Уæрæсейы Федерацийы тæрхондоны пъырыстыфты управленийы РЦИ-Аланийы тæрхондоны пъырыстыфты службæйы уыд пресс-конференци. Службæйы разамонæг, Цæгат Ирыстоны Сæйраг тæрхондоны пъырыстыф КЪЕСАОНТЫ Игорь журналисттæн радзырдта ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнты тыххæй, сæ куысты æнтыстыты æмæ 2019 азы нысанты тыххæй.
Тæрхондоны пъырыстыфты куыст у паддзахадон хицаудзинады ахсджиаг тæрхонадон механизм. Йæ кусджытæ æххæст кæнынц дыууæ сæйраг нысаны — закъонхалджыты ныхмæ тæрхондоны домæнтæ тыхæй æххæст кæныныл кусы æмæ тæрхондæтты архайдæн уавæртæ аразы.
Алы тæрхонадон быцæуы дæр вæййы дыууæ фарсы, æмæ уыдон иумæйаг æвзаг куы не ссарынц, уæд се ‘хсæн бацæуынц тæрхондоны пъырыстыфтæ. Къесаонты Игоры ныхасмæ гæсгæ, сæ сæйраг хæс у, хæлд чи æрцыд, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл цæрæг уыцы физикон æмæ юридикон иуæгты бартæ халыны ныхмæ фидар лæууын, закъон куыд амоны, афтæ.
Æххæстгæнинаг чи уыд, тæрхонадон ахæм хъуыддæгтæ 2018 азы уыд 448 мины æмæ 146, ныхас дзы цы ивартыл цыд, уыдоны иумæйаг бæрц уыд 38 миллиарды 516 милуаны 308 мин сомы. Республикæйы цæрджыты нымæц 700 минæй гыццыл фылдæр йеддæмæ кæй нæу, уый нымайгæйæ, æххæстгæнинаг хъуыддæгты ахæм бæрц у тынг бирæ. Алы тæрхондоны пъырыстыфы дæр афæдзы дæргъы æххæст кæнын бахъуыд 5,5 мин хъуыддаджы. Сæ архайд Къесаонты Игорь банымадта æнтыстджыныл, уымæн æмæ æххæстгæнинаг уыцы хъуыддæгты нымæцæй тæрхондоны пъырыстыфты куысты фæрцы алыхуызон æфсæнттæм гæсгæ кæронмæ ахæццæ кæнæ кæрон æвæрд æрцыд 207 890 хъуыддагæн, уым ныхас цы ивартыл цыд, уыдонæн сæ иумæйаг бæрц уыд 20 миллиарды 220 милуаны 449 мин сомы.
Хæсдарджытæн сæ исбон ахст куы цыд, ахæм хъуыд- дæгтæ 2018 азы уыд 2 837. Сæ исбон тыхæй ист æмæ уæйгонд кæй æрцыд, уый фæрцы æмбырдгонд æрцыд 21 милуан æмæ 934 мин сомы аргъ ивартæ. Хæсдарджыты ныхмæ тыхы мадзæлттæй пайдагонд куы нæ цыд, ахæм цаутæ дæр уыд, æмæ закъонхалджытæ сæхæдæг сæ хæсты ныхмæ сæ исбон уæй кодтой. Афтæмæй, цы ивартæ бафыстой, уыдоны бæрц рауад 1 милуан 836 мин сомы. Уый фæрцы æхгæд кæнæ кæрон æвæрд æрцыд 297 хъуыддагæн.
Хæстæ кæй дарынц, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы арæнты сæрты цæуыны бар æрцыбыр кæныны уынаффæтæ ивгъуыд азы хаст æрцыд 25195 (2017 азы уыдон уыдысты 15 951) уынаффæйы.
Адæмæн сæ куысты мызд бафидыны тыххæй 2018 азы уыд 1186 æххæстгæнинаг хъуыддаджы, куыстдæтджытæ мыздæй цы хæстæ дардтой, уыдоны бæрц уыд 83 милуаны 962 мин сомы. Тæрхондоны пъырыстыфты архайды фæрцы кæрон æвæрд æрцыд 1 132 хъуыддагæн, адæмæн цы æхца бафыстой, уымæн йæ бæрц рауад 70 милуаны 345 мин сомы. Кæронмæ чи нæма ахæццæ, мызд бафидынимæ баст ахæм æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ дæр уыд, æмæ, уыдоны сæххæстыл кусгæйæ, уал адæмæн фыст æрцыд мызды кæцыдæр хай, бæлвырддæр — 2 милуаны 390 мин сомы. Ацы фарстаимæ баст æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ ма сты 50, ныхас дзы цы мыздыл цæуы æмæ, нырма бафидинаг чи у, уымæн йæ бæрц у 9 милуаны 413 мин сомы.
Хæсдарджытæй мызд бафидынæй æппæтæй фылдæр хæстæ дардта Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Кавказы тъунелтæ аразæг компани». Ацы куыстуат мызд бафидынæй хæстæ кæй дары, уыимæ баст æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ уыд 170, хæсты иумæйаг бæрц та — 36 милуаны 640 мин сомы. Æппæт æххæстгæнинаг хъуыддæгтæн дæр æрцыд кæрон æвæрд, кусджытæн сæ мызд бафыстой, куыстуатæн йæ исбон ист æмæ уæйгонд кæй æрцыд, уый фæрцы. Мыздæй дзæвгар хæстæ дарæг иннæ куыстуат — Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Осетия Энергосети». Ацы куыстуат адæмæн сæ мызд кæй нæ бафыста, уыимæ баст æх- хæстгæнинаг хъуыддæгтæ уыд 232, хæсты иумæйаг бæрц та — 15 милуаны 848 мин сомы. Æппæт æххæст- гæнинаг хъуыддæгтæ дæр кæронмæ ахæццæ сты, кус- джытæн сæ мызд кæй ба- фыстой, уымæ гæсгæ
Ныййарæджы хæстæ куыдфæндыйæ чи æххæст кæны кæнæ сæ æппындæр æххæст чи нæ кæны, ахæм дурзæрдæ ныййарджытæ сæ сывæллæттæн алименттæ фидынæй сæхи кæй тылиф кæнынц, уыцы фарста Управленийы разамонæг банымадта, сæрмæ хæссинаг чи нæу æмæ сагъæссаг чи ссис, ныры дуджы ахæм социалон фарстайыл. Алименттæ æрдомыны фæдыл æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ тæрхондоны пъырыстыфтæм ивгъуыд азы уыд 3645, 2017 азимæ абаргæйæ, уыдон фæфылдæр сты. Æххæстгонд кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ кæрон æвæрд æрцыд 1 523 ахæм хъуыддагæн. Сæ æнахъом сывæллæттæ хæссынæн кæнæ сæ æнæбон ныййарджытæ дарынæн алименттæ фидынæй сæхи кæй æмбæхсынц, уымæ гæсгæ ахæм ныййарджыты æмæ кæстæрты ныхмæ ивгъуыд аз арæзт æрцыд 120 уголовон хъуыддаджы Уæрæсейы Федерацийы Уголовон кодексы 157 статьямæ гæсгæ. Алименттæ фидынæй йæхи чи æмбæхсы, 3660 ахæм хæсдарæгæн ивгъуыд аз тæрхондæтты уынаффæтæм гæсгæ цыбыргонд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы арæнты сæрты цæуыны бартæ.
Кредитон организацийы пайдайæн æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ ивгъуыд аз уыдысты 32165, хæсты иумæйаг бæрц уыд 16 миллиарды 300 милуаны 462 мин сомы. Хæстæ фыст кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ кæрон æвæрд æрцыд кæнæ кæронмæ ахæццæ 11496 хъуыддаджы, хæсты иумæйаг бæрцæй фыст æрцыд 9 миллиарды 027 милуаны 520 мин сомы. Артаджы-энергетикон комплексы организацитæй хъармæй, газ æмæ энергийæ куыстуæттæ æмæ хицæн адæймæгтæ цы хæстæ дардтой, уыдонимæ баст æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ тæрхондоны пъырыстыфтæ куыд æххæст кодтой, уымæн дæр æрцыд аргъгонд. Ивгъуыд аз ахæм æххæстгæнинаг хъуыддæгты нымæц уыд 22774, хæсты иумæйаг бæрц та — 3 миллиард сомæй фылдæр. Кæронмæ ахæццæ кæнæ кæрон æвæрд æрцыд 11 066 хъуыддагæн, æмæ уый фæрцы хæстæ фæкъаддæр сты, фыст æрцыд 3 миллиард сомæй фылдæр.
Цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдтæн фидынимæ баст æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ 2018 азы уыд 7 484, хæсты иумæйаг бæрц — 117 милуаны 743 мин сомы. Уыцы хæстæй фыст æрцыд 49 милуаны 780 мин сомы, уымæ гæсгæ кæрон æвæрд æрцыд кæнæ кæронмæ ахæццæ 3 692 хъуыддаджы.
2018 азы 324 хæсдарæджы баййæфтой административон æфхæрд Уæрæсейы Федерацийы Административон барадхæлдтыты кодексы 5.325.1 статьямæ гæсгæ. Æдæппæт тæрхондæттæ равзæрстой административон барад халынимæ баст 263 хъуыддаджы. Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады паддзахадон инспекцийы административон ивартимæ баст æххæстгæнинаг хъуыддæгты нымæц 2018 азы уыд 257340. Иварты иумæйаг бæрц уыд 211 милуаны 683 мин сомы. Кæрон æвæрд æрцыд кæнæ кæронмæ ахæццæ 124981 хъуыддаджы, ивартæй 95 милуаны 399 мин сомы фыст æрцыд.
Адæмы æнцондзинадæн тæрхондоны пъырыстыфты сайтмæ бацæугæйæ кæнæ паддзахадон лæггæдты порталы регистраци скæнгæйæ, ис æнцонæй базонæн, адæймаг хæстæй, ивартæй исты дары æви нæ, уый. Канд уый нæ, фæлæ ацы ран ис уыцы хæстæ бафидыны æнцон гæнæн. Пресс-конференцийы кæронбæттæны Къесаонты Игорь журналистты фæрстытæн радта бæстон дзуаппытæ.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














