Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы бонты æххæст кæны 30 азы, Афганистанæй советон æфсæдтæ куы ракодтой, ууыл. Уыцы историон цауы номарынæн, куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр ныртæккæ арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ.
Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры цы кадджын æмбырд сарæзтæуыд, уырдæм æрбацыдысты Фыдыбæстæйы Стыр æмæ Афганистаны хæстыты ветерантæ, сæ хæдзæрттыл чи нæуал сæмбæлд, уыцы хъæбатырты хиуæттæ æмæ хæлæрттæ, фæсивæд æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Театры бахизæны уыцы бон куыста Афганистаны хæсты цаутыл дзурæг равдыст.
Афганистаны хæст арф фæд ныууагъта нæ бæстæйы историйы, бирæ бинонты цард цæхгæр фæивта. Дæс азы цы хæст цыд, уый бацарæфтыд кодта 15 мин советон салдат æмæ афицеры. Уыцы азты Афганистанмæ сæ интернационалон хæс æххæст кæнынмæ Цæгат Ирыстонæй ацыдысты 1268 адæймаджы. Хъыгагæн, уыдонæй 84 хæстоны нал сыздæхтысты сæ хæдзæрттæм, 115 адæймаджы та фæстæдæр амардысты сæ цæфты фæстиуджытæй. Æмбырды раныхас кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг — республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан.
— 30 азы размæ æрцыд зæрдылдарæн цау — советон æфсæдтæ ракодтой Афганистанæй. Ацы залы чи бады, уыцы адæмæй бирæтæ сæхиуыл банкъардтой уыцы лæгæвзарæн рæстæг. Уыцы хæст зæрдæнкъуысæн уыд хæстонты бинонтæ æмæ хиуæттæн дæр. Не ‘фсæддонтæ æрвылбон дæр сæ удтæн тæссаг уавæрты архайдтой, бирæтæ дзы хъæбатырæй фæмард сты Афганистаны зæххыл. Уыдон махæй рох никуы уыдзысты. Уыцы хæсты ветерантæй ма абон не ‘хсæн чи ис, уыдонæн республикæйы Сæргълæууæджы номæй бузныг зæгъын сæ удуæлдай хъæбатырдзинад æмæ Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинады тыххæй. Фидар æнæниздзинад æмæ амондæй хайджын ут, — загъта Годжыцаты Тамерлан.
Æмбырды кæронбæттæны уыд номарæн концерт.
Нæ уацхæссæг














