Æвæджиауы миниуджытæ
«Æхсызгон мын у, нæ горæтæй рацæуæг зындгонд адæймæгтæн алы афон цыртдзæвæнтæ кæй байгом кодтой, рох кæнын сæ кæй нæ уадзынц, уый. Фæлæ Евгений Вахтанговы, Михаил Булгаковы, æндæр кадджын лæгты æмхуызон цæуылнæ ис нæ ирон драматург Хуыбецты Раяйæн, адæмæн уарзон Годжыцаты Исахъæн ахæм скульптурæтæ сæвæрæн æмбæлгæ рæтты?! Уымæй дæр равдисæн ис, Ирыстоны культурæ, иумæйагæй йæ цардарæзт чи фæрæсугъддæр, фæхъæздыгдæр кодта, уыцы адæймæгтæн кæддæриддæр кад кæй уыдзæн, уый. Æмæ ма — нæ национ хиæмбарындзинад дæр… » дзæуджыхъæуккаг Дарчиты Мурат «Рæстдзинад»-мæ куы æрбацæуы, цы хъуыдытæ, цы фæндæттæ фæбæрæг кæны, уыдонæй иунæг дæр хуымæтæг, уæлæнгай схонæн нæ вæййы.
Бирæ цавæрдæр хъуыддæгтæ йæ сагъæсы æфтауынц, дзæвгар рæстæг æрмæст хи равдисыныл кæй æрвитæм бæстон куыст æмæ архайды бæсты, уый тыххæй дæр иу æмæ дыууæ дæнцæджы не ‘рхæссы. Ахæм куырыхон хистæрмæ хъусгæйæ батыхсы адæймаг, уымæн æмæ дзуаппытæн цы æрхæссай, уый нæ вæййы. Раздæр Фыдыбæстæйыл, иумæйаг нысантыл бацархай, уый фæстæ та дæхи хъуыддæгтæм бавнал — ахæм зондахастыл чи схъомыл, уыдонæн ныры уæлæнгай, талф-тулф, схъиуд, æбæрæг заман зын у цæрын. Уæддæр та цæрæг уды фæфæнды, йæ фæрстытæн иу афон дзуапп райсын… Уый фæрцы дæр ис, хи зондахаст раст у æви нæ, уый тыххæй хатдзæгтæ скæнæн. Уыдæттæ хауынц йæ удыл æппынæдзух чи кусы, йæ алы ныхас æмæ къахдзæф баргæйæ чи кæны, уыцы адæймæгтæм… Гогызау фырхъал æмæ фырбуц чи у йæхицæй, йæ алфамбылай цæрджыты чи нал уыны, уыдонæн уды ахæм тæлфт — æцæгæлон.
…Йæ мæгуыр æвадат цардæй йæхи Мæскуымæ чи райста, ахæм киргизаг лæппу таксийыл кусгæйæ иу æрыгон чызджыбæлццоны æд уæргътæ баласта йæ цæрæн бынатмæ. Ссæдз уæладзыгæй фылдæр кæм уыдис, уыцы хæдзары иу бацæуæнæй бахызт бæлццон. Мæнæ йæ машинæйыл дарддæр ахæца, зæгъгæ, афæнд кодта таксист, уалынмæ фæкомкоммæ, чызгæй йæ хызын кæй ферох ис, уымæ… Хъуыды кодта, ныртæккæ фæстæмæ фæзилдзæн чызг, разгъордзæн йæ дзаума райсынмæ. Рæстæг цыд, «уæд та мæхæдæг фатерæй фатермæ фæзилон æппæт подъездтыл», фæлæ уыцы фæнд дæр фæиуварс кодта…
Аст сахаты дæргъы таксист фæбадт йæ машинæйы, кæд бæлццон зынид, зæгъгæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы чызг дард ранæй ссыд, фæллад уыдис æмæ уайтагъд бафынæй. Изæрдалынгты куы райхъал, уæд бамбæрста, йæ хызын æд документтæ, æд æхца таксийы кæй ныууагъта, уый. Кæуын райдыдта, ныр куыд акæнон, зæгъгæ. Уалынмæ йæ фыд рудзынгæй ракаст, æмæ йæ фæрсы, дæлæ, дам, бынæй, подъезды раз, цы такси лæууы, уый нæу, мыййаг… Чызг рафæдис, фырцинæй таксистæн арфæйы ныхæстæ фæдзырдта, йæ ныййарджытæм, йæ бинонтæм ын Киргизимæ арфæйы фыстæг дæр арвыста. Йæ дисæн кæрон нæ уыд мæскуыйаг чызгæн ахæм хæрзæгъдаудзинад фенгæйæ…
Æрæджы Дзæуджыхъæуы концерттæ лæвæрдта Хъæрæсе-Черкесийы зындгонд фæндырдзæгъдджытæй иу. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй йын йæ зынаргъ фæндыр чидæр концерты фæстæ адавдта. Цы газетты ныммыхуыр кодтой уыцы хабар, уым фысымтæ курынц давæгæй, фæстæмæ дзаума артистæн раттын. Худинаг, дам, у, нæ уазæджы бастыгътам, цы нæ фæхондзæн… «Мæнæ ма мын рæсугъд арфæ ныффысс Михаил Скоковæн, мæ куырдиатæн цы аргъ скодта, йæ зæрдæмæ йæ хæстæг кæй райста, уый тыххæй», — ахæм куырдиатимæ редакцимæ æрбацыд дзæуджыхъæуккаг сылгоймаг Къадзаты Зинæ. Куыд æмæ цæй фæдыл æрхатыдтæ министрмæ, цавæр тыхсдзинады тыххæй, зæгъгæ, йæ куыд нæ хъуамæ бафарстаин. Хорздзинадæн бузныг зæгъын, арфæ ракæнын у рæсугъд ахаст æвдисæг. Фылдæр хатт редакцимæ æрбацæуæг адæм æрдзурынц сæхи риссагдæр фарстатыл, иумæйаг уавæрыл сагъæсгæнджытæ дæр гыццыл нæ вæййынц, фæлæ…
«Азтæ мыл рацыд, искæд бон ме ‘цæг дунемæ араст уыдзынæн… Фæлæ мæ рагæй дæр иу хъуыддаг тыхсын кодта», — дзырдта мын мæ уазæг. Алы адæймаг дæр, чи нал ис, уыцы ныййарджытæ, хиуæтты ингæнтæ æфснайдæй дарын йæ сæйраг хæсыл куыд нымайы, афтæ Къадзаты Зинæ дæр бирæ азты цæуы «дзуддаг» уæлмæрдтæм. «Райсомæй-иу раджы мæ хорз æмбал Реуазты Аллæимæ араст стæм æфснайынмæ æмæиу суанг изæрмæ уым фестæм. Æрыгондæр уыдтæн, мæ мад, мæ фыды ингæнтæ бафснайыны фæстæ-иу Аллæимæ бавнæлдтам, хиуæтты къух кæмæ нæ хæццæ кодта, ахæм æцæгæлон ингæнтæм дæр», — дзырдта йæ мысинæгтæ сылгоймаг.
Куыд бамбарын кодта, афтæмæй йæ хиуæтты ингæнты фарсмæ ныгæд чи уыд, К-ты Галактионы æнусон бынат дæр æфснайдта. Уалынмæ йын йæ цуры баныгæдтой йæ фырт Энверы — мидхъуыддæгты оргæнты кусæг, фæмард фыдгæнæджы уромгæйæ. Уый ингæнмæ дæр зылдис Зинæ. Бынтон ыл йæ зæрдæ уымæн фæрыст, æмæ йæ мæлæт ссардта йæ райгуырæн бон. Цалдæр азы фæстæ ма уыцы ингæнтыл бафтыд йæ мад Людмилæ дæр. Уымæн цырт æвæрд дæр не ‘рцыд.
Зинæ иу рæстæг рынчын хаста, уæлмæрдтæм нал æфтыд, фæлæ куы фæдзæбæх, уæд та æфснайынмæ ацыд. Уæдмæ уыцы æртæ æцæгæлон ингæны пыхсы бын фесты, бæлæстæ дзы сзадис. «Æз куы нæ уал уон, уæд мæ æнусон бынатмæ мæ хæрæфырттæ зилдзысты, фæлæ адон цы бауыдзысты? Ау, Ирыстоны сабыр цард хъахъхъæнгæйæ цы лæппу фæмард, уый ингæн ахæм уавæры цæмæн ис?» — уыцы хъуыдытæ æнцой нæ лæвæрдтой сылгоймагæн. Иу цасдæр рæстæг сын фæагуырдта сæ мыггаджы минæвæртты, Мидхъуыддæгты министрады Ирыстойнаг хайады участковый пъæлицæйаджы дæр ма фæхуыдта уыцы уавæр фенынмæ.
Уыцы æнæ пайда архайдыл рæстæг схардз кæнгæйæ, Къадзаты Зинæ йæ ных сарæзта министр Михаил Скоковмæ. Цыбыр рæстæджы фæстæ йæм уый æрæрвыста йæ кусджыты, иумæ ацыдысты бынатмæ, алцыдæр сын радзырдта, бацамыдта. «Сæйрагдæр цы у? Фыд æмæ фыртæн цы дуртæ æвæрд уыд, раст ахæм сæвæрдтой мадæн дæр, хæрзæфснайд, аив урс къæйтæй бамбæрзтой ингæнты алывæрстæ. Диссаг мæм фæкаст, æрбацæуæг адæймаг — министр мæ хъынцъым уайтагъд кæй бамбæрста, хорз кæстæрау, мæм кæй ракаст, уый. Куыд базыдтон, афтæмæй нырæй фæстæмæ ингæнтæм зилдзысты Ирыстойнаг хайады пъæлицæйы кусджытæ… Бæргæ, æмæ æмхуызонæй нæ уæлмæрдты уавæрмæ куы æркæсиккам, ныр куыд сты, уый сæрмæ æрхæссинаг нæу», — ахæм уыд йæ хатдзæг Зинæйæн.
Ацы фембæлд мын балæвар кодта рæсугъд æнкъарæнтæ, ахæм хъæздыг удыхицауимæ кæй базонгæ дæн, уымæй мыл цыма хорздзинад æрцыд, уыйау. Къадзаты Ефимы чызг Зинæ (йæ ныхасмæ гæсгæ йыл 80 азы цæуы) йæхимæ райста, алы адæймагмæ дæр цы æнæфыст хæстæ хауы, ахæмтæ. Куыд сыл фæархайдта, уый æвдисы адæймаджы æвæджиауы миниуджытæ…
Гæртамисæг, дам, у рынчын, æнæныфс, фæлмæнвад адæймаг…
Уæрæсейы Юстицийы министрады ныртæккæ цæттæ кæнынц «О вынужденной коррупции», зæгъгæ, закъоны проект. Ома, дам, бецау, чиновниктæ, ахæм зын уавæрты бахауынц, æмæ сын гæртам æнæ райсгæ нæ вæййы. Гæртам исæг та, дам, у рынчын, æнæныфс, фæлмæнвад æмæ, дам, æй куыд ис æфхæрæн… Хъуамæ, дам, сын (коррупционертæн) мах тæригъæд кæнæм тæрхæтты бæсты… Закъоны проектыл нырма куыст цæуы… Ахæм либералон, растдæр амонгæйæ та мæнг либералон зондахаст Уæрæсе хъуамæ кæдæм æртæра, ныр дæр уыйас бæллиццаг куы нæу нæ уавæр, уæд?!
Паддзахадон куыстуат «Вертолеты России» йæ уæлдæр корпораци «Ростехæй» райста куырдиат, цæмæй зарæггæнæг Аллæ Пугачевайæн балæвар кæной 40 милуан сомы, йæ зарджытæй иуы вертолеты кæй скодта, уый тыххæй. Æххуысхъуаг, дам, у, концерт цæттæ кæны… Амалхъом, кæнæ хицæн адæймаг кæд йæ кæрцы къæрид лæвар кæны Пугачевайæн, уæддæр уый йæхи хъуыддаг у. Фæлæ кæд паддзахадон куыстуат «нæй», «нæй» кæнгæйæ, йæ пенсийы агъоммæйы кары специалистты куыстæй уæгъд кæны мæгуыр финансон уавæры аххосæй (зæгъæм Хъазаны вертолеттæуадзæн заводы кусджыты), уæд сæм ахæм лæвæрттæн æхца куыд ис?!
Ахъуыды кæн, уæд дзы цыма коррупцийы тæваг нæй, фæлæ адæмы æхца (кæд ма ахæм æмбарынад ис, уæд) нысантыл хардзгонд кæй нæ цæуынц, уымæн цавæр фидауц æмбарынгæнæн ссарæм?!
Хæрзæрæджы Третьяковы галерейæ нæлгоймаг æргомæй, бон-сихорафон радавта Архип Куинджийы ныв. Равдыстыты залы видеоцæстдарды аппаратты фæрцы йæ уайтагъд барадхъахъхъæнджытæ ссардтой, баурæдтой. Юристты ныхасмæ гæсгæ йæм æнхъæлмæ кæсы карз æфхæрд — ахæстоны 15 азы фæбадыны тæрхон. Æмхуызонæй дис кæнынц адæм, йæхи дæр, дам, не ‘мбæхста, ныв æриста æмæ йæ рахаста. Глеб Жегловы загъдау, «Давæг хъуамæ ахæстоны бада». Ау, уæдæ Уæрæсейы хъæфсхъæфсгæнæг бюджетæй 40 милуан сомтæ чи дæтты, уыдонмæ та цавæр номæй бадзурæм?!
Уæрæсейы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдар Алексей Кудрин телеканал «Уæрæсе -Иу»-ы интервьюйы рæстæг радзырдта, паддзахадон корпораци «Роскосмос»-ы цы финансон закъонхæлдтытæ рабæрæг, уыдоны тыххæй. Æдæппæтæй 151 закъонхæлды, æнæбындур хæрдзтæ скодтой 785 миллиард сомæн. Уый у Доминиканаг Республикæйы афæдзы бюджеты бæрц… Раззагдæр цы хъуыддæгтæй уыдыстæм дунейы мидæг, уым афтæ слæмæгъ стæм æмæ ма цыфæнды дугъы куы бацæуæм, уæддæр никæй уал баййафдзыстæм. Китайаг тæхæг космосон аппарат Мæйы къуылдымтæ, дзыхъхъытæ æмæ къуыппытæ тъæбæрттæй дугъгæнгæйæ иртасы, мах ракетæты та куы гайкæтæ нæ базилынц, куы — шайбæтæ. Цыдæртæ, дам, нын нæ фаг кæны куыстæн. Цымæ 785 миллиард сомы уыцы цыдæртæн сæ иу хайæн дæр не сфаг уыдаиккой?!
«Паддзахадон», зæгъгæ, куы фæбæрæг кæнæм, уæд æй æмбарæм, куыд иумæйаг, адæмон. Паддзахадон æхца йæ куыстуæттæй кæцыфæнды дæр æнæхъуаджы куы хардз кæна, уыцыиу рæстæг бюджеты лæзæрд фæрстæ бампъузыны охыл адæмыл цынæхуызон хъалон сæвæрдтой, ахæм нал баззад, фиддонты бæрцытæ ноджы фылдæр фесты… Сæрдæй-зымæгæй дон æртахгай тыххæйты кæмæ «кæлы», ахæм адæймаг мын дзуры, æрбарвыстой, дам, нæм хъалон 1600 сомæн нæ зæхх, нæ цæхæрадон донæй пырх кæныны тыххæй. Цымæ чи æмæ кæд æрзылд хæдзари-хæдзар, федта, чи куыд, кæм æмæ цас пайда кæны донæй, йæ зæхх дæр дзы цас æфсады — уыдæттæ хъуамæ нымад æрцæуой… Æндæр ныцъцъыччытæ кæн, æрфыстытæ кæн æмæ дом! Растдæр у доны хардз æвдисæг нымайæнтæ сæвæрын, уый газæн дæр, фæлæ аппараттæ балхæнын, сфидар кæнын хуымæтæг адæмæн сæ мамæлайы пенситæ æмæ мыздтимæ æгæр стыр хæрдзтæ домынц…
Паддзахадон корпорацитæ бюджетæй хорз фæрæзтæ исынц, фæлæ нысантыл æмбæлынц, æви нæ, уый у сагъæссаг. Кæд «Газпром»-æн йæ хæстæ фарон 3 триллион сомæй ахызтысты, уæд сæ разамындæн æртыккаг кварталы бæрæггæнæнты тыххæй преми рафыстой 2 миллиард сомы…
Гуырысхойаг дæр нæу, «Газпром» йæ хæстæ баххæст кæныны тыххæй бæстæйы разамындæй æхца кæй курдзæн æмæ та сын бюджетæй кæй радих кæндзысты, уый. Нæ зонын, газ зæххы бынæй чи исы, уыцы хуымæтæг кусджытæ цавæр мызд æмæ æфтиæгты хицау сты, уый. Æнцонархайд нæу ацы хъуыддаг, фæллойгæнæг та хъуамæ аккаг мызд иса…
Федерацийы Советы Æмбырдæй Хъæрæсе-Черкесийæ сенатор Рауф Арашуковы барадхъахъхъæнджытæ, йæ къухтыл ын «цæнгдарæнтæ» бакæнгæйæ, кæй рахуыдтой, уæззау фыдракæндтæ скæнынæй йыл гуырысхо кæнгæйæ, уый у нырыккон Уæрæсейы чи нæма æрцыд, ахæм цау. Киноныв «Иван Васильевич меняет профессию»- йы куыд загътой «…И тебя вылечат… И тебя…» — уыйау кæд иннæты дæр фæд-фæдыл рахониккой… Цалынмæ æппæты æрыгондæр сенаторы фыд Рауль Арашуков «Газпром»-æй газ 30 миллиард сомы бæрц нæ адавта, уæдмæ сын, æвæццæгæн, се уæнгты змæлдмæ ничи фæкомкоммæ…
Федерацийы Советы Æмбырды рæстæг уым цы уацхæсджытæ куыстой, уыдоны ныхасмæ гæсгæ, цалынмæ барадхъахъхъæнджытæ комкоммæ Рауф Арашуковмæ бацыдысты, уæдмæ уыцы стыр агъуысты бæстæ бамыр, бындзы базырты змæлд сенатортæм æрвнæрæгау фæкастаид. Цымæ цæмæн?! Алы регионы цæрджытæ дæр тынг хорз зонынц, сæ номæй ахæм бæрзонд хицаудзинады оргæнты чи бады, уыцы адæймæгты. Сæ дæргъ дæр, сæ уæрх дæр. Ау, Рауф Арашуков нырма æнахъом уæвгæйæ Стъараполы крайы закъонаразæг оргæны депутат куы ссис, уæд йæ къухтæ ничи ныццагъта. Адæймаджы амарынæй йæ куы азымджын кодтой, уæд æм йæ фыды æхца æмæ сыгъзæринтæй конд гæрæнты сæрты нæ бауæндыдысты барадхъахъхъæнджытæ?!
Ахæм дæнцæгтæй нырыккон цард æмпæр-пæр кæны. Уæрæсейы Юстицийы министрадæн йæ къухы «О вынужденной коррупции», зæгъгæ, закъоны проект Паддзахадон Думæйы фæрцы сфидар кæнын куы бафта, уæд «Арашуковты пъарод» фæстæмæ сæ бынæттæ бацахсдзысты… Дзантиаты Сергейы тынг чи агуры, уыдон дæр æй нал агурдзысты… Уæдæ куыдтæтæ вæййы?!
Меценаттæ дæр алыхуызон вæййынц
«Мæныл ахæм рæстæг скодта æмæ мæ дыууæ къаннæг сабиимæ уынджы къæйыл баззадтæн… Ницыуал мæм уыдис. Уыдæттæ бавзæрстон, Сомихы нæм тыхджын зæххæнкъуыст куы æрцыд, уæд. Мæхи райстон Цæгат Ирыстонмæ, кæддæриддæр куывтон Хуыцаумæ, куырдтон дзы, цæмæй мæ ма ныууадза, цæмæй мæ бон сывæллæттæн къæбæрваг бакусын уа, уыдæттæ. Ныр мæ къæхтыл фидар слæууыдтæн, кусын, ис мын гæнæнтæ æмæ æхсызгонæй æххуыс кæнын, тыхст цард чи кæны, уыдонæн», — амалхъом Сильвæ Акопян нæ ферох кодта царды фыдæвзарæнтæ, абон йæ архайд у æнтыстджæн æмæ алы аз дæр мин сывæллоны сифтонг кæны скъолайы уæлæдарæсæй…
Æрæджы Æхсæнадон палатæ æнæкоммерцион, æндæр æхсæнадон, хæрзаудæн организацитæ æмæ хицæн адæймæгты схорзæхджын кодта сæ хæрзаудæн архайды, нæ республикæйы æххуысхъуаг, рынчын адæймæгтæн сæ цуры кæй балæууынц, уый тыххæй. Се ‘хсæн уыдис Сильвæ Акопян дæр, уый у æхсæз сывæллоны мад, æнтыстджын амалхъом æмæ хæрзаудæн хъуыддæгтæ æххæстгæнæг. Йæхи кой ракæна, йæхицæй раппæла, уый йæм нæй, æвæццæгæн, йæ ном дæр арæх уымæн нæ хъуысы. Сылгоймаг сæйрагдæр нымайы йæхицæн удыбæстæ скæнын, цы фæллæйттæ йæм хауы, уыдон рæбынты нæ тъыссы, фæлæ дзы бирæтæн циндзинад лæвар кæны.
Филлипинты цæрæг æрыгон лæппу Мэнни Пакьяо райгуырд æмæ схъомыл мæгуыр хъæуы, адæм къæбæрваг бакусынæн сæ сурхид кæм калдтой, ахæм ран. Йæ гыццылæй фæстæмæ уарзта спорт, архайдта боксæй. Сабыргай-сабыргай йæхиуыл бакуыста æмæ æрыгонæй ссис дунейы чемпион. Йæ фыццаг гонорарæй йæ хъæубæсты цæрджытæн сарæзта аив хæдзæрттæ. Нæ ныууагъта спорт, фæстæдæр ма дунейы чемпион ссис аст алыхуызон уæзты дæр. Йæ цардыуаг кæд аивта, уæддæр дзы рохуаты нæ баззадысты йæ хъæубæсты, иннæ ахæм цæрæн бынæтты мæгуыр адæм: дарддæрдæр арæзта хæдзæрттæ йе ‘мбæстæгтæн. Ахæм цаутыл адæймаг дис дæр бакæны æмæ цин дæр. Мэнни Пакьяойы хуызæн адæймæгты фæрцы цард кæны рæсугъддæр, бæллиццагдæр æмæ хуызджындæр…
Дыууæ азы бæрц рацыдаид, нæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ æрыгон меценат Къалаты Артуры тыххæй куы ныффыстой, уæдæй. Дзæуджыхъæуы Кировы уынджы аивадон æрмадзты хицау уæвгæйæ, (цымæ куыдæй?!) Къалайы-фырт уыцы исбон балæвар кодта республикæйæн. Уый фæрцы æрмадзты кусæг нывгæнджытæ, скульптортæ уынджы нæ аззадысты. Ахæм зæрдæйыфæндиаг ракæнды тыххæй йын раарфæ кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
Рæстæг рацыд, куыд рабæрæг, афтæмæй та æрмадзты дуæрттæ хойын райдыдтой пъырыстыфтæ, ома, суæгъд кæнут агъуыстытæ, сæ хицау сæ агуры. Куыд нæ хъуамæ батыхстаиккой нывгæнджытæ, сæ Цæдисы разамынд, республикæйы Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрад ?! Ома, цы ‘рцыд, цавæр хабар у, чи у сæ хицау? Рацæй-рабон æмæ, дам, Къалаты лæппу йæ лæвар гæххæтт (дарственная) фæстæмæ райста æмæ æрмадзтæ ауæй кодта. Кæд æмæ документ фæстæмæ райсгæйæ, исбонимæ æппындæр хъуыддæгтæ аразæн нæй, уæддæр æрмадзтæ ныртæккæ сты æртыккаг адæймæгты къухы, уыимæ — æндæр регионы.
Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймураз мын куыд загъта, афтæмæй тæрхондонмæ балæвæрдтой, фæлæ Къалайы-фырт нырма иу æркастмæ дæр не ‘рбацыд, рынчын кæй у, уый аххосæй. Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Русланы ныхасмæ гæсгæ, Къалаты Артуры митæ тынг зын бамбарæн сты. «Сывæллæттæ ма фæкæнынц афтæтæ, хъазæн йе ‘мбалæн ратты, стæй йæ фæстæмæ байсы. Æмбаргæ, хъомыл адæймагыл уыдæттæ нæ фидауынц», — загъта министр. «Фæдзырдтон æм, бафарстон æй, цæмæн афтæ бакодтай. Мæ бизнес, дам, фæцудыдта, æмæ, дам, мын исбон æнæауæйгæнгæ нæ уыд — ахæм уыд йæ дзуапп», — бамбарын кодта Тедейы-фырт.
— Адæм кæм кусынц, уыцы бæстыхæйттæ куыд ис ауæй кæнæн, уый не ‘мбарын. Мæ бон у зæгъын: мах нæ исбон афтæ æнцонæй нæ ауадздзыстæм, ныртæккæ хъуыддаг æвзарынц тæрхондоны, — загъта Тедеты Руслан.
Меценаттæ, хæрзаудæнгæнджытæ дæр алыхуызон вæййынц. Чидæр йæхицæн удыбæстæ кæны, йæхицæн хæсыл нымайы æххуысхъуаджы цур балæууын, уый тыххæй йæм хатын нæ хъæуы. Царды фæндагыл ахæм адæймæгты уыцы равг, уыцы зондахаст размæ хоны. Къалаты лæппумæ та меценаты номæй куыд ис бадзурæн?!
Фарс бацæттæ кодта Бутаты Эльзæ
















