Æрæджы Дзæуджыхъæуы театр «Саби»-йы байгом кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, зындгонд поэт, æмдзæвгæтæй фыст роман «Цæр»-ы автор Чехойты Сæрæбийæн номарæн фæйнæг.
Уым ын æй цæмæн байгом кодтой, зæгъгæ, йын йæ тугкъабаз, Сæрæбийы хъуыддæгтыл æнувыд архайæг Чехойты Батрадзы куы бафарстон, уæд мын загъта, хæсты фæстæ Сæрæби бирæ азты ам кæй фæфыдæбон кодта, уый. Батрадз Чехойты мыггаджы номæй ныффыста Фысджыты цæдисмæ, Культурæйы министрадмæ, Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды сæрдар Хæдарцаты Махарбегмæ Сæрæбийæн номарæн фæйнæг сæвæрыны фæдыл.
Чехойты Сæрæбийы номыл кадджын æмбырд байгом кодта Алагиры районы культурæйы хайады кусæг Засеты Олег. Ныхасы бар радта зындгонд фыссæг Дзасохты Музаферæн. Уый радзырдта Сæрæбийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Йæ æмдзæвгæтæй фыст роман «Цæр»-ы хуызæн уацмыстæ, дам, бирæ адæмты литературæты дæр нæй. Æнæуый та, дам, уыдис Ирыстоны, йæ ирон адæмы сæрхъызой, ирон дзырдæн кувгæ чи кодта, ахæм лæг, поэт.
Æмбырды ма архайдтой æмæ сæ ныхас загътой «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары фыццаг хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, Минæвæртты æмбырды сæрдары хæдивæг Ходы Мæдинæ, Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн æмæ йæ хæдивæг Скъодтаты Эльбрус, Культурæйы бынты объекттæ хъахъхъæныны æмæ сæ пайда кæныны комитеты сæрдары хæдивæг Чехойты Людмилæ. Уыдис дзы уазджытæ Хуссар Ирыстонæй дæр.
Æмбырды уыдысты Дзæуджыхъæуы педагогон институты студенттæ, Сæрæбийы фыст æмдзæвгæ аив бакаст ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты студенткæ Гогаты Мальвинæ.
Мемориалон фæйнæг байгом кодтой Агънаты Гæстæн æмæ Дзасохты Музафер. Йæ автортæ сты скульптортæ Деметы Ибрагим æмæ Зæнджиаты Тамерлан.
Уæдæ мыггаджы минæвæртты æнувыд архайдæй дæр бирæ аразгæ у. Уымæн æвдисæн Чехойты Батрадзы æнувыд фæллой. Уый бацархайдта, цæмæй Сæрæбийы райгуырды 95, 100 азы юбилейтæ нывыл ацæуой, ууыл. Алагиры районы библиотекæйы дæр уыд Сæрæбийы æмдзæвгæтæ аив кæсыны конкурс. Фарон йæ чиныг «Цæр»-æн дæр уыд презентаци. Чиныг рауадзынæн баххуыс кодта нæ республикæйы Сæргълæууæг.
Чехойты Батрадз куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ архайынц, цæмæй Сæрæбийы ном сæнусон кæныны тыххæй Алагиры районы библиотекæйæн лæвæрд æрцæуа йæ ном.
Кæй зæгъын æй хъæуы, Куклаты театры Сæрæбийæн номарæн фæйнæг æвæрд кæй æрцыд, ууыл зæрдиагæй сæмбæлдысты театры разамынд, йæ кусджытæ.
АБАЙТЫ Эдуард