Шашкæтæй хъазынц стырæй, чысылæй

0
394

 

Шашкæтæй хъазыны спортæн ис йæхи фарсхæцджытæ. Уыдон сæ уарзон спорты хуызыл иузæрдион кæй сты, уый фæрцы нæ республикæйы нæ бамынæг шашкæты цард.

Ивгъуыд аз Ирыстоны шашисттæн хъæздыг рауад алыхуызон ерыстæй. Уымæн йæ «аххосаг» уыди РЦИ-Аланийы шашкæты федераци йæ куыст зынгæ ахадгæдæр кæй фæкодта, уый.

Федерацийы ног сæргълæууæг Тедеты Нинæ йе ‘ххуысгæнджытимæ зæрдиагæй архайынц, цæмæй алы кары шашисттæн дæр сæ ахуыртæй уæлдай фадат уа ерысты архайын. Хъыгагæн, фæстаг азты ахæм гæнæнтæ фаг нæ уыд, æмæ ныр Нинæ æмæ йе ‘мбæлттæ архайынц, цæмæй сæ хъомылгæнинæгтæ æмæ иннæ шашисттæн арæзт цæуой алыхуызон ерыстæ. Курдиатджын чызджытæ æмæ лæппутæ нæм гыццыл кæй нæй, уый дызæрдыггаг кæй нæу, уый та нæ фæсивæд иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой, канд нæхи республикæйы хъазгæйæ нæ, фæлæ æндæр рæтты уæвгæйæ дæр. Зæгъæм, Лохты Альбинæ уыди Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионкæ, Уæрæсейы чемпионаты та бацахста 2-аг бынат. Уæрæсейы хуссар зылды дыууæ хатты чемпионкæ ссис Тедеты Нинæ.

Шашкæтæй хъазынмæ нæм абон рæзы къорд æвзонг лæппуттæ æмæ чызджытæ. Уыдонимæ тынг зардиагæй бирæ азты кусы Кочиты Шота йæ æххуысгæнджытимæ.

Нæ республикæйы шашкæты федераци РЦИ-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты министрадимæ ивгъуыд аз бацархайдтой къорд ерыстæ саразыныл уырыссаг æмæ дунеон шашкæтæй хъазынæй. Уыцы турнирты сæ дæсныдзинад æвдыстой цалдæр кары шашисттæ. Ноджы ма федерацийы уæнгтæ бацархайдтой, цæмæй ерыстæ нæ республикæйы алы районты цæуой æмæ дзы куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр фæсивæд архайой.

Уыцы ерысты кæронбæттæн уыди РЦИ-Аланийы чемпионат Дзæуджыхъæуы. Ерыстæ рауадысты тынг цымыдисаг. Æппынфæстаг, дунеон шашкæты хуызæй ерыс кæнгæйæ 1-аг бынатмæ схызт 26-аздзыд географийы ахуыргæнæг Лохты Альбинæ. Йæ фæстæ 2-аг бынатмæ рацыд 16-аздзыд курдиатджын лæппу Азамат Орешко, 3-аг бынат та бацахста Тедеты Нинæ. Раппæлинаг у 77- аздзыд Тъехты Валентин дæр. Уый бацахста 4-æм бынат.

«Цырд шашкæтæй» хъазгæйæ дæр нæ шашисттæ равдыстой хорз цæттæдзинад. Тынг цымыдисаг рауадысты ацы ерыстæ. Алы хъазагæн дæр лæвæрд уыд фондз минуты æмæ ахæм уавæры уæвын хъæуы тынг цырддзаст. Ахæм уавæрты фесгуыхт, æнхъæл кæмæн нæ уыдысты, уыцы 12-аздзыд лæппу Арман Бабаянц. Уымæн бантыст рамбулын йе ‘ппæт ныхмæлæуджыты дæр, суанг ма нæ республикæйы чемпионкæ Лохты Альбинæйæ дæр. Афтæмæй Альбинæ бацахста 2-аг бынат, 3-аг та ам дæр ссис Тедеты Нинæ.

Декабры фæстаг къуыри ма уыди ноджыдæр иу турнир. Уый та арæзт æрцыд Иосиф Виссарионы фырт Сталины номарынæн. Ацы ерысты фæулахиз Азамат Орешко, 2-аг бынат бацахста Тъехты Тамерлан, 3-аг бынатмæ та рацыди Тедеты Нинæ.

Æппæт ерыстæ аразджытæ зæрдиаг арфæ кæнынц РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимирæн, 5-æм спортивон скъолайы директор Епхиты Дзамболатæн, Тамерлан Алиевæн æмæ æрыгон шашистты ныййарджытæн, ерыстæ аразгæйæ алы хатт цы æххуыс бакæнынц, уый тыххæй.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here