Равзæрстой федералон æмæ республикон закъæттæ

0
231

 

Знон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы уæнгтæ цы 40 фарстамæ æркастысты, уыдонæй 26 уыдысты федералон закъæттæм ивддзинæдтæ бахæссыны проекттæ, 12 та — РЦИ-Аланийы закъæттæм ивддзинæдтæ бахæссын тыххæй æмæ ног республикон закъæттæм æркæсыны фæдыл. Æмбырд байгом кодта æмæ йæ амыдта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ

Парламенты закъондæттынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Ортабайты Тимур депутатты рæгъмæ цы иуæндæс закъоны проекты рахаста, уыдонæй 8 уыдысты федералон закъæттæм ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Советы уæнгтæ сыл схъæлæс кодтой æмхуызонæй æмæ æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ. Депутаттæ бæлвырддæр æрныхас кодтой комкоммæ республикæмæ цы фарстатæ хауы, уыдоныл. Сæ иу уыдис РЦИ-Аланийы ног закъоны проект «Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы кадджын гражданины номы тыххæй». Советы уæнгтæ бæлвырдæй равзарыны фæстæ уынаффæ рахастой Парламенты æмбырды боны фæткмæ йæ бахæссыны тыххæй. Уагæвæрд куыд амоны, афтæмæй йæм уым бæлвырддæр æркæсдзысты æмæ зæгъдзысты кæронбæттæн хъуыды.

Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Баликъоты Валери депутатты рæгъмæ цы æртæ федералон закъоны проекты рахаста, уыцы ивддзинæдты ныхас цыд хъалонты хицæн хуызты административон бартæ фæхуыздæр кæныныл, Уæрæсейы Федерацийы Бюджетон кодексмæ гæсгæ муниципалон сырæзтæн бюджетон фæрæзтæй пайда кæныны хъуыддаджы æмæ сæхи номæй банкты архайыны бартæ раттыны æмæ фæуæрæхдæр кæныны тыххæй. Фæстаг дыууæ фарстайы комитет аиуварс кодта, Советы уæнгтæ дæр сразы сты.

Депутаттæ бæстон æрныхас кодтой æмæ фыццаг бакастæй райсыныл сразы сты цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Бокоты Эльбрус республикæйы бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбонад капиталон цалцæггæныны тыххæй закъонмæ цы ивддзинæдтæ хаст æрцыд, уыдонимæ. Кæронбæттæн уынаффæ та сын рахæсдзысты Парламенты æмбырды.

Наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Моурауты Алан дыккаг бакастмæ рахаста «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ахуырады тыххæй» закъоны 22 статьямæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Ацы закъоны проекты ныхæстæ «Уæрæсейы Федерацийы субъект» ивд æрцыдысты ныхæстæй «Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани»- йæ, уымæй фæбæлвырд кодтой закъоны статьяйы домæн æмæ фæахадгæдæр йæ тых.

Аграрон æмæ зæххы политикæ, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Тетцойты Георги Советы æмбырды уæнгты базонгæ кодта разамынд цы комитетæн дæтты, уый бацæттæгонд закъæтты проектимæ. Сæ иу у ног закъоны проект «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы хæххон территориты статусы тыххæй», иннæ та куыстады хауæнтæ æмæ сæ пайда кæныны фæдыл. Дыууæ закъоны проекты дæр депутаттæ банымадтой хорзыл. Хорзыл ма банымадтой Тетцойты Георги фыццаг бакастмæ цы закъоны проект рахаста «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæгойтæ кæмыты цæрынц, уыцы бынæттæй пайда кæнын æмæ сæ хъахъхъæныны тыххæй», уый дæр.

Парламенты Советы æмбырды уæнгтæ бæстон æрныхас кодтой æмæ хорзыл банымадтой сæ размæ сын Социалон политикæ æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ, Парламенты Сæрдары хæдивæг Билаонты Батрадз, Национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Хуыгаты Алан цы ахсджиаг закъæтты проекттæ рахастой, уыдон дæр.

Кæронбæттæны депутаттæ байхъуыстой Парламенты Сæрдар Алексей Мачневы раныхасы мандатон къамисы информацимæ Гæбæраты Исахъы фырт Юрийы Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты æхсæзæм равзæрсты депутатæй сæвзарыны тыххæй æмæ 2019 азы Парламенты куыстæн цы хæрдзтæ бахъæудзæн, уый тыххæй. Депутаттæ базонгæ сты РЦИ-Аланийы Парламенты ссæдзæм æмбырды боны фæткимæ.

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here