Аивадон сфæлдыстад лæгдзинадæй райдайы
Царды дæр æмæ сфæлдыстады дæр хæдæгъдауæй ницы гуыры. Литературон процесс æнгом баст у уидæгты рухс æмæ буары тугдадзинтимæ. Йемæ цыдæриддæр баст ис, уыдон æрдзон хуызы рæзынц мады æвзаг æмæ райгуырæн зæххимæ. Йæ армы фыссæн сис кæмæн “æрбады”, уымæ фыссынады курдиат куы нæ уа, уæд хъуыдыйады уазал дамгъæты цардхъомыс бауадзын йæ бон нæ бауыдзæнис. Аивадон фæлгæсынады арф, уæрæх æмæ бæрзонд алы адæймагæн дæр йæхицæй аразгæ сты. Хъуамæ йæ хъуыдæджы къæбицмæ æнæрлæугæ æрвыст цæуа хъæугæ æрмæг æмæ дзы йæ зондахаст сагъæстæй дзаг кæна. Афтæ куы нæ уа, уæд аивадон æрмæг зæрдæйы нæ агайы æмæ “æрдæгфыхæй” æцæгдзинады тыгъдады ауыгъдæй баззайы. Ахæм уавæры цыфæнды бирæ чингуытæ куы рауадзай, уæддæр сын ницы ахадындзинад уыдзæнис. Хус бæлас — дыргъ нæ дæтты! Æрмæстдæр уидæгты рухс, уидæгты хъарм, уидæгты сой фыссæгæн дæр, бæласау, царды хос дæтты: фыццаг уæлтæмæнад, дыккаг — æнкъарæнтæ, æртыккаг — нывæфтауынад. Уыцы æртæ хорзæхæй иу дæр куы нæ уа дæ удыхъæды, уæд нывгæнæджы æрцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл æрвиты. Хуыцауы фæндæй ирон дзырдаивады арвы бынмæ æстайазыкконтæй фыссæгæн чи райгуырд, уыдонæй иу у ДАУЫРАТЫ Дамир.
Дауыраты Ханджерийы фырт Дамир райгуырдис 1939 азы æртхъирæны мæйы 14 бон Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы районы Хуымæллæджы хъæуы. Астæуккаг скъолайы хистæр кълæстæм куы ахызт, уæд æргомæй сбæрæг, ирон æвзаг æмæ литературæ, стæй историйы уроктæ уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ кæй цæуынц, уый. Рæзгæ уды фæндыд, цæмæй алы бон дæр уыцы дæсныйæдтæй ахуыртæ уыдаиккой, уый. Бирæ уарзта æвзаг, литературæ æмæ историйы ахуыргæнджытæ — Цæлойты Федя, Галазты Æхсарбег æмæ Æгайты Алыксандры. Зæрдиагæй сын тырныдта сæ уроктæм, хъуыста сæ зондджын ныхæстæм. Сæхæдæг дæр æй бирæ уарзтой, разæнгард æй кодтой сфæлдыстадон куыстмæ. Дамир суанг уæды рæстæджы дæр йæхицæн сбæрæг кодта йæ дарддæры фæндаг, æмæ уый тыххæй йæ зондамонджытæй мыггагмæ дæр бузныгæй баззад. Кæд искуы ахуыргæнæг йе скъоладзауæн фæахъаз царды йæхи фæндаг равзарынмæ, уæд Дамирæн ахæм адæймаг разынд Галазты Æхсарбег. Куыд цымыдисæй йæм хъуыста, уый ма абон дæр йæ зæрдыл лæууы: «Куыд зондджын, куыд æппæтзонæг уыдис, Æхсарбег!»
Куыд ферох кæнæн ис, Галазты Æхсарбег Хуымæллæджы астæуккаг скъолайы цы литературон къорд сарæзта, уымæн йæ куысты бæркад. Курдиатджын ахуыргæнæг бæрндзинадæй никуы тарстис æмæ-иу арæх æрбахуыдта сæ хъæуы скъоламæ нæ цытджын æмæ цæстуарзон фысджыты. 1958 азы уалдзæджы Хуымæллæджы астæуккаг скъолайы литературон къорды уазæг уыдис Мамсыраты Дæбе.
Дамиры хæрзгæнджытæй иу уыдис Галазы-фырт, æмæ йын йæ хорздзинад никуы ферох кодта: нæдæр чысылæй, нæдæр карджынæй, нæдæр куырыхонæй. Ахæм арфæйаг бузныг у Дамир Мамсыраты Дæбейæ дæр. Уый йæ канд литературон къорды хуыздæрыл нæ банымадта, фæлæ ма йын йæ фыццаг пьесæ дæр бæстон равзæрста. «Журналы ис,— амыдта дарддæр цытджын драматург,— Дауыраты Дамиры пьесæ «Магусатæ». Йæ сæргондæй дæр бæрæг у, кæуыл фыст у, уый. Нæ фæсивæдæй иуæй-иутæ æвзæр фæахуыр кæнынц астæуккаг скъолаты, сæхи фаг нæ бацæттæ кæнынц институтмæ бацæуынмæ, экзаментæ не сфæразынц, кусын сæ сæрмæ нæ фæхæссынц, фæиппæрд вæййынц фæллойгæнджытæй, фæсивæдæй æмæ сæ магусатæ рауайы. Иу ахæм лæппу — Хасанбегыл фыст у Дамиры пьесæ дæр. «Æхсырф кæрдгæ куы нæ кæна, уæд згæ кæны», фæзæгъынц. Афтæ згæ кæнын райдыдта удæй Хасанбег дæр». Уыцы-иу рæстæг номдзыд фыссæг бацамыдта драмон уацмысæн йæ хъæндзинæдтæ дæр: «Пьесæ йæ аивадон фæрæзтæм гæсгæ нырма лæмæгъ у, сценæйыл сæвæрынæн нæма бæззы…». Æмæ ма сæм æнæмæнгæй бафтыдта, æрыгон фыссæгæн йæ ныфс сæттын чи нæ бауадза, ахæм ныхæстæ «…фæлæ нын æхсызгон у æрыгон авторы тырнындзинад».
Дауыраты Дамиры цард, аивадон сфæлдыстад æмæ æхсæнадон архайдыл куы фæхъуыды кæнын, уæд мæ зæрдыл æрлæууынц йе `рдхорд Хæмыцаты Албеджы æмдзæвгæйы рæнхъытæ: «Лæджы цардæн ис райдайæн, кæрон — / Уый макуы рох кæн а зæххыл, мæ зынаргъ…/ Æз сахуыр дæн … цæрын / Мæ адæмæн сæ цинтæ `мæ сæ хъыгтæй». Абон нæ номдзыд фыссæг йæ 80 азы кары сæрты куы акаст, уæд нæ бон афтæ зæгъын у æмæ йæ буары фæстаг чырæй дæр баст у йæ дзыллæйы сагъæстæ æмæ бæллицтимæ. Æмæ ахæм канд ныр не сси, фæлæ уыд æмæ у йæ райгуырдæй фæстæмæ. Дамир райгуырди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тæккæ хæдразмæ. Дыууæ азы йыл куы сæххæст, уæд йæ фыд Ханджери хъæбатырæй фæмард йæ райгуырæн бæстæйы кад æмæ намыс хъахъхъæнгæйæ. Æнахъом саби кæрæйкæронмæ бавзæрста сидзæры хъысмæты фæлварæнтæ. Рæстæджы фæлгæты иу дуг иннæйы ивта, афтæмæй бахъомыл йæ мад Езинкайы цинæн хуымæллæггаг лæппу Дауыраты хæдзары. Дамир раздæр уыд советон фыссæг, ныртæккæ уæрæсейаг, фæлæ йæ зæрдæ Ирыстоныл никуы сивта. Уæлдæр партион скъола каст куы фæци, уæд ын бирæ гæнæнтæ уыдис стыр горæтты (Киев, Мæскуы, Ростов) хъарм бынат ссарынæн, фæлæ Дауыры-фырт суанг Дзæуджыхъæу дæр нæ равзæрста цæрыны бынатæн — иузæрдионæй баззад йæ райгуырæн Рахизфарсы районыл. Кусгæ дæр уым, цæргæ дæр уым, фысгæ дæр уым, уарзгæ дæр уым, фыдызæххæн лæггад дæр уым…Бирæ ма ссарæн ис ахæм фысджытæ Ирыстоны?!.
Дамиры аивадон-документалон сфæлдыстадимæ дæсгай азты дæргъы зонгæ кæй дæн, уый мын фадат дæтты фыссæджы тыххæй мæ хъуыдытæ æргом зæгъынмæ. Фæлæ та мæ размæ слæууынц ног æмæ ног фарстытæ: «Куыд æй нæ бахъыгдардтой партион æмæ æхсæнадон куысты азтæ йæ удыхъæды аивад æмæ сфæлдыстадмæ уарзты æнкъарæнтæ бахъахъхъæнын?», «Куыд нæ фесæфта йæ удварны мидæг фыссæджы курдиат æмæ рæстдзинадыл тох кæныны æнкъарæнтæ? «Æцæг, ацы фарстытæн дзуапп агурыны бæрн райстон мæхимæ, фыссæгæн йæхи нал бафарстон. Ахæм уавæры мæ хъуыдытæ, фыццаджыдæр, цæуыл сæмбæлдысты, уыдон уыдысты хæдбындур фыссæгæн йæ хæстон сабидуг, фæсхæсты æвзонгад æмæ æхсайæм азты лæппулæгад. Мæнмæ гæсгæ, уыцы фæлварæнтæ дæтгæйæ, йæ ирвæзынгæнæг Хуыцауы хай уыдис фыссынад. Районы газетмæ скъоладзауæй фыссын кæй райдыдта, уый йын тынг баххуыс кодта йæ цахъхъæнтæй раздæр йæ кары бацæуынмæ. Фæсте аззадысты астæуккаг, уæлдæр æмæ партион скъолатæ, цард æмæ сфæлдыстады фæлварæнтæ, фæскомцæдисон æмæ партион архайд, разамонæджы (районы газеты редактор, Сæйраг Советы депутат, Беслæны горæты сæргълæууæг) æмæ æхсæнадон куысты фæстиуджытæ.
Фыссæгæн йæ ном араббаг æвзагыл амоны: цæсгом, раззонд, сусæг æмæ хи хъуыдыкæнынад. Мæнмæ гæсгæ, ацы цыппар миниуæджы хорз амонынц йæ аивадон-документалон прозæйы мидисамад æххæстæй. Рафæлгъауæм-ма йын йе сфæлдыстадон хъуыдыйы хахх бæлвырддæр. Документалон прозæйы хуыз йæ аивадон æрмдзæфы сæвзæрд, рæстæг æмæ дуджы мидæг цы æвæрццæг ивддзинæдтæ æрцыд, уыдоны фæрцы. Уымæ гæсгæ фыссæгмæ ис, йæхи сæрмагонд хицæндзинæдтæ, æмæ йæ прозæйы ацы хуызмæ чи рахизын кодта, ахæм æууæлтæ. Дамиры сфæлдыстады документалон прозæ цы бынат ахсы, уыцы фарстæн иувæрсыг дзуапп ссарын æнцон хъуыддаг нæу, уымæн æмæ автор вазыгджын жанры фæлгæты арæнты мидæг баиу кодта биографион очерк, мемуартæ, мысинæгтæ историон азфысты сыфты æмиуад. Æнæмæнгæй, аивадон-документалон прозæ Дамиры сфæлдыстады у вазыгджын фæзынд: иуырдыгæй уый у, фыссæджы æрмдзæфы цы рацарæзт æрцыд, уый фæстиуæг; иннæрдыгæй та — нæ национ литературон процессы цы ног уагæвæрдтæ фæзынд, уый æвдисæг.
Иу иртасæн уацы мидæг фадат нæй, Дауыраты Дамиры документалон прозæйæн жанры иннæ хуызтимæ цы иудзинад ис, ууыл бæстон æрдзурынæн. Фæлæ зæгъдзыстæм: иу сæ кæны документалон бындур, æрмæджы историон мидис æмæ æрмæджы иртасынады мадзал темæимæ æнгом чи бæтты, уыцы фæрæз. Нæ номдзыд фыссæг, куыд историон, биографион æмæ документалон уацмысты автор, афтæ фыссы бæстон, лæмбынæг сахуыр кæны хъæугæ æрмæг. Иу кæнæ иннæ уацмысы фæлгæты æвæрд цæуынц æцæг историон цаутæ, ранывæсты астæу та — æвæрд цæуы удгоймаджы азфыст. Кæд йæ аивадон радзырдтæ æмæ уацауты мидæг бæрæг дарынц фæлгонцты рæгъы фидар æмиуад, уæд йæ документалон уацмысты та йæхи равдисы зонадон хуызы æнцонæмбарæн æууæлты æрдзон сырæзт. Фыссæджы аивадон-документалон фæндты хал баст цæуы, историон адæймаджы азфыст æвдисыны æцæгдзинадæй чи нæ ахизы, уыцы уавæримæ. Афтæмæй Дамиры аивадон цæстæнгасы бахауы йæ хъайтарты цардæрфыст æгасæй дæр. Уый адыл документалон таурæгъондзинад æнæхъæнæй дæр сног кæны архайджыты цард æмæ сгуыхтдзинад. Уымæй уæлдай ма, фыссæг арæхстджынæй пайда кæны, йæ аивадон фæндтæ æнтыстджынæй равдисынæн хорз чи ахъаз кæны, ахæм миниуджытæ, æууæлтæ, мадзæлттæ æмæ фæрæзтæй.
Дамир æнтыстджынæй каст фæцис канд цалдæр уæлдæр скъолайы нæ, фæлæ «æмгардзинады университет» дæр. Хуымæллæджы скъолайы иу партæйыл бадтысты фидæны номдзыд актер Уататы Бибоимæ. Бирæ цæхх æмæ кæрдзын бахордтой, фæлæ кæрæдзийы хъыджы никуы бацыдысты. Уатайы-фырты зæрдиагæй фæндыд, цæмæй йыл йæ рагбонты хæлар чиныг ныфысстаид, уый. Номдзыд актер æнæнхъæлæджы цардæй куы ахицæн, уæд та йæ»куырдиат» Дамиры зæрдыл ногæй æрлæууыд. Æмæ йæ æххæст дæр скодта 2010 азы, цы æнæхъуаджы хорз чиныг рауагъта, уымæй. Номарæн чиныг ма нын иухатт равдыста, Бибо æмæ Дамиры стыр хæлардзинад кæй иу кодта, уый. Сабийы бонтæй фæстæмæ сæ иузæрдиондзинад никуы фехæлд. Уатайы-фырт Бæтæхъойыхъæуккаг уыд, фæлæ сæм акстæуккаг скъола кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ хистæр кълæсты ахуыр кодта Хуымæллæджы. Уæды рæстæджы чи загътаид æмæ дыууæ сидзæр лæппуйæ ахæм лæгтæ рауайдзæн. Фæлæ хъысмæты афтæ бафæндыд æмæ сæ иуæй номдзыд артист рауад, иннæмæй та — номдзыд фыссæг. Бибо сæ сыгъдæг ахастдзинæдтæ йемæ Мæрдты бæстæм ахаста, Дамир та йын йæ азфыст йæ чиныджы систа намысы бæрзæндтæм. Бибо уыцы номарæн чиныг кæд йæхи цæстытæй нал федта, уæддæр ын йæ лымæнты мысинæгты иумæйаг æмбырдгонд сси монон цыртдзæвæны хуызæн. Чиныгыл кусгæйæ, Дамир йæхицæн æмавтортæ скодта, Зауырбеджы фырты зæрдæмæ хæстæгдæр чи уыдис, уыцы хæлæртты. Æмæ дзы рауадис номдзыд актеры дзыллон фæлгонц. Бибо йæхæдæг бирæ сурæттæ æмæ фæлгонцтæ сарæзта театр æмæ кинойы, — йæхи сурæт снывæндыны хæс та æрхаудта йæ цæдисон æмбæлттæм. Æмæ сæ къухвæллой зæрдæмæдзæугæ кæй рауад, уым ис Дамиры чиныджы аивадон ахадындзинад.
Дамир ирон æмгардзинады бæрнон хæсмæ цы цæстытæй каст, уымæн уырнинаг æвдисæн сты Ходы Камалы ныхæстæ дæр: «Уый, æвæццæгæн, уыдаид 1963 азы. Æз уæд, 22-аздзыд лæппу, кусын райдыдтон Кировы районы радиойы редакторæй (районы центр уæд уыдис Хуымæллæджы). Иу зымæгон изæр мын мæ кусæнуаты дуар бахостæуыди. Мæхи карæн æрыгон лæппу, (æнхъæлдæн, Калоты Виктор уыди) мын загъта: — Дауыраты Дамир мæ дæумæ рарвыста, сæ хæдзары нæм æнхъæлмæ кæсы. Æнæмæнг, дам-иу æй демæ ракæн. Æз Дамиры кой хъусгæ кодтон, фæлæ уыцы заман зонгæ нæма уыдыстæм. — Уагæры мæ цы кæны уыцы æхсызгонæй? — Уазæг, дам, у мах хъæуы æмæ, нын нæ цæхх æмæ кæрдзынæй сахода… Араст дæн хонæджы фæдыл. Дамир нæм, æцæгæйдæр, æнхъæлмæ касти. Ныллæгцар самандур хæдзарæн кæд сæвджынтæ æмæ парахат рахонæн нæ уыди, уæддæр йæ хæрзæфснайдæй зæрдæ рухс кодта. Гомдзых ирон пецы æзфæраздæронæй сыгъдысты хус сугтæ. Дамиры мад Бидугка (рухсы фæбадæд), ныллæггомау, цъæхдзаст, æфсæрмдзæстыг сылгоймаг, уайтагъд нæ разы авæрдта цæхх æмæ кæрдзын: пецы сæрæй райста дзаджджын æртæ чъирийы (уым æвæрд уыдысты, цæмæй хъармæй лæууой, уый тыххæй), сыгъзæринхуыз арахъхъы графин дæр уайтагъд фынгыл февзæрди. Базонгæ стæм, фæбадтыстæм, нæ уарзон æмдзæвгæтæ фæкастыстæм. Хъуыды-ма йæ кæнын: Къостайы, Есенины, Василий Федоровы. Афтæ мæм кæсы, цыма бæрзонд Поэзийы фарн, Æмгары намыс, Æртæ чъирийы хъарм уæдæй нырмæ Дамир хæссы йæ зæрдæйы дæр æмæ йе сфæлдыстады дæр».
Дауыраты Дамирæй йæ лымæнтæ арæх фæзæгъынц: «Хорз адæймаг, хорз сыхаг, хорз æмгар…» Фæстаг азты ма сæм Дамир йе`ппæт цард æмæ сфæлдыстадæй бафтыдта ноджыдæр иу къæпхæн: «Хорз фыссæг!» Æмæ ныр йæ монон мæсыг райста йæ кæронбæттæн хуыз: хорз адæймаг, хорз сыхаг, хорз æмгар, хорз фыссæг». Гъе, фæлæ ахæм саглæг цæмæй у, уымæн йæ зæгъын, бæргæ, æнцон вæййы, йæ ныффыссын та — зын! Ацы хуры бынмæ алчидæр лæгæй цæрынмæ райгуыры: хистæрæн — ныфсы хос, кæстæртæн — фæндагамонæг. Ахæм миниуджытæ æмæ æууæлтæй хайджын чи вæййы, уымæй йæ иубæстон адæм фæзæгъынц: «Лæджы фырт!..» Уый, бæгуыдæр раст у, фæлæ кæд адæймаг ном йæ райгуырдæй фæстæмæ райсы, уæд «лæджы фырты» ном райсынæн æгас цард дæр фаг нæ разыны. Дзыллæйы фарнæн æнæрлæугæ æмуæхск, æмзæрдæ æмæ æмзондæй чи кусы, æрмæстдæр ахæм адæймагмæ æрхауы уыцы фарны ном. Дауыраты Дамир бæрнон æмæ фæлварæн фæндагыл лæуд кæй у, уымæн æз æвдисæн дæн цыппор азæй фылдæр.
Раздæр æй зыдтон фæсаууонмæ, уый фæстæ нæ базонгæ кодта дзырдаивад, абон та — фыдызæхмæ уарзондзинад. Цард æмæ сфæлдыстады фыццаг бонтæй фæстæмæ фыссæг йæхи афтæ æнкъары, цыма йæ иубæстон адæмæй уымæй стырдæр хæс ничи дары. Афтæмæй та йæм цард йæ мидбылты никуы худти. Бирæ зæгъинæгтæ хаста йæ сидзæр зæрдæйы мидæг. Суанг иуæй-иу хатт афтæ дæр фæкæсы: Дамирæй фыссæг куы нæ рауадаид, уæд уыцы зæгъинæгтæ адæмы рæгъмæ куы нæ рахастаид, уæд сæ уæзæй йæ уд йæ къæхты бынæй атахтаид.
Фыссæгмæ зæгъинæгтæ куы нæ уа, уæд уый мæгуыр у: йæхи дæр хурхæй мары æмæ йæ чиныгкæсæджы дæр. Дамир йæ зæгъинæгтæ фембырд кодта сабийы бонтæй фæстæмæ. Хистæрты зондæй «рæдиаг» кæй уыдис, уый йæ сæвæрдта раст фæндагыл царды дæр æмæ литературæйы дæр. Йæ ныййарджытæ йын гуырдзæй стыр бынты хордзен ныууагътой — хæрзæгъдауджын удыхъæд. Цæргæбонты, дæллаг галау, фæхаста уыцы уæззау уаргъ æмæ мын зын у, зæгъгæ, никуы схъæрзыд. Уый уымæн афтæ рауад, æмæ йын хъысмæт йæ ныййарджыты удварны лæвармæ бафтыдта фыссæджы амонд æмæ хъæубæсты фарн. Уый адыл йæ миддуне фидар къæхтыл слæууыд. Нæ фыдæлтæ дæр адæймагæн ахæм æууæлтæм гæсгæ аргъ кодтой, уымæн æмæ фарны комулæфт кæмæ нæ хæццæ кæна, уымæ нæдæр æгъдау ис, нæдæр æфсарм. Хæрзæгъдауджын адæмы æхсæн абон дæр афтæ у: мин цæсты æмæ сын мин хъусы ис; цæстæй цы нæ феной, уый æрцахсдзæн сæ хъусдард. Мæрдты сыгъзæрин талатæ суадзой нæ кадджын фыдæлтæ, цы диссаджы æгъдæуттæ нын ныууагътой! Куыд дардмæ уыдта сæ цæст, куыд дардмæ æххæссыд сæ хъуыды!
Дамир ацы зæххыл цæры сæ фарнæй, амондджын дæр у сæ кад æмæ радæй. Йæ иузæрдион адæммæ цы рæсугъд зæрдæ дары, уый йын кæддæриддæр уыдис фæндагамонæг стъалыйы хуызæн. «Ирыстоны намыс”-ы майдан дæр ын хуымæтæджы нæ саккаг кодтой. Абон фыдызæххы ахæм лæгтæ тынг хъæуынц. Дауыры-фырты зæрдæбынæй уарзынц æппæт Ирыстоны дæр, йемæ аразынц фембæлдтытæ алы рæтты. Дзыллæтæ йæм уымæн тырнынц, æмæ сæ Дамир хоны хъуыды кæнынмæ. Хъуыды чи кæны, уый та рæдигæ нæ кæны. Фыссæджы сфæлдыстады иннæ хорздзинад та уый мидæг ис, æмæ æнæрлæугæ сиды раст дзырдæй ивгъуыдæн аргъ кæнынмæ. Царды рухс фидæнмæ тырнын та у йæ хуыздæр арфæ йæ иубæстон дзыллæйæн.
Дауыраты Дамирæн царды дæр, куысты дæр, сфæлдыстады дæр йæ къухы бирæ æнтыстытæ бафтыд. Амад фæцис йæ монон мæсыг (хорз адæймаг — хорз сыхаг — хорз æмгар — хорз фыссæг), акасти йæ æстай азы сæрты, «балыстæг» кодта фарæстæм дæсазон, фæлæ уæддæр, куывддон лæгау, фæзæгъы: «Нырма фæндагыл лæуд дæн, бирæ фæндтæ, бирæ нысæнттæ мæм ис нырма…» Гъемæ йын уæлдайджынæй куыд бантысой, ахæм амонд ын Ныхасы Уастырджийы цæст бауарзæд!
ХОЗИТЫ Барис














