Цыппæрæм æмæ майрæмбоны Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуанмæ цы спортуарзджытæ æрбацыди, уыдон æвдисæн уыдысты Ирыстоны богæлтты цымыдисаг ерыстæн. Æмæ хъуамæ куыд нæ уыдаиккой цымыдисаг, кæд æмæ ерыстæ цыдысты уæгъдибар хъæбысхæстæй Ирыстоны чемпионы ном рамбулыныл.
Æдæппæт гауызмæ рацыдысты 180 богалы. Фыццаг боны хъазуатон тохты хъуамæ сбæрæг уыдаиккой, дæс уæзы кæронбæттæнмæ чи рацæудзæн, уыцы богæлттæ. Алы уæзы дæр уыцы бæллиццаг бынатмæ чи тырныдта, ахæм богæлтты ‘хсæн цыдысты тынг цымыдисаг тохтæ райдайæнæй кæронмæ. Зæгъæм, ерысты 1/4 къæпхæны 97 кг онг уæзы Хуыгаты Артик æмæ Мæргъиты Рустемы тох кинойы равдисыны аккаг уыди. Ацы фембæлды фыццаг æрдæджы Хуыгаты Артик æмбылдта 8:0 хыгъдæй. Цæмæй сыгъдæгæй æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз уа, уый тыххæй ма йæ хъуыди йæ ныхмæлæууæгæй 2 баллы рамбулын. Ахæм уавæры Мæргъиты Рустем йæ къамтæ не ‘рæвæрдта, фæлæ йæ архайдæй Хуыгайы-фырты цъысыммæ ссонын райдыдта. Бантысти йын фыццаг 3 баллы рамбулын, уый фæстæ та æвиппайды йæ ныхмæлæууæджы йæ сæрты фехсын. Афтæмæй хыгъд ссис 9:8 Мæргъийы-фырты пайдайæн. Уый нæ, фæлæ ма фембæлды кæронмæ ‘ввахс йæ къухы бафтыд хыгъд 11:8 скæнын.
Æмæ ахæм цымыдисаг фембæлдтытæ иу æмæ дыууæ нæ уыд алы уæзы богæлтты ерысты дæр. Фыццаг бон сбæрæг сты, фыццаг бынат рамбулыныл кæронбæттæны цы дыгай богæлттæ тох кæндзысты, уыдон.
Дыккаг бон уæлæмхасæн ерысты сбæрæг сты, 3-аг бынæттыл ерыс кæнынæн бар кæмæн уыдзæн, уыцы богæлтты нæмттæ дæр. Кæронбæттæн ерысты бæрæггонд æрцыдысты, фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ чи бацахста, уыцы богæлттæ.
Æппæты рогдæр уæзы (57 кг онг) Уæрæсейы сгуыхт тренер Махъоты Æхсары хъомылгæнинаг Тускъаты Азæмæт (Æрæфы р-н) ногæй бацахста 1-аг бынат. Кæронбæттæны Тускъайы-фырт фæуæлахиз нæ æрыгон суинаг богал Хъызынты Дзамболатыл (Дыгуры р-н). Сæ уæзы 3-аг бынæттæ бацахстой Хъантемыраты Хъазыбег æмæ Мысыкаты Хъантемыр.
61 кг онг уæзы алагираг богал Сæбанты Алыксандр (йæ тренертæ Цогойты Аслан æмæ Гозымты Хетæг) кæронбæттæны фæуæлахиз Ходы Азæмæтыл (Рахизфарсы р-н) æмæ бацахста 1-аг бынат. Ацы уæзы 3-аг бынæттæм рацыдысты Тимур Богатырев æмæ Æбиты Алан.
64 кг уæзы беслæйнаг богал Тауытты Чермен (йæ тренертæ Æрчъегкаты Георги, Дудайты Эльбрус) кæронбæттæны хъазуатон тохы фæуæлахиз Дзукъаты Георгийыл (Андиаты Сосланы скъола) æмæ ссис Цæгат Ирыстоны 2019 азы чемпион. Сæ фæстæ 3-аг бынæттæ бацахстой Бæдтиаты Артур æмæ Секъинаты Георги.
Тынг цымыдисаг рауадысты канд 1-аг бынатыл тохтæ нæ, фæлæ 3-аг бынæттыл ерыстæ дæр. Афтæ зæгъæн ис, æмæ нæ фæсивæд хорз тырнындзинад равдыстой уæлахизмæ æмæ уый ныфс дæтты, сомбон та нæ богæлттæ Уæрæсейы æмæ æгас дунейы сæйрагдæр ерысты уæлахиздзаутимæ фылдæрæй кæй уыдзысты, уымæн. Æрмæст уый тыххæй лæмбынæгдæр æркæсын хъæуы нæ абоны уавæртæм, æмæ дзы къуыхцытæ кæм ис, уыдон аиуварс кæныныл бакусын. Уыцы къуыхцытæ хорз зоны Уæрæсейы сгуыхт тренер Тедеты Малик æмæ уый тыххæй зæгъы: «Мах æвæстиатæй саразын хъæуы интернат, кæцыйы хъуамæ æрæмбырд кæнæм æгас республикæйы курдиатджындæр фæсивæд, æмæ уым семæ цæуа бындурон куыст. Абон махæн нæ къухы нæма ‘фты, цас хъæуы, уый бæрц ахуыры æмбырдтæ аразын, æмæ уый къуылымпы кæны фæсивæды. Æрæджы Красноярскы Гран-при «Иван Ярыгин»-ы турниры æхсæз уæлахиздзауы систы, дагестайнаг горæт Хасавюрты цы интернат ис, уый хъомылгæнинæгтæ. Уыцы интернаты афæдзæй-афæдзмæ цæрынц æмæ сæхи цæттæ кæнынц 250-йæ фылдæр хъомылгæнинаджы. Ис сын æппæт уавæртæ дæр, æмæ уый зыны сæ бæрæггæнæнтыл. Курдиатджын фæсивæд махмæ гыццыл нæй, фæлæ се ‘ппæтæн хъæугæ уавæртæ кæй нæй, уый аххосæй сæ иутæ къуылымпы баййафынц».
Нæ фæсивæдæй бирæтæ сæхи куыд сæрæнæй равдыстой, уый уынгæйæ æцæгæй дæр хардзау æркæсы, ахæм лæппутæн сæ дарддæры рæзтæн фаг уавæртæ куы нæ уа, уæд. Иннæ уæзты ацы азы чемпионтæ æмæ призертæ систы: 70 кг. 1. Дзбойты Владимир (Алагиры р-н, тренер Хъæцмазты Тимур), 2. Гæлæбуты Владимир (Дыгуры р-н), 3. Бигъаты Сослан (Рахизфарсы р-н) æмæ Хуыгаты Сослан (Андиаты Сосланы скъола). 74 кг. 1. Хæдзарæгаты Азæмæт (Рахизфарсы р-н). 2. Куыдзойты Алан (Андиаты Сосланы скъола).3. Борыхъуаты Аслæнбег (Рахизфарсы р-н) æмæ Будайты Сослæнбег (РДЮСШ). 79 кг 1. Уалыты Радик (тренер Тыбылты Цезарь, РДЮСШ). 2. Быценты Артур (Рахизфарсы р-н), 3. Хуыбаты Инал (РДЮСШ) æмæ Джиоты Азам (РДЮСШ). 86 кг.1. Хуыбаты Арсени (тренер Санаты Георги, Андиаты Сосланы скъола), 2. Зæнджиаты Марат (Алагиры р-н). 3. Гаситы Мæирбег (Андиаты Сосланы скъола) æмæ Тбойты Олег (Æрыдоны р-н). 92 кг. 1. Чертыхъоты Гурам (тренер Кокойты Таймураз, Горæтгæрон р-н), 2. Хуыгаты Хох (РДЮСШ), 3. Толпарты Аслан (РДЮСШ) æмæ Дзгойты Хетæг (Рахизфарсы р-н). 97 кг.1. Бестауты Андрей (тренер Кочиты Тамерлан, Хуссар Ирыстоны Республикæ), 2. Мæргъиты Рустем (Горæтгæрон р-н), 3. Гæззаты Аслан (Алагиры р-н) æмæ Хуыгаты Артик (РДЮСШ). 125 кг. 1. Кодзырты Сергей (тренер Хуыгаты Анатоли, Андиаты Сосланы скъола). 2. Теблойты Ацæмæз, Хынцæгты Сослан æмæ Голоты Витали (æртæйæ дæр — Горæтгæрон р-н).
Чемпионаты 1—3 бынæттæ чи бацахста, уыцы богæлттæ ныр сæхи цæттæ кæндзысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæм.
Богæлтты архайд спортуарзджытæй бирæты зæрдæмæ кæд фæцыдис, уæддæр сæм фиппаинæгтæ дæр уыди. Зæгъæм, нæ богæлтты иузæрдион фарсхæцджытæ Дзбойты Михал æмæ Гуыриаты Толик бынтон разыйæ нæ баззадысты, ерыстæ цы уавæрты цыдысты, уымæй. «Мæнмæ гæсгæ, нæ республикæйы чемпионат хъуамæ бæрæгбондæр хуызы цæуа.
Зæгъæм, ерыстæ кæм цæуынц, уыцы ран æмбæлди стыр экран дæр сæвæрын æмæ уым æвдисын цымыдисагдæр тохтæ. Иннæмæй та гауызтæ хъуамæ бæрзонддæр æвæрд уой, æмæ хуыздæр зына богæлтты хæст. Махмæ гæсгæ, æмбæлди, йæхи уæлдай хъомысджындæрæй чи равдыста, уыцы богæлттæн сæрмагонд лæвæрттæ ракæнын дæр. Иу ныхасæй, мах фæнды, цæмæй уæгъдибар хъæбысхæстæй нæ республикæйы чемпионат раздæрау суа стыр æмæ рæсугъд спортивон бæрæгбон», — загъта Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Дзбойты Михал.
Æнæмæнг, ерысты чи архайдта, уыцы богæлттæй бирæтæ раппæлыны аккаг сты, фæлæ спортуарзджыты фæндонмæ дæр байхъусын æмбæлы. Нæ иннæ азы чемпионатмæ уыцы фиппаинæгтæй хатдзæгтæ конд куы ‘рцæуа, уæд уый уыдзæн пайдайы хос.
БАСКАТЫ Уырызмæг














