Æрдзы сыгъдæгдзинад — адæмы æнæниздзинад

0
476

 

Знон Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы уыд регионалон наукон конференци «Современные экологические вызовы. Подходы и механизмы решений». Йæ саразыныл бацархайдтой Æппæтуæрæсеон экологион æхсæнад æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет. Конференци цыбыр раныхасæй байгом кодта ЦИПУ-йы ректор ОГЪУАТЫ Алан.

— Ныртæккæ æппæт бæстæйы дæр экологийы фарстатæ вазыгджын сты. Уымæн æмæ рæзы техникон индустриалон куыстад. Уый хыгъд хъуамæ хъахъхъæд цæуа адæмы æнæниздзинад. Уый та аразгæ у æрдзы сыгъдæгдзинадæй. Ацы конференци дæр, æрдзы абон цы лыггæнинаг фарстатæ ис, уыдон бахынцыны нысанæн арæзт æрцыд, — загъта Огъуаты Алан.

Наукон форумы докладтæ скодтой Ирыстоны æмæ Цæгат Кавказы зындгонд ахуыргæндтæ æмæ, экологийы фарстатæм лæмбынæг чи кæсы, уыцы специалисттæ. Уыдонæй уыдысты Уæрæсейы экологион æхсæнады сæрдар, УФ-йы Хицауады цур экологийы фарстаты фæдыл экспертон къорды разамонæг Рашид Исмаилов, Цæгат Кавказы хæххон — металлургон институты профессор Хуызмиаты Измаил, ЦИПУ-йы географийы æмæ геоэкологийы факультеты декан Хацъæты Фатимæ, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы минæвар Мамыхъаты Вячеслав, æппæтуæрæсеон экологион æхсæнады регионалон хайады уæнг Дмитрий Рейсих, ЦИПУ-йы студенттæ æмæ магистранттæ. Докладты сæйраг темæтæ баст уыдысты Цæгат Ирыстоны æмæ Цæгат Кавказы дæтты, хæххон æмæ быдираг зæххыты экологион уавæр фæхуыздæр кæныны фарстаимæ.

Экспертон къорды разамонæг Рашид Исмаилов æмæ Огъуаты Алан бафыстой экологийы фарстатæ лыг кæныны фæдыл æмгуыстады æмæ рухстауæн архайды бадзырд.

Наукон форумы пленарон æмбырдты фæстæ арæзт æрцыд цæлхæмбырд. Уым дæр йæ архайджытæ æрныхас кодтой æрдзы сыгъдæгдзинадыл æмæ йе ‘вæрæнтæй хæдзардзинæй пайда кæныны фарстатыл.

Сæрмагондæй конференцимæ ист æрцыд документалон киноныв, ныхас дзы цæуы нæ республикæйы экологион уавæры æвæрццæг æмæ æппæрццæг фарстатыл.

ГАСАНТЫ Валери Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here