Республикæйы æппæтвæрсыг мадзæлттæ арæзт цæуы, цæмæй чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад рæза. Уыимæ, алыхуызон амалхъомадон проекттæ æххæст кæныны хъуыддагмæ паддзахады æрдыгæй цæстдард ис æппæт къæпхæнтыл дæр. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг хабæртты тыххæй Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав радзырдта Алагиры районы Суадаг æмæ Хæтæлдоны цæрджытимæ фембæлды. Знон уыдис Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады коллегийы уæрæхгонд æмбырд. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Прокуратурæйы, Мидхъуыддæгты министрады, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады, Æрдзæй пайда кæнынадмæ цæстдарды федералон службæйы минæвæрттæ æмæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ.
Æмбырд цыбыр разныхасæй байгом кодта РЦИ-Аланийы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен. Уый радзыдта, йæ бæрныгонд министрад 2018 азы куыд бакуыста æмæ 2019 азы йæ размæ цавæр хæстæ лæууы, уыдæтты тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй 2018 азы министрады специалисттæ стыр æргом здæхтой республикæйы санитарон-экологион уавæр бæрæг кæнынмæ, стæй, куыстадон æппарæццæгтимæ архайыны æмæ æфсисады къабазы закъонадон домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ.
— РЦИ-Аланийы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ министрад ивгъуыд азы апрелы-майы санитарон сыгъдæг кæныны, фæлгонцады æмæ цъæх фæлысты мæйон сарæзта республикæйы æппæт цæрæнбынæтты дæр, — загъта Мамиаты Чермен. — Уымæй уæлдай сыгъдæггонд æрцыдысты автомобилон фæндæгты фæйнæвæрстæ, уæлмæрдты территоритæ, цæрджыты фæлладуадзæн бынæттæ.
Мæйон æппæтæй хуыздæр ацыд Дзæуджыхъæуы Галиуфарсы районы, авд æнæбарлæвæрд бырондоны иуварсгонд æрцыд, Рахизфарс районы — фараст, республикæйы районты та чъизи бынæттæ æфснайд æрцыдысты 40 ранæй фылдæр. Фæлæ æнæбарлæвæрд бырондæтты фарста кæронмæ лыггонд нæма æрцыд. Уымæ гæсгæ УФ-йы Административон барадхæлдтыты кодексы 8,2 статьяйы бындурыл иваргонд æрцыдысты 36 хъæууон бынæтты бæрнон кусджытæ, Муниципалон унитарон куыстуат «Спецэкосервис» æмæ æндæр организацитæ.
Зæххы хъæздыгдзинæдтæй пайда кæныны къабазы закъонадон домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй раныхас кодта министры хæдивæг Моурауты Мæирбег. Уый бафиппайдта, зæгъгæ, алыхуызон æгъдаухæлдтытæ бæрæггонд æрцыд зæххы хъæздыгдзинæдтæй авд пайдакæнджытæм æмæ административон æгъдауæй æфхæрд баййæфтой. Уымæй уæлдай маркшейдерон куыстытæ конд æрцыд, хъæздыгдзинæдтæй 7 æнæбарлæвæрдæй чи пайда кодта, ахæм 9 хайады дæр, æмæ уыдоны тыххæй дæр арæзт æрцыдысты административон мадзæлттæ.
Докладгæнæг радзырдта, зæгъгæ, ивгъуыд азы кæронмæ Цæгат Ирыстоны хыгъд æрцыд 54 донæйпайдагæнæджы. Кæд ацы къабазы чи кусы, уыцы организацитыл 2018 азы пълан уыдис 7050,96 мин сомы, уæд бюджетмæ та бахастой 8896,65 мин сомы.
Цæгат Ирыстоны хъæдтæм хуыздæр цæстæнгас аздахын кæй хъæуы, уый тыххæй йæ раныхасы дзырдта министры хæдивæг Цæллагты Сергей: — Ныртæккæ нæм хъæды фонды зæххытæ ахсынц 177,5 мин гектары. 2018 азы пайда кæнынмæ лæвæрд уыдис, сæ иумæйаг фæзуат 41602 гектары кæмæн у, ахæм 193 хъæды хайады æмæ дзы цæттæгонд æрцыд 9,1 мин кубометры хъæдæрмæг.
Фæлæ хъæд хаццоны лæ- вæрд кæмæ ис, уыдон канд пайдайыл нæ хъуыды кæнынц. Ивгъуыд азы хъæд ногæй сырæзын кæныны куыстытæ конд æрцыдысты 128,2 гектары. Уымæй уæлдай мадзæлттæ арæзт цæуы садзгæ хъæдты фæзуæттæ рауæрæхдæр кæныныл, æмæ уый тыххæй арæзт æрцыд йæ фæзуат 20,5 гектары кæмæн ахсы, ахæм хъæды бæлæсты таладон.
Алыхуызон фарстаты фæдыл раныхас кодтой æмæ нæ алфамбылай æрдзы уавæрмæ хуыздæр цæстæнгас аздахыны фæдыл сæ хъуыдытæ загътой министры хæдивæг Хъарданты Алыксандр, «Æрдзхъахъхъæныны æппæтуæрæсеон æхсæнад»-ы Цæгат Ирыстоны республикон хайады сæрдары хæдивæг Гæзаццаты Алевтинæ, Цæгат Кавказы хæххон металлургион институты экологийы кафедрæйы сæргълæууæг, академик Æлборты Иван æмæ иннæтæ.
ТОХСЫРТЫ Къоста Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон