БИТАРТЫ Вячеслав: «Нæ тыхтæ баиугæнгæйæ, республикæйы фæрныгад нæ къухы бафтдзæн»

0
615

 

Республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав, Алагиры районы куыстадон балцы уæвгæйæ, фембæлд Цаликовойы æмæ Ногхъæуы цæрджытимæ. Ногхъæуы Культурæйы хæдзармæ æрбамбырд сты хъæуты цæрджытæ, цæмæй æргомæй æрныхас кæной сæ ахсджиагдæр фарстатыл.

Ныхасы ма архайдтой республикæйы Хицауады кабинеты, иннæ ведомствоты бæрнон кусджытæ, Алагиры районы разамынд. Фыццагдæр уал Битарты Вячеслав фæбæрæг кодта, республикæйы размæ цы сæйраг нысантæ лæууы, уыдон. Уый фæстæ адæмы бафарста, тынгдæр сæ цы тыхсын кæны, уымæй. «Нæ куыст афтæ аразæм, цæмæй бæстонæй зонæм, адæмы размæ цы къуылымпыдзинæдтæ лæууы уыдон. Иу бонмæ æппæт уыцы фарстатæ алыг кæнæн нæй, фæлæ, нæ тыхтæ баиугæнгæйæ, республикæйы фæрныгад нæ къухы бафтдзæн», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Æмбырды архайджытæ рæгъмæ рахастой ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарады, куыст ссарыны, арæзтады, социалон инфраструктурæ бындуронæй цалцæг кæныны фарстатæ. Хъæуты цæрджытæн ахсджиаг сты, ахуырады цы оптимизаци конд æрцыдис, уый фæстиуджытæ. Уый фæлгæты 2011 азы Ногхъæуы иумæйаг ахуырадон скъола баиу кодтой Суададжы скъолаимæ æмæ афтæмæй ссис филиал. Цæрджытæ куыд нымайынц, афтæмæй уый æвзæрæрдæм фæзындис ахуырады хæрзхъæддзинадыл, ныййарджытæ сæ сывæллæтты æндæр скъолатæм ивын райдыдтой. Абон хъæуы ис 87 ахуырдзауы, адæм тыхсынц, мыййаг, скъола 9-азонмæ куы раивой, ууыл.

Битарты Вячеслав сын сæ зæрдæты ныфс бауагъта, куыд бафиппайдта, афтæмæй хъæуты скъолатæ æхгæд никуы æрцæудзысты. «Иунæг ахуырдзау дзы куы уа, уæддæр скъола кусдзæн. Хъæубæсты мидæг скъола дæр куы нæ уа, фелсырон-акушерон пункттæ куы нæ аразæм, спортзалтæ дзы куы нæ гом кæнæм, уæд дзы хъуамæ чи цæра?!», — загъта республикæйы разамонæг æмæ бахæс кодта Ахуырад æмæ наукæйы министрадæн, цæмæй хъуыддаг лæмбынæг равзарой. Республикæйы Сæргълæууæгæй ракуырдтой, цæмæй æркæса Цаликовойы хъæуы рæвдауæндон саразыны фарстамæ, уымæй дарддæр — Культурæйы хæдзар дæр домы бындурон цалцæг. Уый тыххæй та райстой ахæм дзуапп: «Ног азы, æнæмæнг, бавналдзыстæм культурæйы артдзæст цалцæг кæнынмæ, ахæм заууат уавæры кæй ис, уый аххосæй адæмæн сæ къухы нæ бафтыд хъæуы 150 азы юбилей сбæрæг кæнын. Æнæмæнг, куыстытæ конд куы ‘рцæуой, уæд юбилей дæр сбæрæг кæндзыстæм». Ацы уынаффæ ногхъæуккæгтæн уыдис æхсызгон. Æртæ азы дæргъы сæм афтек кæй нæй, уый дæр адæмæн цавæрдæр зындзинæдтæ æвзарын кæны. Уый тыххæй та загъта хъæуыхицау Демыраты Хъазыбег.

Хъæуты фелсырон-акушерон пункттæ кусы, сæ уавæр зæрдæмæдзæугæ у, фæлæ хостæ балхæныны хъуыддаджы къуылымпыдзинæдтæ æвзæры. Алагирæй уал сын къуыри æртæ хатты хъæугæ хостæ ласынц. Битарты Вячеслав сразы ис адæмы хъуыдыимæ æмæ бахæс кодта, цæмæй хæстæгдæр рæстæг фарста алыг кæной.

Цæрджытæм цы курдиæттæ æмæ фарстатæ уыдис, уыдон æмхуызонæй фыст æрцыдысты, æмæ сæм æркæсдзысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрацийы граждæнты курдиæттимæ кусæг управленийы.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here