Демографийы фарстатæм — фыццаградон цæстдард

0
320

 

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав архайдта, Уæрæсейы фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Максим ТОПИЛИН цы селекторон æмбырд сарæзта, уым. Ныхасы рæстæг æркастæуыд национ проект «Демографи» æххæст кæныны фарстатæм. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæджы пресс-службæ.

Цæгат Ирыстонæй селекторон æмбырды архайдтой Хицауады Сæрдары хæдивæг Иринæ Азимова, Хицауады Сæрдары хæдивæг, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан, фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Хуыбиаты Барис, ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина, экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Цориты Алетæ æмæ Адæмæн куыст дæттыны комитеты разамонæджы хæдивæг Цæллагты Марат, æндæр ведомствоты минæвæрттæ.

Æмбырд гом кæнгæйæ, федералон министрады разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй 2018 азы 7 майы Уæрæсейы Президент «2024 азмæ УФ-йы национ æмæ рæзты стратегион нысанты тыххæй» цы Указ бафыста, уый сæйрагдæр уагæвæрдтæй иу у национ проект «Демографи». Министры ныхасмæ гæсгæ, проекты уагæвæрдтæ æххæст кæныны хъуыддаджы стыр куыст бакæнын хъæуы æппæт уæрæсейаг регионты дæр.

Цæгат Ирыстоны кой куы кæнæм, уæд регионы ныридæгæн бæлвырд мадзæлттæ арæзт цæуы демографийы къабазы. Зæгъæм, республикæйы Хицауад æмæ УФ-йы Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрад сфидар кодтой цалдæр сæрмагонд бадзырды. Уыдонæй иуы фæлгæты Цæгат Ирыстонæн федералон бюджетæй радих кæндзысты сæрмагонд фæрæзтæ скъолайы агъоммæ ахуырады кусæндæтты уæлæмхасæн бынæттæ байгом кæнынæн (3 азы кæуыл нæма сæххæст, ахæм сывæллæттæн).

Бæлвырд мадзæлттæ нысангонд цæуы, сывæллæттæ чи хъомыл кæны, уыцы сылгоймæгтæн куысты бынæттæ дæттыны хъуыддаджы дæр. Зæгъæм, РЦИ-Аланийы Адæмæн куыст дæттыны комитет фæндон бахаста, цæмæй сывæллонджын мадæлтæн сæрмагонд курсытæ арæзт цæуой сæ профессионалон дæсныдзинад фæбæрзонддæр, кæнæ сæ æндæр дæсныйæдтыл сахуыр кæнынæн. Уыцы ахуыртæ арæзт цæудзысты «Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны фæдыл» паддзахадон программæйы фæлгæты. Комитеты минæвары ныхасмæ гæсгæ, 2024 азы онг ахæм ахуырадон курсытæм байхъусдзысты 777 адæймаджы бæрц. Уымæй уæлдай, 2019 — 2024 азты æндæр дæсныйæдтыл сахуыр кæндзысты, пенсимæ ацæуыны кары чи нæма бацыд, уыцы адæмы. Ахæм ахуырадон курсыты архайдзысты 150 адæймагæй фылдæр.

Уæлæмхасæн æргом здæхт цæудзæн хистæр кары адæмæн медицинон æххуыс кæныны фарстатæм дæр. Ацы хъуыддаджы ахсджиаг нысаниуæг ис диспансеризаци æмæ æндæр медицинон мадзæлттæн. Фылдæр цæстдард уыдзæн, пенсимæ ацæуыны кары чи нæма бацыд, уыцы адæмы æнæниздзинадмæ дæр.

Æмбырды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй 2019 азы федералон субсидиты фæрцы республикæ балхæндзæн 8 сæрмагонд хæдтулгæйы. Уыцы транспортон фæрæзтæ лæвæрд æрцæудзысты Адæмæн социалон лæггæдтæ кæныны комплексон центртæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм транспортон фрæзтæ хуыздæрæрдæм сахаддзысты социалон лæггæдты центрты куыстыл.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here