Автобустæ — скъолатæн

0
310

 

Æрыдоны 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыр кæны 230 сывæллоны, уыдонæй бирæтæ райсом раджы даргъ фæндагыл ауайын фæхъæуы. Кæй зæгъын æй хъæуы, сабитæ бафæллайынц. Фæлæ ныр уавæр хорзæрдæм аивдзæн, уымæн æмæ ахуырдзаутæн балæвар кодтой, 28 бынаты кæм ис, ахæм ног автобус.

 

— Стыр бузныг ацы диссаджы хъæугæ лæвары тыххæй зæгъæм нæ республикæйы разамындæн, Ахуырад æмæ наукæйы министрадæн æппæт коллективы æмæ ныййарджыты номæй. Æнæмæнг, ацы ногдзинад фæзындзæн ахуырадон æмæ хъомыладон куыстыл. Фадат нын уыдзæн скъоладзауты ерыстæм, конкурстæм хи машинæйыл ласынæн. Райсомæй сæ-иу скъоламæ æрбамбырд кæндзæн, урокты фæстæ та сæ-иу сæ хæдзæрттæм хæстæгдæр бынатмæ ласдзæн, — зæгъы скъолайы директор Адырхаты Зæлинæ. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз знон кадджын уавæры ног «ПАЗ»-ты дæгъæлтæ радта ноджыдæр ма 12 скъолайы директорæн.

— Бузныг уæ арфæйаг куысты тыххæй. Сымах таут æрыгон зæрдæты зонындзинады, æгъдауы, хæлардзинады нæмгуытæ, хъæздыг сын кæнут сæ миддуне, сæ удварн. Нæ республикæйы социалонэкономикон рæзты бындур ахуырад у. Нырыккон методикæтæ æмæ практикæтæй, уæ фæлтæрддзинадæй пайда кæнгæйæ, сымах уе ‘ххуысы хай хæссут Ирыстоны хъомысдзинадмæ, — загъта Тускъаты Таймураз скъолаты минæвæрттæн. — Дарддæр дæр архайдзыстæм алыхуызон паддзахадон программæты æмæ проектты, уæлдæр æмвæзадмæ сисдзыстæм ахуырады материалон-техникон ифтонгдзинад.

Сæ фыццаг балцы скъолаты автобусты афæндараст кодтой Мæздæджы районмæ — Мæздæджы сидзæр сывæллæтты хæдзармæ, Веселæйы хъæумæ, станицæ Терскаямæ, поселок Советскиймæ, Мæздæджы 2-æм скъоламæ, Дур-Дурмæ, Черменыхъæумæ, Суадагмæ, Майрæмадагмæ, Елхотмæ, Цыколамæ æмæ Æрыдонмæ.

ГУГКАТЫ Жаннæ Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here