Дзыллæйы хорзæхæн цард…

0
519

 

Лæджы цард у стъалыйы хуызæн. Зæххыл куы райгуырæм, уæд нæ номыл арвы хъæбысы Хуыцауы хъомысæй стъалы ссудзы. Йæ цæхæры рухс цас ирд æмæ хъарм уыдзæн, уый та адæймагæн йæхицæй аразгæ у. Ахæм хуызы Ирыстоны уæздандæр сæрæнгуырдтæй иу, зындгонд аразæг æмæ архитектор ДАДТЕТЫ Астаны цардвæндагмæ куы æркæсæм, уæд уыд сæрысуангæй хистæрæн кад кæныны, кæстæртæн, мыггагæн æмæ адæмæн хорзы цæуыны хорзæхтыл амад.

Астан райгуырд Дыгургомы рагондæр хъæутæй иу Къуссуйы. Йæ ныййарджытæ, фыд — Бола, ныййарæг Цæллаон Дофга уыдысты, сæхи фæллойæ, сæ бирæ цоты рæстæй хъомыл кæнын чи фæрæзта, хъæубæсты æхсæн кад æмæ радæй чи цард, ахæм хистæртæ. Астан уыдис сæ фарæстæм хъæбул. Кæй зæгъын æй хъæуы, буц уыд йæ бирæ хотæ æмæ æфсымæртæн, фæлæ суанг йе ‘взонджы бонтæй уæззау зонд æмæ хæдæфсарм, æххуысгæнаг, фæлмæнзæрдæ рахаста æмæ йæ ныййарджытæн, куыд фæзæгъынц, кодта æцæг хъæбулы лæггад суанг сæ царды фæстаг бонтæм дæр. Астан куы бахъомыл, уæд йæ ныййарджытæ сæ бирæ цотимæ сæ цæрæн бынат раивтой Цыколамæ. Цыбыр рæстæгмæ Дадтеты бинонтæ хистæрæй-кæстæрæй сæ уды æмæ фынджы бæркадæй, зæрдæйы рæсугъддæр хорзæхты фæрцы систы уарзон сыхы æмæ хъæубæсты дæр. Хæдзары куыстыты Астан уыд зæрдиагдæр зиууон, йæ бирæ хотæ æмæ æфсымæртæ, сæйрагдæр йæ ныййарджытæ Астанæн уыдысты æгъдауы, намысы æмæ æфсармы дæнцæгтæ. Изæрыгæтты-иу Дадтеты кæстæртæ сæ æхсæвæр куы ахицæн кодтой, уæд сын-иу сæ ныййарæг Нарты кадджытæ æмæ æмбисонды хабæрттæ дзурынæй нал æфсæст. Уыцы рæстæг-иу Астан йæ мадмæ йæхи хæстæг байста æмæ-иу ын æфсæрмхуызæй афтæ бакодта: «Нана, мæхи нана, мæн дæр Нарты Батрадзы хуызæн уæвын фæнды. Уый нæртон адæмæн сæ ныфс дæр уыд, бахъуыды рæстæг та сæ фидар æнцой». Уыцы ныхæстæм-иу Астаны мады зæрдæйы цинæн кæрон нал уыд, æмæ-иу йæ хъæбулмæ фæлмæнæй сдзырдта: «Царды бирæ фæзилæнтæ ис, мæ хур, æмæ дзы ахуыр, сыгъдæгзæрдæ фæллойæ хуыздæр ницы ис, уыдонæй æххæст чи уа, уый ис адæмы хорзæх. Уымæй та æппæты стырдæр хæрзиуæг нæй, мæ хъæбул, адæмæн хорзы чи цæуы, уый та мæгуыр никуы уыдзæн».

Ныййарæджы ацы ныхæстæ, фæдзæхстау, фæндагамонæг уыдысты Астанæн йæ цыбыр, фæлæ æгъдауæй рæсугъд, æфсармæй æххæст, намысджын царды бонты.

Куы фембаргæ, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цыколайы 1-æм астæуккаг скъоламæ. Каст æй куы фæци, уæд та йæ нысан ссис уæлдæр ахуырад райсын, уымæ гæсгæ фыццаг уал каст фæци Хæххон-металлургон институты арæзтадон факультет, фæстæдæр та райста дыккаг уæлдæр ахуырад — æнтыстджынæй каст фæци Белгороды паддзахадон институты экономикон факультет. Астан йæ æвзонгæй уыд æмбаргæ æмæ бонзонгæ. Æмæ Ирыстонмæ куы ссыд, уæд ныртæккæйы фæсивæдæй бирæтау, æвиппайды хицауы бынат никæмæй бацагуырдта, кæд ын йæ зонындзинæдтæ уыцы фадат лæвæрдтой, уæддæр, фæлæ йæ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ кæнын райдыдта республикæйы æмæ Дзæуджыхъæуы арæзтадон куыстуæтты. Ам кусгæйæ, йæ арф зонындзинæдтæ, йæ размæ æвæрд хæстæм бæрнон ахаст, кæй дæлбар куыста, уыцы разамонджытæ рахатыдтой, æмæ сын уый дæр се ‘ууæнк никуы ницæмæй фæсайдта. Уæды рæстæджы арæзтады цы ног техникон фæрæзтæ уыд, уыдонæй, куыд гæнæн уыд, афтæ парахатæй пайда кæныныл архайдта.

Хæдзар аразæгæй — цардаразæгæй уæлдай нæй. Сæйрагдæр, хæдзар бæстон æмæ фидар арæзт куы уа, уæд дзы цы бинонтæ æрцæрой, уыдон дæр уыдзысты фæрныг æмæ амондджын, уымæй та аразгæ у Ирыстоны иумæйаг рухс сомбон, — арæхиу афтæ дзырдта Астан. Æмæ йæ къухты хъарм, хæдзонд æмæ арæхстдзинад кæм бавæрдта, ахæм хæдзæрттæ сты сæдæгæйттæ, уыцы хуызы аргъ кæнын æмбæлы, йæ проекттæм гæсгæ нæ республикæйы цы бæстыхæйттæ сарæзтой, уыдонæн дæр.

— Астаны базыдтон, арæзтадон куыстуæттæй иуы куы куыста, уæд. Уый уыд ивгъуыд æнусы 90-æм азты, — дзырдта нын Дадтеты Астаны хуыздæр æрдхорд, амалхъом, хæрзаудæг Дзебойты Станислав. — Æз уыцы рæстæг куыстон арæзтадон æрмæг уадзæг заводтæй иуы. Астан мæм-иу куысты фарстаты фæдыл арæх цыд. Куысты мидæг, гъæйтт-мардзæ, зиууоны куыст кодта, хъуыддаджы та уыд домаг, бæрнон адæймаг. Куыд æрдхорд, афтæ дæр Астаны хуызæн дыккаг нæ уыд. Цины уа, зианы, Астан æмгары хъыгыл ма фæрисса, йæ циныл ын ма бацин кæна, ныхасæй уа, хъуыддагæй йын ма баххуыс кæна, афтæ никуы уыд. Æмгарджын уыд, кæрæдзийæн уыдыстæм ныфс. Кæм-иу фæзынд, уым-иу æдзухдæр йæ алыварс уыд алыхуызы адæм. Фæлæ сæ алкæмæн дæр Астан зыдта йæ зæрдæйы хатт æмæ-иу куы бахъуыд, уæд сын-иу басгуыхт æххуысгæнæг. Мæнæн мæ ныййарджытæн раст хи хъæбулы хуызæн уыд, бирæ лæггад æмæ сын æгъдау фæлæвæрдта. Бирæ хæттыты уыд мæ райгуырæн хъæу Веселæйы. Уым дæр æй чи зыдта, уыцы адæмæй иу дæр ахæм нæй, æмæ Астан йæ цыбыр царды йæ зæрдæ уæд та чысыл истæмæй кæмæн нæ балхæдта. Уæдæ цæхх, кæрдзынæй цы йæхæдæг, цы йæ дзæбæх бинойнаг Тамилæ уыдысты рæдау. Æмгарæн — æмгар, æрдхордæн — æрдхорд, кæстæрæн — хистæр, хистæртæн — кæстæр. Афтæмæй фæцард не ‘хсæн. Йæ къухы бирæ адæмæн хорзы бацæуын бантыст. Фæлæ йæхицæй никуы раппæлыд, исты æнхъæлæй никуы загъта, мæнæ уыцы æмæ уыцы адæймагæн баххуыс кодтон, зæгъгæ. Уымæн æмæ йын уыцы бар нæ уыд йæ æрдзон æфсармæй, йæ намыс æмæ уды фарнæй. Йæ адзалы хабар мæм Ног азы фыццаг бонты куы æрбайхъуыст, уæд мæ уырнгæ дæр нæ кодта, Астан нын нал ис, уый. Фæлæ фыдæлты загъдау, хорз лæджы фарн мæрдтæм нæ цæуы, æмæ нын Астан кæд йе ‘нафоны адзалæй нæ зæрдæтæ фæриссын кодта, уæддæр нæ хæс у йæ рухс номæн мæрдтæм рæсугъд æгъдау дæттын æмæ йæ мысын…

Бирæ азты Дадтеты Астан фæллой кодта куыстуат «Цæгирпроект»-ы. Фыццаг уыд директоры хæдивæг, фæстæдæр, куыстуатæн акционерон æхсæнады ном куы радтой, уæд та ссис директорты советы сæрдар. Ам дæр йæ размæ цы хæстæ уыд, уыдон æххæст кодта фæзминагæй. Проектон бадзырдтæ арæзта нæ республикæйы æмæ суанг Цæгат Кавказы бирæ арæзтадон фирмæтимæ. Йæ бæрны цы специалисттæ куыста, уыдон-иу дис кодтой йæ профессионалон арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдтыл, фидар æгъдау, куыстмæ домаг ахастыл. Уыимæ, уыцы бæрн æнкъардта фыццаг йæхимæ, стæй та ахæм уагыл архайдта кусыныл йæ бæрны уæвæг адæмимæ. Хъуыддаджы лæг, йæ ныхасæн хицау, æгъдау æмæ æфсармæй æххæст лæг Дадтеты Астан иу кусæгмæ дæр зул цæстæй никуы бакаст. Уæдæ сын алы бæрæгбонмæ дæр алыхуызон лæвæрттæй, æхцайы премитæй, сæ зæрдæтæ ма барухс кæна, уый никуы уыд. Ацы хъуыдытæй ис ахæм хатдзæг скæнæн: Дадтеты Астан цард адæмы хорзæхæн, сæ удты æмæ зæрдæты рухсæн.

Дадтеты цæрынхъуаг Астан канд дæсны разамонæг нæ уыд, фæлæ ма уыд æнувыд фыдæлты хæзна — мадæлон æвзагыл. Уый йæхæдæг дæр æмæ-иу йæ кусджытæ се ‘ппæт дæр рафыстой газет «Рæстдзинад» æмæ йæ иттæг зæрдиагæй кастысты. Астаны хуызæн адæймæгтæ свæййынц сæ арфæйаг хъуыддагæй зæдæмсæр фарнтауджытæ.

— Астан нæ сыхы фидыц уыдис. Не ‘ппæт дæр дзы зонæм бирæ хорздзинæдтæ. Ам ахæм фатер нæй, æмæ Астанæй, йæ дзæбæх бинонтæй рæвдыд чи нæ зоны, — дзырдта нын йæ сыхаг, фæллойы ветеран Балаты Алексей, — нæ сыхæн уыд сæ цырв. Нæ кæрты æхсæны уагыл цы хорздзинæдтæ ис, уыдонæн сæ фылдæрæн сæ аразæг æмæ бæстонгæнæг уыд Астан. Ахæм æмбисонд ис, фæлмæн ныхасæй дæр зæрдæ балхæнын куы зонай, уый дæр хорзæн фаг у, æндæр хæдзæрттæ ничи никæмæн сарæзта. Бауырнæд уæ, Астан хорз ныхасæй, уды бæркадæй зæрдæ балхæнынмæ, тыхст адæймагæн баххуыс кæнынмæ йæ разæй никæй уагъта. Йе ‘ххуысæй, суанг сæхицæн хæдзæрттæ чи сарæзта, ахæм адæмы дæр зонын. Бæрнон бынаты куыста, фæлæ-иу не ‘хсæн абадынæн, иумæйаг хъуыддæгтыл уынаффæйæн рæстæг кæдфæнды дæр ссардта. Ничи нæ дзы зоны схуыст, тызмæг ныхас, зул цæстæнгас дæр. Йæ уды хорзæхæй не ‘ппæт дæр уыдыстæм райгонд æмæ буц, йæ нæртон æгъдау æмæ æфсармæй та — сæрыстыр. Мæныл цæуы 82 азы. Бирæ адæмы зыдтон æмæ зонын, фæлæ дзы Астаны хуызæн алцæмæй æххæст кæстæрыл арæх нæ сæмбæлдтæн. Йæхийау ирон æгъдауыл, æфсармыл хæст сты йæ бинойнаг Саутæты Тамилæ, чызджытæ Ларисæ æмæ Ритæ. Бæргæ ма сын сæ хорздзинæдтæ куы федтаид, фæлæ йын адзалы фæндагыл цæугæ æрцыд низы аххосæй. Нæ зæрдæйы рыст тагъд не ссæудзæн, уый зонын, фæлæ йын йæ ном мысынæй дарддæр нæ бон ницы у. Нæ зæрдыл та лæудзæн йæ хорз хъуыддæгтæй æмæ уды парахатдзинадæй. Æз ма зæгъдзынæн уый æмæ, йæхицæн цы нæ бантыст царды, уый хорзæй йæ дзæбæх кæстæртæн сæ къухты бафтæд…

Адæймагæн аргъ кæнын хъæуы, ацы тæригъæдджын зæххыл цы фæд ныууадзы, дзыллæйы номыл цы хорз хъуыддæгтæ саразы, уыдонмæ гæсгæ. Астан цы фарн ныууагъта ацы зæххыл, уый йæ ахæрæты фæндагыл цæуæн бон уæлдай тынгдæр рабæрæг. Адæм ыл куыд зæрдæйæ фæхъыг кодтой, куыд бирæ цæссыг ыл фæкалдтой, цы рæсугъд æгъдау радтой, уый диссаг уыд. Бæргæ, йæ кæстæрты амонды фæндагыл æрвитæн бон ма уæддæр куы федтаид, хъыджы æмæ масты цæссыгты бæсты йын мидбылхудгæ, хъæлдзæгæй, æз фæраздæронæй йæ бирæ æрдхæрдтæ, зонгæтæ, къабæзтæ æгъдау куы лæвæрдтаиккой! Фæлæ, куыд сыгъдæг æмæ фырнымд уыди Дадтеты уæздан Астан, адæмæн хорзы цæугæйæ йæхицæн ницы хорзæх домдта. Афтæмæй йын ацы тæригъæдджын зæхх йæ риу куыд тагъд байтыгъта…

Зындгонд ирон поэт Чеджемты Æхсар йæ рæстæджы ахæм ныхæстæ загъта: «Цæй диссаджы Хуыцауы уарзон у уыцы адæймаг, æмæ йæ чысыл царды бонты дæр йæ адæмæн хорз кæстæриуæг чи бакæны». Кæд ацы хъуыдыты рæстдзинадмæ гæсгæ Дадтеты Астаны цардвæндагæн аргъ скæнæн ис, уæд уыцы амондджын адæймæгтæй иу уыд Астан. Æмæ йæ ном цæрдзæн нæ зæххыл…

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here