Ныййарæджы капитал фидыны ног фæтк

0
580
Ïóñòûøêà, ïàñïîðò è ñåðòèôèêàò íà ìàòåðèíñêèé êàïèòàë

 

Бæрæг куыд у, афтæмæй знон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады æмбырды фидаргонд æрцыд регионалон æмвæзадыл ныййарæджы капитал фидыны ног фæтк.

Ныййарæджы капитал фидыны паддзахадон æххуыс нысангонд æрцыд 2012 азы сфидаргонд республикон закъонæй: æртыккаг, цыппæрæм (æмæ афтæ дарддæр) сывæллон цы бинонты райгуыры, уыдонæн фыст æрцæуы 50 мин сомы.

РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ Хицауады æмбырды цы документыл æрныхас кодта, уым амынд ис, ныййарæджы капитал фидынæн 2019 азы республикон бюджетæй дихгонд кæй æрцæудзæн 86,3 милуан сомы, афтæмæй ацы социалон æххуыс фæхæццæ уыдзæн 1 726 бинонтæм. — Раздæры домæнмæ гæсгæ, ныййарæджы капитал райсыны тыххæй адæймаг республикæйы территорийыл хъуамæ фæцардаид йæ сывæллон райгуырыны размæ æппынкъаддæр æртæ азы, стæй ма æртæ азы — йæ райгуырыны фæстæ. Ныр уыцы домæн нал ис. Уымæй уæлдай, бæлвырдгонд æрцыд, ныййарæджы капиталæй спайда кæныны бар лæвæрд кæмæн æрцыд, уыцы граждæнты номхыгъд аразыны уагæвæрд. 2019 азы ныййарæджы капитал райсыны æмæ дзы спайда кæныны бар уыдзæн, сæ сывæллон 2012 азы кæмæн райгуырд, уыцы бинонтæн, — бамбарын кодта Маматы Анджелæ.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныййарæджы капитал фидын райдайдзысты мартъийы, уый тыххæй цæрджыты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны уагдæттæ сарæзтой æппæт цæттæгæнæн куыстытæ.

«РЦИ-Аланийы ныййарæджы капиталы тыххæй» республикон закъон фидаргонд куы æрцыд, уæдæй ацы бонмæ ныййарæджы капитал райсыны тыххæй социалон кусæндæттæм сæ курдиат балæвæрдтой æдæппæт 11 520 бинонтæ. Ныййарæджы капитал бафидыны хæрдзтæ ныртæккæ сты 576 милуан сомы. Сæвзæрæг финансон уавæр хынцгæйæ, хаст æрцыд фарста къæпхæнгай лыг кæныны уынаффæ.

— 2019 азы бюджет аразгæйæ нæ размæ уыд хæс æвæрд, цæмæй закъон кусын райдайа. Хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнты куыст арæзт у, æппæт социалон хæстæ бæлвырдæй æххæст кæнынмæ æмæ республикæйы хи æфтиæгтæ фылдæр кæнынмæ, — фарстайы фæдыл хатдзæгтæ кæнгæйæ, загъта республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here