Богæлттæ рамбылдтой æртæ балцæджы

0
315

 

Красноярскы хуыцаубоны ахицæн сты ССР Цæдисы сгуыхт тренер Дмитрий Миндиашвилийы номыл турниры ерыстæ.

Ацы æппæтуæрæсеон гом турнирæн йæ ахастдзинад канд зындгонд тренеры приз райсыныл нæу. Ам цы богæлттæ фæерыс кæнынц, уыдонæн сæ фылдæры нысан вæййы къуырийы фæстæ Гран-при «Иван Ярыгин»- ы дунеон турнирмæ балцæг рамбулын. Уый тыххæй Дмитрий Миндиашвилийы номыл турниры алы уæзы дæр бацахсын хъæуы 1-аг кæнæ 2-аг бынæттæ. Уымæй уæлдай ма, турниры уагæвæрдмæ гæсгæ 3-аг бынæттæ чи бацахста, уыдон кæрæдзиимæ уæлæмхасæн фембæлдты сбæрæг кæнынц фæйнæ иу балцæг райсæджы.

Куыд хъусын кодтам, афтæмæй Гран-при «Иван Ярыгин»-мæ ирыстойнаг богæлттæ раздæры бæрæггæнæнтæм гæсгæ балцæгтæ райстой фондзæй: Байаты Давид (70 кг), Сидахъаты Зауырбег (74 кг), Уалыты Владислав (86 кг), Цæкулаты Батырбег (92 кг) æмæ Байцаты Владислав (97 кг).

Нæ ацы зындгонд богæлттыл ма цæмæй бафтыдаид, уый тыххæй та фесгуыхын хъуыди Дмитрий Миндиашвилийы номыл турниры. Уый тыххæй 18-20 январы Красноярскы ерысы бацыдысты æвддæс ирыстойнаг богалы. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты, æрæджы дæр ма фæсивæды кары ерысты чи архайдта, ахæм лæппутæ. Семæ гауызмæ рацыдысты нæ фæлтæрдджын богæлттæ дæр цалдæрæй. Уыдонæй иу, Кцойты Сослан иттæг сæрæн хæст ракодта 86 кг онг уæзы. Сослан фæуæлахиз йæ фондз ныхмæлæууæгыл æмæ бацахста 1-аг бынат. Сосланы бафæзмыдта Зассеты Алан дæр. 79 кг онг уæзы хæцгæйæ Алан равдыста хорз цæттæдзинад æмæ йæ фондз ныхмæлæууæгæй иуæн дæр фадат нæ радта йæ разæй фæуынæн. Афтæмæй Зассейы-фырт дæр 1-аг бынатимæ балцæг райста сæйраг турнир «Иван Ярыгин»-мæ.

Стыр уæлахизмæ тырнындзинад равдыста нæ иннæ суинаг богал Уалыты Чермен дæр. 70 кг онг уæзы хæцгæйæ, рамбылдта цыппар ныхмæлæууæгæй, фæлæ æрдæгкæронбæттæны хæрзчысыл фæкъуыхцы æмæ йын 3-аг бынатæй уæлдæр схизын нал бантыст. Цæмæй сæйраг турнирмæ бахауа, уый тыххæй Чермены хъуыди, йæ уæзы ма 3-аг бынат чи бацахста, уыцы богалыл уæлæмхасæн фембæлды фæуæлахиз уæвын. Чермен уыцы тохы йæхи равдыста иттæг сæрæнæй æмæ рамбылдта балцæг дунеон турнир «Иван-Ярыгин»- мæ.

Нæ богæлттæй ма ахæм фадат уыди 3-аг бынæттæ бацахсæг Гæззаты Батрадз (92 кг) æмæ Хуыбылты Хъазыбегæн. Хъыгагæн, Батрадз æмæ Хъазыбегæн сæ уæлæмхасæн фембæлдты сæ архайд нæ фæрæстмæ æмæ «Иван-Ярыгин»-мæ сæ фæндаг æхгæд æрцыди.

Ныр спортуарзджытæ цымыдисæй æнхъæлмæ кæсдзысты нæ богæлттæ: Байаты Давид (70 кг), Уалыты Чермен (70 кг), Сидахъаты Зауырбег (74 кг), Зассеты Алан (79 кг), Кцойты Сослан (86 кг), Цæкулаты Батырбег (92 кг) æмæ Байцаты Владислав (97 кг), дунеон турнир Гран-при «Иан Ярыгин»-ы куыд ерыс кæндзысты, уымæ. Ирыстоны спортуарзджыты зæрдæ зæгъы, цæмæй нæ лæппутæн бантыса Европæйы чемпионат æмæ Дунеон Кубок рамбулыныл ерыстæм куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр балцæгтæ рамбулын!

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here