«Хæзнадон»

0
450

 

Зындгонд фыссæг, бирæ премиты лауреат, Букеры номыл дыууæ хатты финалист Черчесты Аланы ном хорз зонгæ у, куыд Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы æмæ бирæ фæсарæйнаг бæстæты прозæуарзаг дзыллæтæн. Йæ фыст прозаикон уацмыстæ — радзырдтæ, уацаутæ æмæ йын йæ романтæ кæсынц стыр æхсызгонæй.

 

Æрæджы та Черчесты Аланæн уырыссаг æвзагыл мыхуыры рацыд йæ ног чиныг «Хæзнадон». Автор уырдæм бахаста йæ ног фыст радзырдтæ: «Æмæ уыдзæн сæрд», «Уæлдæфы сакъадах», «Рухсы тахт нырма кæрон нæу», «Уарзт æмæ сайды алæмæт», «Æнæнхъæлæджы хуызист», «Æндæр къах», «Цæф æнгуылдз» æмæ йæ уацау «Хæзнадон».

Авторæн ис хъæздыг æмæ нуарджын æвзаг. Йæ уацмысты ирд æмæ бæлвырдæй æвдисы нæ абоны æмæ ивгъуыд цардыуаджы хабæрттæ. Арæхстджынæй пайда кæны адæмон фольклорæй. Йæ алы уацмыс дæр чиныгкæсæджы бафтауы арф философон хъуыдытыл. Йæ чиныджы хъайтартæ сты цыргъзонд æмæ юморæй хайджын. Уый, æцæгæйдæр, афтæ кæй у, уый тыххæй æрхæсдзыстæм йæ радзырд «Скорость света — еще не предел»-æй иу ахæм скъуыддзаг: «Мексикæйы ахуыргæндтæ хъуамæ схызтаиккой иу хохы бæрзæндмæ. Бынæттон цæрджытæй сын иу къордæй сæ фæстæ хастой сæ хæссинæгтæ. Фæлæ уыдон иу рæстæг æваст æрлæууыдысты æмæ иу цалдæр сахаты сæ фæллад суадзыны тыххæй æрбадтысты зæххыл. Уый фæстæ та уайтагъд сæ бынæттæй фестадысты æмæ дарддæр цыдысты ахуыргæндты фæстæ. «Цы хабар у?” — фæрсынц сæ ахуыргæндтæ. «Мах æгæр тагъд цыдыстæм, æмæ нæ нæ удтæ кæй не ‘ййæфтой, уымæ гæсгæ сæм æнхъæлмæ кастыстæм…»

Чиныгкæсджытæ уæлдай æхсызгондæрæй бакæсдзысты Черчесты Аланы ног уацау «Хæзнадон». Уым автор, уырыссаг хъæздыг æмæ юмористон æвзагæй пайда кæнгæйæ, арæхстджынæй равдыста Болгарийы цæрæг адæмы ивгъуыд историйы æмæ абоны цардыуаджы хабæрттæ. Йæ алы дзырд æмæ рæнхъ дæр арф хизынц чиныгкæсæджы зæрдæмæ. Ис дзы бирæ ахæм бынæттæ, æмæ æнæ фæхудгæйæ кæй нæ бакæсдзынæ.

Черчесты Аланы ацы ног чиныг «Хæзнадон» дзурæг у ууыл, æмæ, авторæн йæ къухы кæй бафтыд, адæмы зæрдæтæм уæрæх фæндаг чи ссардзæн, ахæм мидисджын уацмыстæ ныффыссын. Нæ зæрдæ йын зæгъы, цæмæй амæйфæстæмæ дæр йæ къухы æфтой ног æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ.

 Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here