Фыдыуæзæг — сæ цин æмæ сæ сагъæс
Не ‘мзæххонтæй Ирыстонæй дард чи цæры æмæ сæ амалхъом чи у, уыдонæй бирæтæ сæ зæрдæ нæ ивынц фыдызæххыл. Кæмæн йæ бон куыд у, æмæ йæ амал куыд амоны, афтæ хъуыддагæй æвдисынц сæ бастдзинад сæ чысыл Райгуырæн бæстæимæ
Ирыстонимæ бастдзинæдтæ
Хъырымы ирæтты диаспорæ у бæстæйы æмæ фæсарæнты егъаудæртæй иу. Абон Хъырымы ирæтты республикон æхсæнадмæ чи хауы, уыдон сты: “Хъырымы æхсæнадон организаци “Хъырымы Хуссар былгæроны ирон адæмы конгресс», йæ разамонæг — САУЛАТЫ Валери; Ялтæйы горæты ирон æхсæнад «Ир», йæ разамонæг — дохтыр ХУЫБЕЦТЫ Алыксандр; Севостополы ирон националон-культурон æхсæнад «Алани»— разамынд ын дæтты ГУÆЦÆЛТЫ Валери, Æхсæнадон организаци «Республикон организаци «Скифаг-алайнаг», йæ разамонæг — ХАЦЫРТЫ Харитон æмæ Алуштайы организаци, йæ разамонæг ДЗАНГУЫБЕККАТЫ Джемал.
Хъырымы ирæттæ — Аланты республикон æхсæнад «Алани»-йы иумæйаг æмбырды сæрдарæй ногæй æвзæрст æрцыд Саулаты Валери. Йæ хæдивджытæ систы Гуæцæлаты Валери, БОГАЗТЫ Мæир, КОЛЫТЫЖАРИКОВА Светланæ æмæ Валери АБДУЛАЕВ. Правленийы секретарæй æвзæрст æрцыд БЕСЛЕХЪОТЫ Ольгæ.
Ивгъуыд азты Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссар хæйтты цыдæриддæр уæззау хабæрттæ æрцыд, уыдоны се ‘ппæты дæр иудадзыг архайдтой Хъырымы цæрæг ирæттæ. Æрмæст сæ фыдыбæстæимæ нæ фидар кодтой бастдзинæдтæ, фæлæ ма сыгъдæгзæрдæ, разæнгардæй архайдтой Хъырымы æхсæнадон царды дæр, фидар бастдзинæдтæ арæзтой Хъырымы цæрæг æппæт адæмыхæттыты минæвæрттимæ дæр. Хъырымы сгуыхт архитектор Саулаты Валери йæ бинойнаг Дзгойты Фатимæимæ схъомыл кодтой сæхи хуызæн ирон æгъдау, ирон æвзагыл иузæрдион кæстæртæ —чызг æмæ лæппу. Уыдон дæр ныр сты хицæн бинонтæ. Алан каст фæцис архитектурон институт Киевы, уый фæстæ ахуыр кодта Миланы, кæны аивадон къамисæджы куыст, у Уæрæсе æмæ Украинæйы нывгæнджыты цæдисты уæнг. Зæлинæ дæр кæны дизайнеры куыст. Нæ уацхæссæгæн фадат фæцис Саулаты Валериимæ фембæлынæн æмæ сæм рауад ахæм ныхас.
— Валери, куыдæй афтыдтæ Ялтæмæ?
— Ленинграды Репины номыл нывкæнынад, скульптурæ æмæ архитектурæйы институт (ныртæккæ академи у) каст куы фæдæн, уæд цалдæр азы акуыстон трест «Цæгирпроект»-ы. Мæ бинойнаг Дзгойты Фатимæйæн йæ ныйарджытæ Ялтæйы цардысты æмæ иу сæ арæх абæрæг кодтам. Ялтæйы æххæстком мæ ахуыдта сæхимæ архитектурæйы управленийы кусынмæ. Ялтæмæ куы ныццыдтæн, уæддæр ма сæйраг куыстæй уæлдай кодтон æхсæнадон куыст дæр. Уыдтæн горæты советы депутат, архайын райдыдтон Ялтæйы цæрæг ирæттæн æхсæнад саразыныл. 1989 азы сарæзтам националон-культурон центр.
Ялтæйы цæрæг ирæттæм бынæттон цæрджытæ тынг хорз цæстæй кæсынц. Уымæн та бындур сæвæрдтой, нæ размæ уым цы хистæртæ цард, уыдон сæ кад, сæ намысджын æнæхин фæллойæ. Мах, сæ фæстæ цы фæлтæр уыд, уыдон дæр, хатыдтам, æмбæрстам уыцы бæрнондзинад. Нæ риутæ нæ хостам, ирон дæн зæгъгæ, фæлæ архайдтам нæхи хорз хъуыддæгтæй равдисыныл, адæмимæ уæзданæй, æфсармджынæй цæрыныл, не ‘гъдау, не ‘фсарм æвдисыныл. Æхсæнады дæр нæ куысты дæр архайдтам хорз фæд ныууадзыныл æмæ уый бынæттон цæрджытæ æнæуынгæ нæ уыдысты.
— Валери, ирон æхсæнæдтæн сæ бындурæвæрджыты нæ газеткæсджытæн куы базонын кæнис.
— Хъырымы фыццаг ирон æхсæнад сарæзта Хъантемыраты Алик. Фыццагдæртæй иу уыд Иван Житнюк. Алуштæйы, Севастополы, Симферополы, Ялтæйы арæзт æрцыд ирон æхсæнадон организацитæ. Раздæр уыдис Хъырымы ирон æхсæнадон организаци «Алани». Ныртæккæ Хъырым хицæн у, Севастополь хицæн. Мæнæн, куыд РЦИ-Аланийы минæварæн бафæдзæхстой, цæмæй саразæм иу æхсæнад æмæ нын уый бантыст.
— Валери, Беслæны скъолайы фыдбæллæхы фæстæ сабитæн цы стыр æххуыстæ бакодтат, уыдон Ирыстоны иууылдæр зонынц.
— Беслæны æмæ Цхинвалы сывæллæтты дæс азы дæргъы 20-гай адæймæгтæй хуыдтам Ялтæмæ сæ фæллад суадзынмæ. Нæ диаспорæйы уæнгтæ сæм алы æххуыстимæ æнæ цæугæ нæ уыдысты, фæлæ бынæттон цæрджытæ цы æххуыстæ кодтой, уымæн æмбал нæ уыд. Сарæзтам къамты альбом. Уым æвдыст æрцыдысты Беслæны æбуалгъ хабæрттæ, сывæллæттæ сæ фæллад куыд уагътой, чи сын æххуыс кодта, уыдоны нæмттæ. Уыдон уыдысты Хуыбецты Алыксандр, Дзгойты Фатимæ, Лолаты Чермен, Антон Саркисян, Гуæцæлты Валери, Жарикова-Колыты Светланæ, Богазты Мæирбег, Беслехъоты Ольгæ æмæ бирæ, тынг бирæ æндæр адæм. Уыцы бонтæй мæ иу цау нæ рох кæны. Иу изæр нæ буц хистæр Атайты Петры бафæндыд изæры сывæллæтты бабæрæг кæнын. Æз фæндыр райстон æмæ мæ бинойнаг Фатимæимæ фæраст стæм. Петр дисы бафтыд, фæндыр та дæ цæмæн бахъуыд, зæгъгæ. Æз ын ницы дзуапп радтон. Куы бацыдыстæм, сывæллæттæ сæ фæллад кæм уагътой, уырдæм, уæд дзы æдде ничиуал уыд. Æз бандоныл сбадтæн æмæ сабыргай фæндырæй цæгъдын райдыдтон. Сывæллæттæ куы айхъуыстой ирон музыкæйы зæлтæ, уæд нæ алыварс амбырд сты. Хъазт сарæзтам, уырыссæгтæ дæр кафыдысты. Фæлæ диссаг уый уыд, æмæ Беслæны æфхæрд сабиты цæстыты фæзынд цыдæр ныфсы цæхæр, цæсгæмттыл мидбылхудт. Уый мæ абон дæр нæ рох кæны. Сабиты цардхуызæй кæй федтам, уый тынг фæцыд нæ буц хистæры зæрдæмæ дæр.
— Хъырым æмæ Ирыстонимæ дарддæры бастдзинæдтæ фидардæр кæнынæн уæм цавæр нысантæ ис?
— Хъырымы цæрæг ирон адæмы тынг фæнды Ирыстонимæ бастдзинæдтæ фидардæр кæнын æмæ æрмæст ирон адæмы нæ, фæлæ Хъырымы Сæргълæууæг Сергей Аксеновимæ ныхас кодтон æмæ, уый хъуыдымæ гæсгæ, хорз уаид иумæйаг культурон æмæ спортивон мадзæлттæ аразын æмæ сæ суанг ацы азæй райдайын. Уыцы фарстаты фæдыл мæ фембæлын фæнды РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ дæр. Хорз уаид, Хъырымы ирон аивад æмæ культурæйы бонтæ саразын. Ныр та уал бадзырдтæ сарæзтам Ялтæ æмæ Æрыдоны æхсæн туристон бастдзинæдтæ сфидар кæныны тыххæй. Баныхас кодтон Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Аланимæ дæр, цæмæй Симферополы Вернадскийы номыл университет æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет сфидар кæной бастдзинæдтæ. Хорз уаид, Ялтæ, Алуштæ æмæ Дзæуджыхъæуы сывæллæтты аивадон скъолаты æхсæн дæр фидар бастдзинæдтæ куы уаид. Уыцы хъуыддагыл архайдзыстæм дарддæр дæр æмæ нын кæд бантысид.
— Бузныг Валери, бантысæд уын.
Дзуццаты æфсымæрты æххуыс Хъобанæн
Фæстаг азты Хъобаны æрцыд бæрæг ивддзинæдтæ хорзæрдæм. Джызæлдоны галиу былгæрæтты дзы хицæн адæймæгтæ сæхицæн цы хорз хæдзæрттæ сарæзтой, уыдон дæр аив, цардхуыз куыннæ кæнынц хъæу, фæлæ хъæуы скъола, администраци æмæ амбулаториты агъуыстытæй бынтон рухс кæны зæрдæ. Ахæм арæзтæдтæ сæ къухы цæй фæрцы бафтыд, зæгъгæ, Хъобаны хъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Дзуццаты Майрæмы фырт Тамерланы куы бафарстам, уæд нын радзырдта диссаджы хабæрттæ.
Цæвиттон, 2011 азы Тамерлан ардæм кусынмæ куы æрбацыд, уæд хъæуы цæрджытæй уæлдай йæ фарсмæ æнгом æрбалæууыдысты йæ дыууæ æрвады: Дзуццаты Дмитрийы фырт Таймураз æмæ йæ кæстæр æфсымæр Игорь. Игорь бирæ азты дæргъы цæры æмæ амалхъомады куыст кæны Мæскуыйы, хъо- мыл кæны æртæ чызджы, фæлæ дзы йæ райгуырæн Хъобан, йæ мад Лизæ æмæ йе ‘фсымæр рох никуы уыдысты. Лизæ тынг бирæ азты фæкуыста Хъобаны скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй, ныртæккæ йыл цæуы 90 азы фæлæ Хъобанæй рацæуынвæнд никæдæм кæны. Йæ цот æмæ йæ йæ хъæбулы хъæбултæ рæвдыд хъуаг нæ уадзынц. Йæ фырттæ йын сарæзтой хорз цæрæнуæттæ æмæ ма уыдоны бирæ азты куыд фæцæра, ахæм ар- фæ йæ уæд.
Хиуæттæн æххуыс кæнын алкæй хæс дæр у, уым уадиссагæй дæр ницы ис. Фæлæ Лизæйы фырттæ хистæр — Таймураз (ам вæййы) æмæ йæ кæстæр — Игорь уый æгъгъæдыл нæ нымайынц. Игорь æхцайæ æххуыс кодта, Таймураз та уыцы æхцайæ бавдæлд æмæ æхгæнынмæ цы фарастазон скъола хъавыдысты, уымæй ма æрмæст къултæ ныууагъта æмæ йæ нырыккон хуызы бацалцæг кодта, æниу æй цалцæг схонæн дæр нæй. Ногæй йæ сарæзтой! Ныр Джызæлы дыккæгæм скъолайы Хъобаны филиалы 12 ахуырдзауы ахуыр кæнынц райдзаст, сыгъдæг, ифтонггонд кълæсты. Ис сын дзы хæрæндон дæр, æмæ хи ирхæфсынæн дæр алы фадæттæ.
Ацы дыууæ æфсымæры, кæй зæ- гъын æй хъæуы, Игоры финансон æххуысæй, Хъаныхъуаты Болайы цыртдзæвæны алыварс сæхгæдтой аив æфсæн быруйæ æмæ дзы рæбынæй сæвæрдтой, сæ чысыл хъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи баззад, уыцы 120 хæстонæн зæрдæмæдзæугæ цыртдзæвæн. Бирæ хæрдзтæ бахъуыд уыдæттыл, фæлæ Дзуццаты æфсымæртæ ууыл не ‘рлæууыдысты. Нырыккон домæнтæм гæсгæ бындурон цалцæг скодтой хъæуы фелсырон-акушерон пункт. Хъæумæ бацæуæны Джызæлдоны былгæрæтты сарæзтой асфальт фæндаг. Фæндаджы былты цы 20 быронкалæны ис, уыдон дæр æлхæд æрцыдысты адоны хардзæй.
Джызæлдоны фаллаг фарс сæвæрдтой нуазыны донамалгæнæн гæрзтæ æмæ ныр хъæуы цæрджытæй бирæ уæладзыгон хæдзæртты чи цæры, уыдонмæ хæццæ кæны сыгъдæг нуазыны дон. Уæдæ хъæуы цæрджытæн цы 87 триколор антеннæйы сæвæрдтой, афæдзæн сын бафидгæйæ, уыдон дæр аслам куыд рауадаиккой!
Бынтон аив æмæ зæрдæмæдзæугæ рауад хъæуы администра- цийы агъуыст. Йæ иу фарс æрбынат кодтой почтамты кусджытæ, иннæ фарс та сæ зæрды ис хъæуы музей саразын. Астæуæй бахизæны рухс æмæ уæрæх уæтты сæ куыст кæнадминистрацийы кусджытæ.
Администрацийы сæргълæууæг Дзуццаты Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй ма Таймураз æмæ Игор- мæ ис бирæ хорз фæндтæ сæ хъæу рæсугъд сфæлгонц кæныны тых- хæй, йæ цæрджыты уавæртæ фæ- рогдæр, фæхуыздæр кæныны тых- хæй. Сæ нысанты сæйрагдæртæй иу у хъæуы рæвдауæндон æмæ сы- вæллæттæн хиирхæфсæн фæзтæ саразын æмæ сын æнтысгæ дæр бакæндзæн. Йæ хъæубæстыл æну- выд чи у, уыдон цæлхдуртæй нæ тæрсынц, архайынц зæрдиагæй æмæ рухс хæссынц се ‘мхъæуккæг- ты зæрдæтæм. Уæвгæ ахæм дзур- джытæ дæр вæййы: «Ис сæм æмæ кæнынц». Уыдонæн та мæ зæгъын фæнды, дæ хъæубæстыл кæд æну- выд дæ, уæд дзæгъæл ныхæсты сæрты ахизыны хъару уæддæр ссар дæхимæ. Дæ бырæттæ уынгты ма кал, фæлæ сæ бырондонмæ бахæсс æмæ уымæй уæддæр феххуыс уай дæ хъæуæн. Дзуццаты æфсымæр- тæн, уæлдайдæр Игорæн та мæ фæнды сæрмагонд арфæ ракæнын, сæ хъæубæстыл афтæ æнувыд кæй сты, уый тыххæй. Сæ ныййарæг Ли- зæ ма бирæ азты сæ хорздзинæд- тæ уынæд, сæ цинтæй зæрдæрухс æмæ уæнгрогæй цæрæд.
Æрсойты Владимиры «Ирон адæмон кафт»
Самарæйы æхсæнадон организаци «Ирон националон-культурон центр «Алани»-йы бындурæвæрджытæ сты ХЪОРОТЫ Дзамболат æмæ ХУЫГАТЫ Ростислав. Абон æхсæнады сæрдар у Хъойбайты Станислав. Ацы æхсæнадæн Ирыстонимæ цы бастдзинæдтæ ис, ууыл дзурæг у, Хуыгаты Ростислав Джусойты Нафийы номыл цы æрвылазон литературон преми аразы, уый дæр. Уæдæ Самарæйы æхсæнады 10 азы юбилеймæ ÆРСОЙТЫ Арсены фырт Владимир цы чиныг рауагъта «Ирон адæмон кафт», уый дæр Райгуырæн бæстæимæ бастдзинæдтыл дзурæг куыд нæ у!
Æрсойты Владимир (фырбуцæн æй йæ хæстæг æмгæрттæ хонынц Саго) райгуырд Цхинвалы. Скъолайы ахуыры фæстæ йæ цард сбаста кафты аивадимæ. Ансамбль «Симд» æмæ фæстæдæр «Алан»-ы солисты дæсныйадыл аивадуарзджытæ сæ цæст æрæвæрдтой, хъаматимæ кафын куы райдыдта, уæд. 1980 азы хуынд æрцыд Советон Цæдисы паддзахадон концертты къордмæ. Ам йæ арæхстдзинад æвдыста Европæ, Ази æмæ Латинаг Америкæйы 30 паддзахады, 1986 ссис Эквадоры дунеон фестивалы лауреат. 1993-1994 азты разамынд лæвæрдта ансамбль «Симд»-æн. Уыцы рæстæджы ирон кафты аивадимæ дыууæ хатты базонгæ кодтой Францы цæрджыты. 1997 азæй пенсимæ рацæуыны фæстæ 2004 азы онг куыста, Новый Уренгойы, Кавказæй рацæуæг адæмтæн цы ансамбль сарæзта, «Асса», зæгъгæ, уым.
Самарæйы националонкультурон центр «Амонд»-ы минæвæрттæ зонгæ уыдысты Владимиры сфæлдыстадон цæхæримæ æмæ йæ æрбахуыдтой сæхимæ, цæмæй сын сæ кæстæртæн бауарзын кæна ирон аивад, бацамона сын ирон кафты аивады сусæгдзинæдтæ.
Æртæ азмæ Владимир Самарæйы ирон фæсивæдæн сарæзта кафджыты ансамбль «Амонд», æмæ йын Самарæйы облæсты Культурæйы министрад йæ хъæппæрисджын архайды тыххæй радтой «Хихъæппæрисады адæмон коллектив»-ы ном. Уыцы коллектив архайдта дунеон фестивальты Итали, Швейцари æмæ Испанийы, 2007 азы та ансамбль «Волжские узоры»-имæ сæ арæхстдзинад равдыстой Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссар хæйтты хъæутæ æмæ горæтты.
Æрсойты Владимирæн йе сфæлдыстадон архайдæн стыр аргъ скодта Самарæйы Культурæйы министрад. Лæвæрд ын æрцыд Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном. Ансамбль «Амонд»-имæ кусгæйæ, Владимир иудадзыгдæр архайдта, ирон адæмон кафты тыххæй цы чиныг райдыдта фыссын, уый кæронмæ ахæццæ кæныныл æмæ йын бантыст йæ рауадзын. Æрсойты Владимиры чиныг «Ирон адæмон кафт»-ы ирдæй зынынц ирон адæмон кафты хъæздыгдзинæдтæ, йæ аив, мидисджын æмæ арфхъуыды авналæнтæ.
Цы æртæ хайæ арæзт у, уыдонæй алкæцы дæр æххæст у хорз райдайæн æмæ бындурон кæронæй. Йæ хъуыдыйæ æххæст кæны, фæстæдæр цы хай цæуы, уый райдайæн. Фыццаг хайы автор дзуры ирон адæмон кафты фæзынд æмæ дарддæры рæзты историйы тыххæй. Æвдисы дзы, профессионалон æмæ хихъæппæрисадон сценæты куыд ивгæ цыд, уыцы фæндæгтæ. Дыккаг хайы лæвæрд цæуынц, ирон кафтыл ахуыргæнгæйæ, цы фыццаг къахдзæфтæ кæнын хъæуы, къухтæ æмæ къæхты æвæрд, уæнгты змæлд, цы хуызæн хъуамæ уа, суанг нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы цæстæнгас цавæр хъуамæ уа, уыцы лыстæг хъуыддæгтæ.
Чиныджы æртыккаг хай арæзт у хицæн кæфтыты композицитæй, ис дзы методикон амынддзинæдтæ кафт хуыздæр æмæ аивдæрæй равдисынæн. Æвдыст дзы цæуы алы кафты мидис дæр. Цæуыл дзурæг у, йæ нысан цы у, цы дзы зæгъынмæ хъавы иу кæнæ иннæ кафтæвæрæг, цæуыл дзурæг сты, цы амонынц уæнгты змæлды алкæцы хицæн хæйттæ дæр. Чиныг хорз ахъаз фæуыдзæн æрмæст хицæн кафтуарзджытæн нæ, фæлæ ахуыргæнджытæн, студенттæн, аивадон разамонджытæн. Адæмон кафтыл дзургæйæ автор чиныгкæсæджы зонгæ кæны ирон адæмы истори æмæ культурæимæ, хъæздыг адæмон сфæлдыстадимæ. Йæ хъуыдытæ бафидар кæны номдзыд ахуыргæндтæ Всеволод Миллеры, Жорж Дюмезиль, Абайты Васойы базырджын хъуыдытæй. Кафт адæмы цардимæ æнгом баст кæй у, йæ удыхъæд, йæ цардыуаг æвдисæг кæй у æмæ йын бæрзонд аивады бындур кæй ис, уый хорз равдыстой зындгонд нывгæнæг Тугъанты Махарбег æмæ театралон аивады паддзахадон институты рауагъдон Саулохты Мэлс кæфтыты тыххæй цы чингуытæ рауагътой, уыдоны æргом кæнынц ирон кафты аивады алыхуызон хъæздыгдзинад хуымæтæг цардуаджы æгъдæутты (бæрæгбæтты хæстон-хъæбатырон, фæллойы, худæджы æмæ хъазгæмхасæны, рæвдз æмæ уæздан сюжетон кæфтытæ).
Бирæ æрмæджытæ æрæмбырд кодта автор Хуссар Ирыстоны зарджыты æмæ кафджыты паддзахадон ансамбль «Симд», Цæгат Ирыстоны кæфтыты паддзахадон ансамбль «Алан»-ы сфæлдыстадон архайды тыххæй дæр.
Чиныджы ис методикон амынддзинæдтæ кафыны урок дæттыны тыххæй. Ацы хайы автор цæстуынгæ æрмæгимæ æвдисы кафæджы къухты, къæхты, сæр, уæхсчыты æвæрд куыд хъуамæ уа. Цæмæй кафты алы змæлд дæр нывыл æмæ аив уа, уый тыххæй уæнгтæ куыд цæттæ кæнын хъæуы, цавæр фæлварæнтæ аразын хъæуы, хи куыд цæттæ кæнын хъæуы адæмы ‘хсæнмæ кафынмæ, уæлдайдæр та сценæмæ рахизыны размæ. Амынддзинæдтæ лæвæрд цæуынц кафджыты къордты разамонджытæ æмæ ахуыргæнджыты æххуысæн. Цыбыр æмæ бæстон ныхасæй лæвæрд цæуынц æмбарæнтæ кæфтытæ: «Симд», «Къахфындзтыл кафт», «Хæстон кафт», «Чызджыты лирикон кафт», «Тырсыйаг хæххон кафт», «Чызджыты ерысы кафт», «Нæртон симд»-æн. Алы кафтæн дæр дзы чиныгкæсæг ссардзæн хъæугæ музыкæйы нотæтæ. Уымæй уæлдай чиныджы автор алы кафтæн дæр æвдисы йæ нывæфтыд, йæ райдайæнæй йæ кæронмæ сценæйы кафджытæ куыд æмæ цы хуызы хъуамæ æвдисой сæ арæхстдзинад, уый.
Æрсойты Владимир йæ чиныгмæ бахаста тынг бирæ номдзыд ахуыргæндты хъуыдытæ алы адæмты адæмон кæфтыты тыххæй, уæлдайдæр та ирон адæмон кæфтыты тыххæй. Уыцы бирæ æрмæджытæм æркаст хуымæтæг кафæджы цæстæй нæ, фæлæ иртасæджы цæстæй. Хуымæтæджы йын не скодтой стыр аргъ Самарæйы Культурæ æмæ аивады паддзахадон академийы хореографийы кафедрæйы сæргълæууæг, республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, доцент Алексей Шишкин, академийы хореографийы кафедрæйы доцент, педагогон наукæты кандидат Юлия Кившенко, Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны наукæты сгуыхт архайæг, историон наукæты доктор Дзаттиаты Руслан. Владимир йæ чиныгыл кусгæйæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фембæлд Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист, адæмон кæфтыты паддзахадон ансамбль «Алан»-ы бирæ азты разамонæг, дзæнæты бадинаг, зындгонд балетмейстер Уарзиаты Хаджысмелимæ. Базонгæ йæ кодта йæ чиныджы æрмæджытимæ. Владимиры хъуыды æмæ нысантæй разыйæ баззад Хаджысмел. Цы бирæ цæстуарзон фæндæттæ загъта авторæн, уыдон уый абон дæр нæ рох кæны. “Кæфтыты мидисыл арф ныхъхъуыды кæнгæйæ, чиныгкæсæг æнцонæй бамбардзæн ирон адæмы удварны миниуджытæ. Уымæй уæлдай ацы æрмæгæй сæ бон пайда кæнын у райдайгæ хореогрæфтæн кæфтытæ æвæргæйæ», — загъта чиныджы къухфысты тыххæй Хаджысмел.
Ныртæккæ Владимир кусы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамблы «Симд» æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Паддзахадон ансамбль «Алан»-ы цы зындгонд артисттæ кафыд, уыдоны тыххæй чиныг рауадзыныл. Æмæ нæ ныфс ис, тагъд рæстæджы та уый рауадзын дæр йæ къухы кæй бафтдзæн.
Фарс бацæттæ кодта КАСАТЫ Батрадз




















