Афганистаны хæсты архайджытимæ фембæлд

0
424
Baghlan province Afghanistan may 2013: Girls cross the bridge in Kalanyozar in Baghlan province. As part of its community outreach program, Afghan Gold and Minerals has donated a school bus to the area that shuttles children from several villages to this school all year round.

 

Афганистанимæ арæн кæуыл цæуы, 1989 азы 15 февралы уыцы цæугæдоны сæрты Хæлардзинады хидыл не ‘фсæддонтимæ Советон Цæдисмæ æрбаздæхт фæстаг бронетранспортер. Æфсæддонты егъау къорды фæстаг хæдтулгæйы цыд 40-æм æфсады командæгæнæг, Советон Цæдисы Хъæбатыр, инæлар-лейтенант Борис Громов, æмæ афтæмæй 9 азы 1 мæй æмæ 18 боны ахæссæг Афганистаны хæст фæци.

Афганистанæй советон æфсæдтæ ракæныны 30 азы кадæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы сарæзтой дзыллон мадзал «Зæххы къорийы дохтыртæ — сабырдзинады фарс!» Кадджын æмбырды архайджыты æхсæн уыдысты афгайнаг хæсты архайæг раздæры æфсæддон дохтыртæ: ахуыргæнæндоны кафедрæты ныры разамонджытæ Беслехъоты Уырызмæг æмæ Теблойты Михал, Дзæуджыхъæуы æфсæддон госпитæлы хистæр хирург Мусабек Муталибов, медицинон службæйы булкъон Кокойты Михал, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады раздæры министр, Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы ныры директор Реуазты Таймураз, медакадемийы проректор Бутаты Таймураз æмæ æндæртæ. — Интернационалон хæс баххæстгæнæг, хъæбатырдзинад равдисæг афгайнаг хæсты архайджытæн — бузныг. Афганистаны хæст нæ бæстæйыл бæлвырд фæбæрæг, — ныхас кæнгæйæ, загъта Медакадемийы ректор Олег Ремизов. Ахуыргæнæндоны разамонæг афгайнаг хæсты æппæт архайджытæн дæр радта бузныджы фыстæджытæ, студенттæ та æвирхъау афгайнаг цаутæм гæсгæ равдыстой мидисджын литературон композици. Фæсарæйнаг бæстæйы хæсты архайæг лæппу йæ мадмæ кæй барвыста, уыцы фыстæг æмбырды архайджыты зæрдæтæ уæлдай тынгдæр фæцагайдта:

«Поседевших мам и пап все меньше,

Все они уходят в мир иной…

А сынок в граните остается,

Остается вечно молодой

Æрбацæуæг адæмæй алчидæр ацы рæнхъыты æрхæндæгдзинад банкъардта.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here