Зындгонд куыд у, афтæмæй 10 февралы Уæрæсейы сбæрæг кодтой Дипломатон кусæджы бон. Дипломатты профессионалон бæрæгбоны кадæн ЦИПУ-йы ЮНЕСКО-йы залы арæзт æрцыд наукон-практикон конференци.
Æмбырды кадджын уаз- джыты ‘хсæн уыдысты РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Тускъаты Тайму- раз, Уæрæсейы Федера- цийы Æххæстбарджын ми- нæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахме- тов, УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады дзæуджыхъæуккаг минæва- рады разамонæг Хетæгка- ты Алан, æндæр бæрнон кусджытæ.
Дипломаттæн сæ про- фессионалон бæрæгбоны фæдыл арфæ ракæнгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй уæрæсейаг дипломаттæ зæрдиагæй кусынц, Президент Владимир Путин æддагон политикæйы къабазы цы нысантæ æвæры, уыдоныл.
— Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады дзæуджыхъæуккаг минæварад дæр аккаг æвæрæн хæссы Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастдзинæдтæ уæрæхдæр æмæ хъомысджындæр кæныны хъуыддагмæ. Ахсджиаг у Фæскав- каз æмæ Æввахс Хурыскæсæны бæстæтимæ æмгуыстад фидардæр кæныны фарста дæр. Мæ зæрдæ дарын, наукон-практикон конференцийы архайджытæ æппæт уыцы фарстатыл бæстон кæй æрдзурдзысты, стæй бæлвырд фæндæттæ кæй бахæсдзысты, ууыл, — йæ раныхасы фæбæрæг кодта Тускъайы-фырт.
Боны фæткы фарстаты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Алексей Мачнев, Хетæгкаты Алан, конференцийы иннæ архайджытæ. Ныхасы рæстæг сæрмагонд æргом аздæхтæуыд уæрæсейаг регионты дунеон æмæ æддагон-экономикон ахастдзинæдтæ уæрæхдæр кæныны хъуыддагмæ. Уыимæ, хицæн ныхас рауад Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æмархайдыл.
Нæ уацхæссæг














