Ирыстоны инвестицион проекттæ — Сочийы форумы

0
367

 

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславы разамындæй республикæйы официалон делегаци ацы бонты архайы Уæрæсейы инвестицион форум «Сочи- 2019»-ы. Делегацийы сты: республикæйы премьер-министр ТУСКЪАТЫ Таймураз, Хицауады Сæрдары хæдивæг — УФ-йы Президенты цур Цæгат Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар ДЗАНАЙТЫ Барис, экономикон рæзты министр ТОМАЙТЫ Хъазыбег æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы пресс- службæ.

Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны экспозицийы æвдыст цæуынц цымыдисаг инвестицион про- екттæ туризмы, агропромышленнон комплексы, арæзтадон æрмæджыты рауагъды, стæй æндæр къабæзты. Уымæй уæл- дай, мыхуырон æмæ видео æрмæджыты фæрцы Цæгат Ирыстоны стендтыл æвдыст цæуы республикæйы экономикон хъомыс. Форумы райдайæны агъоммæ Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй йæ зæрдæ дары, ахæм уæрæх æмбырды архайд республикæйы дарддæры рæзтæн ахъаз кæй уыдзæн, ног хъæппæристæн бындур кæй æрæвæрдзæн, инвестортиммæ ног бадзырдтæ сфидар кæнынæн фадат кæй ратдзæн, ууыл.

— Æппæт хъарутæй бацархайын хъæуы, цæмæй инвесторты цæсты Цæгат Ирыстоны кад бæрзонддæр кæна, цæмæй амалхъомады минæвæрттимæ не ‘мгуыстад хъомысджындæр уа. Зæгъæм, нæ республикæйы хорз фадæттæ ис туристон-рекреацион комплексы райрæзтæн, хорз гæнæнтæ ис экономикæйы райрæзтæн. Мах æппæтдæр аразæм, цæмæй инвестортæ нæ республикæйы сæхи хорз æнкъарой, цæмæй дызæрдыг ма кæной, сæ инвестицитæ хъахъхъæд кæй цæудзысты, ууыл, — загъта Битары-фырт.

Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй Цæгат Ирыстоны делегацийы уæнгтæн форумы уыдзæн цалдæр ахсджиаг фембæлды федералон министрадтæ æмæ ведомствоты минæ- вæрттимæ, паддзахадон, инвестицион æмæ куыстадон компаниты разамонджытимæ.

Форумы фыццаг бон Битарты Вячеслав архайдта энергетикон хæдзарады райрæзты фарстаты фæдыл «тымбыл стъолы» куысты, уый фæстæ интервьютæ радта дзыллон ин- формацийы федералон фæрæзтæн. Уыцы бон республикæйы Сæргълæууæгæн кусæг фембæлд уыд федералон ахуырадон центр «Сириус»-ы разамонæг Еленæ Шмелеваимæ. Фембæлды рæстæг æркастысты республикæ æмæ ахуырадон центры æмгуыстад фенгомдæр кæныны фарстамæ.

Фæстæдæр Республикæ Цæгат Ирыстон-Ала- нийы экспозици бабæрæг кодта УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведев. Республикæйы разамонæг Уæрæсейы Хицауады Сæрдарæн бæстон радзырдта, Цæгат Ирыстон форуммæ цы проекттæ бавдыста, уыдоны тыххæй. Куыд загъдта, афтæмæй экономикæйы алы къабæзты республикæ бацæттæ кодта 32 инвестицион проекты.

Абон инвестицион форум дарддæр йæ куыст кæны.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here