Пенсион реформæйы ногдзинæдтæ

0
464

 

Уæрæсейы Федерацийы пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæджы хæдивæг Федор ВЕЛИКИЙÆН нæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ уыд фембæлд. Уый, пенсион закъонады цы ивддзинæдтæ æрцыд æмæ, дæргъвæтин рæстæг ныхас кæуыл цæуы, уыцы фарстатыл æрдзырдта æмæ дзуапп радта журналистты фæрстытæн.

Куыд радзырдта, афтæмæй абоны онг-иу кæд нæлгоймаг пенсийы ацыд 60-аздзыдæй, сылгоймаг та — 55-аздзыдæй, уæд ныр, ног домæнтæм гæсгæ цæудзысты, нæлгоймаг — 65- аздзыдæй, сылгоймаг та — 60-аздзыдæй.

Уыимæ, сылгоймагæн йæ бон пенсийы раздæр ацæуын у уæд, æмæ йын сывæллæттæ куы уа. Зæгъæм, иу сывæллон ын куы уа, уæд ацæудзæн афæдз раздæр, дыууæ, уæд — дыууæ азы раздæр, æртæ — æртæ, цыппар — цыппар, фондз — фондз азы раздæр. Фондз сывæллонæй фылдæр ын куы уа, уæд уыдон дæр нымад цæуынц куыд фондзыл.

Пенсион закъонады ногдзинæдтæм гæсгæ, хъæуты чи цæры æмæ дзы 30 азы хъæууон хæдзарады къабазы чи бакуыста, уыдонæн сæ пенсимæ æфтыд цæуы 25 проценты. Абоны бон уал ацы категоримæ чи хауы, ахæм адæмы нымæц нæ республикæйы хæццæ кæны 1663 адæймагмæ. Æмæ кæд ацы номхыгъдмæ исчи нæ бахауд, уæд йæ бон у, цы районы цæры, уыцы пенсион фонды хайадмæ бацæуын æмæ хъуыддаг сбæлвырд кæнын. Гъе та бахæссын хъæугæ гæххæттытæ. Æмæ йæ бахæсдзысты номхыгъдмæ.

Ног закъонмæ гæсгæ пенсийы афонæй раздæр ацæуыны бар раздæр куыд уыд, афтæ баззад, адæймаджы æнæниздзинадыл æвзæрæрдæм чи зыны, ахæм бынæтты кусджытæн, граждайнаг авиацийы тæхджытæн, тæхæг-фæлварджытæн, радиацион æмæ техногенон бæллæхты чи бахауд, уыдонæн, æхсæнадон транспорты шофыртæн, цæстæй æвзæр чи уыны, уыцы инвалидтæн, сахъат сывæллæтты ныййарджытæн, кæнæ сæм чи кæсы, уыдонæн.

КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here