтæм, нæ размæ цы нысантæ лæууы, уыдон æххæст кæнынмæ. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæйы разамонæг Янæ ВОЙТОВА нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй ведомствойы бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой, ацы аз цы объекттæ араздзысты, цалцæг кæндзысты, уыдоны, æмæ æндæр ахсджиаг фарстаты тыххæй.

 

Министрады кусджытæн ис фидар бастдзинæдтæ дзыллон хабархæссæг фæрæзтимæ, æппæт ногдзинæдтæ æмæ нысанты тыххæй сын кæддæриддæр афойнадыл фехъусын кæнынц. Республикæйы цæрджытæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц, тарниздзæбæхгæнæн диспансеры арæзтад кæронмæ кæд ахæццæ уыдзæн, уымæ. Хъуыддагмæ бавнæлдтой 2018 азы, куыстытæн сæ фылдæр хай æххæстгонд æрцыд.

Ацы азы фыццаг кварталы хъуамæ диспансер байгом уа. Уымæй дарддæр, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы уавæр фæхуыздæр кæныны охыл районты аразынц амбулаторитæ, бындуронæй цалцæггонд цæуы Æрыдоны районы центрон рынчындон. Ацы аз бындуронæй рацараздзысты Тагъд æххуысы республикон клиникон рынчындоны гинекологион, гастроэнтерологион хайæдты, морджы бæстыхæйттæ. Бакæнинаг хъуыддæгтæ цæмæй кæронмæ æххæстгонд æрцæуой, уымæн бахъæудзæн рæстæг, афтæмæй объект сцæттæ уыдзæн 2020 азы. Горæтгæрон районы хъæутæ Майский, Куырттат, Сунжæ æмæ Тарскæйы арæзт æрцæудзæн амбулаторитæ, фелсырон пункттæ. Уæрæсейы Федерацийы Президенты фæстауæрцы фонды æхцайы фæрцы кæронмæ арæзт æрцæудзысты Мæздæджы поликлиникæ æмæ Æрыдоны рынчындон.

Республикæйы разамынд стыр æргом здахы сывæллæтты хъомыл æмæ ахуыр кæнынæн фадæттæ аразынмæ. Бирæ куыстытæ нал баззадис Дзæуджыхъæуы 12-æм микрорайоны скъолайы арæзтады. Уæдæ 18-æм микрорайоны рæвдауæндон дæр бирæ архайд нал домы. Кæд æмæ ныронг дæр рæвдауæндæттæм рады чи лæууы, уыцы сабиты нымæц фæкъаддæр, уæддæр Цæгат Ирыстонæн уыцы фарста нырма у ахсджиаг. Афтæмæй 2019 азы рæвдауæндæтты бынæттæ фæфылдæр кæныны охыл скъолайы рагагъоммæйы кусæндæтты сараздзысты уæлæмхасæн бæстыхæйттæ. Ног скъола 550 бынатимæ аразын райдайдзысты 18-æм микрорайоны, афтæ — ног скъола 31-32-æм микрорайонты дæр. Мичурины хъæуы бавналдзысты ног рæвдауæндоны арæзтадмæ. Рохуаты нæ баззайдзысты микрорайонты фæндæгтæ дæр.

Хицæнæй фæбæрæг кæнæн ис егъау, æмбал кæмæн нæй, ахæм объект — 19-æм микрорайоны аразын райдайдзысты, мин бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъола. Ног рæвдауæндæттæ фæзындзæн хъæутæ Ир æмæ Дачныйы, Мæздæджы. Фæсивæдæн æмæ сывæллæттæн спортæй архайынмæ æмбæлгæ уавæртæ скæныны охыл бындуронæй цалцæггонд цæуынц хъæууон спортивон залтæ, æдæппæт сты дæс. Ацы аз кæронмæ ахæццæ уыдзæнис Национ музейы бындурон рацарæзт. Культурæйы къабазы ма архайынц дыууæ артдзæсты арæзтадыл.

Арæзтад æмæ архитектурæйы ведомство дарддæр æххæст кæндзæнис граждæнты алы категориты цæрæнуæтты уавæр фæхуыздæр кæныны программæтæ. Фарон 227 æрыгон бинонтæ цы фатертæ балхæдтой, уыдоны аргъы 35 процентæн радих кодтой субсидитæ. Ацы аз æрыгон бинонтæн уыцы хъуыддаджы баххуыс кæныны охыл федералон бюджет радих кодта 64,7 милуан сомы. Уыдоны фæрцы 78 бинонтæ суыдзысты ног фатерты хицæуттæ. Уыцы нысанæн ма дихгонд æрцæудзæн уæлæмхасæн æхца. Уæдæ, программæ «Жилье для российской семьи» дæр дарддæр æххæстгонд цæудзæн. Рохуаты нæ баззадысты, æнæбары сæ цæрæнбынæттæ чи ныууагъта, уыцы граждæнтæ дæр. Лæвæрд сын цæудзæн цæрæнуæтты сертификаттæ.

 БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here